Ӕнгом ӕмархайды 11 азы

0
319

Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстон дипломатон ахастдзинӕдтӕ куы сфидар кодтой, уӕдӕй нырмӕ дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн ӕмгуыстад рӕзы ӕппӕт къабӕзты дӕр.

Уый тыххӕй Цхинвалы сӕ пресс-конференцийы рӕстӕг радзырдтой республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитри ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕххӕстбарджын минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.

Медойты Дмитри журналистты зӕрдыл куыд ӕрлӕууын кодта, афтӕмӕй дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн уӕрӕх ӕмӕ ӕнгом дипломатон ахастдзинӕдтӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2008 азы 9 сентябры. Уӕд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадтӕ разыйы дзуапп радтой дипломатон ахастдзинӕдтӕ сфидар кӕныны тыххӕй. Уӕдӕй нырмӕ рацыд 11 азы.

«Уыцы рӕстӕгмӕ дыууӕ бӕстӕйы ахастдзинӕдты ӕрцыд бирӕ ахсджиаг ӕмӕ арфӕйаг цаутӕ. Уыимӕ, 2015 азы Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмцӕдисондзинад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл стыр бадзырд куы сфидар кодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы ахастдзинӕдтӕ схызтысты ноджы бӕрзонддӕр ӕмӕ ӕнгомдӕр къӕпхӕнмӕ. Уымӕн ӕвдисӕн — ӕмархайды фарстыты фӕдыл дыууӕ бӕстӕйы министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕтӕ, регионтӕ ӕмӕ хицӕн компанитӕ ӕмгуыстады фӕдыл кӕй бафыстой, уыцы бадзырдтӕ», — фӕнысан кодта Медойы-фырт.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хъуыдыимӕ сразы Марат Кулахметов дӕр. «ӕппӕт сӕвзӕргӕ фарстыты фӕдыл дӕр ӕнгом ӕмархайд кӕнӕм. Нӕ бастдзинӕдтӕ аххӕссыдысты цардарӕзты ӕппӕт къабӕзтыл дӕр, ӕмӕ ныртӕккӕ цы бадзырдтӕ ӕххӕст кӕныныл кусӕм, уыдоныл ма хӕстӕгдӕр рӕстӕг бафтдзӕн», — бафиппайдта Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар.

(«Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here