Амалхъомады райрӕзтӕн — уӕлӕмхасӕн фадӕттӕ

0
443

Акционерон ӕхсӕнад «МСП-банчы» хайад Цӕгат Ирыстоны байгом кӕныны фарстыл ныхас цыд, РЦИ-Аланийы Хицауады хӕдзары цы кусӕг фембӕлд уыд, уым. Архайдтой дзы Цӕгат Ирыстоны премьер-министр Тускъаты Таймураз, республикӕйы экономикон рӕзты министр Томайты Хъазыбег ӕмӕ банчы бӕрнон кусджытӕ — Арсан Демельханов ӕмӕ Темур Казиев.

Фембӕлды рӕстӕг куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй «МСП-банчы» хайад Дзӕуджыхъӕуы кусын куы райдайа, уӕд фылдӕр фадӕттӕ фӕзындзӕн чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады райрӕзтӕн, уымӕн ӕмӕ ацы кредитон организаци уӕрӕх архайы алыхуызон бизнес-проекттӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы. Фӕстаг азты бӕстӕ ног ахадгӕ национ проекттыл кусын кӕй райдыдта, уыцы ӕууӕл ноджы бӕрнон хӕстӕ ӕвӕры чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады организацитыл.

«МСП-банчы» правленийы сӕрдары хӕдивӕг Арсан Демельханов куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй банк цӕгатирыстойнаг амалхъомтӕн кӕндзӕн ӕппӕтвӕрсыг консультацион ӕмӕ методикон ӕххуыс. «Нӕ специалистты дӕсныдзинад ахъаз у алы нысаны кредиттӕ исыны ӕмгъуыд зынгӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн, банчы лӕггӕдтӕй ахадгӕдӕр хуызы спайда кӕнынӕн. Ӕфстӕуттӕ дӕттынӕй уӕлдай, нӕ специалисттӕ сӕ цӕст дардзысты, ӕвзӕрст бизнес-проекттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕ дӕр. Уыимӕ, нӕ зӕрды ис республикӕйы Экономикон рӕзты министрадимӕ ӕнгом ӕмархайд кӕнын», — йӕ ныхасмӕ бафтыдта Арсан Демельханов.

Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдар уазджытӕн бӕстон радзырдта 2030 азмӕ РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рӕзты стратегийы уагӕвӕрдты тыххӕй. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы стратегийы нысантыл кусгӕйӕ, ахсджиаг уыдзӕн алыхуызон финансон структурӕты ӕххуыс республикӕйӕн. Тускъайы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон рӕзты проекттӕ цы къабӕзты бацӕттӕ кодта, уыдонӕй иу у туризм. Ацы къабазы куыст цӕудзӕн цымыдисаг инвестицион проекттыл ӕмӕ хорз уаид, уыдонмӕ дӕр банк йе ‘ргом куы аздахид, уӕд. «Цӕгат Ирыстон ӕмӕ «МСП-банчы» ‘хсӕн ӕмгуыстад рӕзты фӕндагыл кӕй ис, уый хорз у. Республикӕйы Экономикон рӕзты министрад цы ӕмархайды проекттыл кусы, уыдон ахъаз уыдзысты дардмӕмгъуыдон ӕмгуыстадӕн», — кӕронбӕттӕны фӕнысан кодта Тускъаты Таймураз.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ

Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here