Национ проекттӕ: ӕппӕт арӕзтӕдтӕ дӕр — нысангонд ӕмгъуыдтӕм

0
332

Национ проекттӕ ӕххӕст кӕныны фӕткмӕ гӕсгӕ цы ахсджиаг социалон объекттӕ арӕзт цӕуы, уыдоныл куыст ахсджиаг фӕлварӕн суыдзӕн ӕххӕстгӕнӕг хицаудзинад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтӕн. Куыстыты ӕнтыстджын цыдыл цы ӕууӕлтӕ ахады, уыдоны сӕйрагдӕртӕй иу у заказгӕнджытӕ ӕмӕ подрядчикты ӕрвылбоны ӕмархайд.

Ахӕм хъуыды загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, инспекцион балцимӕ Горӕтгӕрон, Рахизфарсы, ӕрыдон ӕмӕ Алагиры районтӕ бабӕрӕг кӕнгӕйӕ. Алкӕцы муниципалитеты дӕр Тускъайы-фырт сарӕзта, профилон министртӕ, хицаудзинады бынӕттон оргӕнты разамонджытӕ ӕмӕ подрядон организациты минӕвӕрттӕ кӕм архайдтой, ахӕм ӕмбырдтӕ. Уым ма иу хатт фӕбӕлвырд кодтой арӕзтадон куыстыты цыды фӕтк.

— Национ проекттӕ сты регионы дарддӕры райрӕзты ахсджиаг фӕрӕз. Проектты уагӕвӕрдтӕ цас бӕстондӕр ӕххӕст кӕнӕм, уый бӕрц хуыздӕр кӕндзӕн республикӕйы социалон къабазы уавӕр, — загъта Хицауады Сӕрдар.

Районтӕм ацӕуыны размӕ уал Тускъайы-фырт йӕ хӕдивӕг Икъаты Русланбегимӕ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы администрацийы минӕвӕрттимӕ бабӕрӕг кодта цалдӕр арӕзтадон фӕзы горӕты. Сӕрмагонд ӕргом аздӕхтӕуыд ахуырадон кусӕндӕттӕм. Зӕгъӕм, Дзӕуджыхъӕуы ныртӕккӕ арӕзт цӕуынц ӕртӕ скъолайы — 18-ӕм микрорайоны — 500 бынатӕн, 19-ӕм микрорайоны — 1100 бынатӕн ӕмӕ 32-ӕм микрорайоны — 550 бынатӕн. Ӕппӕт объектты дӕр куыстытӕ цӕуынц рагагъоммӕ фидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ.

Горӕтгӕрон районы инспекцион къорд уыдысты Майскӕйы, Куырттатӕ, Октябрыхъӕуы ӕмӕ федтой, амбулатори, фелсырон-акушерон пункт ӕмӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕтты уӕлӕмхасӕн бӕстыхӕйттӕ куыд арӕзт цӕуынц, уый. Октбярыхъӕуы уӕвгӕйӕ, Хицауады Сӕрдар йе ‘ргом аздӕхта, бынӕттон парчы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ куыд цӕуынц, уымӕ дӕр.

Уырдыгӕй инспекцион балцы архайджытӕ сӕ фӕндаг акодтой Рахизфарсы районмӕ. Уым дӕр районы сӕргълӕууӕг Фрайты Сосланимӕ ӕрзылдысты ахсджиаг социалон объекттыл. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй аразджытӕ ӕппӕты хуыздӕр архайынц Беслӕны 1-ӕм рӕвдауӕндоны уӕлӕмхасӕн бӕстыхайы бынаты. Ахӕм уӕлӕмхасӕн бӕстыхай арӕзт цӕуы 2-ӕм рӕвдауӕндоны дӕр, фӕлӕ уым куыстытӕ фӕрӕвдздӕр кӕнын хъӕуы. Хицауады Сӕрдар бабӕрӕг кодта Фарныхъӕуы дӕр. Уым та бындуронӕй цалцӕггонд цӕуы бынӕттон Культурӕйы хӕдзар. Аразджыты архайдмӕ фаутӕ не ‘рхастӕуыд, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕнынц графикмӕ гӕсгӕ.

Ӕрыдоны районы ахсджиаг объектты номхыгъды ис Центрон рынчындон дӕр. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ныртӕккӕ уым цӕуынц бындурон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Медицинон кусӕндоны бӕстыхӕйттыл ӕрзилгӕйӕ, Тускъайы-фырт разыйӕ баззад аразджыты архайдӕй. Пъланмӕ гӕсгӕ арӕзт цӕуы ӕрыдоны 5-ӕм рӕвдауӕндоны уӕлӕмхасӕн бӕстыхайы арӕзтад дӕр. Подрядчик зӕрдӕ бавӕрдта, ноябры кӕронмӕ объект цӕттӕ кӕй уыдзӕн, уымӕй. Нартыхъӕуы Культурӕйы хӕдзары цалцӕджы дӕр къуылымпытӕ нӕй.

Алагиры районы разамонӕг Бутаты Арсен ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Гозымты Роман дӕр инспекцион къорды уӕнгтӕн фенын кодтой районы социалон объектты цӕттӕдзинады къӕпхӕн. Зӕгъӕм, Алагиры рӕвдауӕндӕтты дӕр тагъд фӕзындзысты ног бӕстыхӕйттӕ. Зӕгъӕм, 7-ӕм рӕвдауӕндоны ныртӕккӕ хъомыл кӕнынц 240 сывӕллоны. Рӕвдауӕндоны уӕлӕмхасӕн бӕстыхай куы сцӕттӕ уа, уӕд ма йӕ хъомылгӕнинӕгтыл бафтдзӕн 55 сывӕллоны. Ног бӕстыхайы арӕзтады проект цӕттӕ у, кӕронмӕ алыг кӕнын хъуыд донуадзӕн коммуникацитӕ аразыны фарст дӕр. Уавӕрмӕ ӕркӕсгӕйӕ, Тускъаты Таймураз районы разамынд ӕмӕ профилон ведомствӕты минӕвӕрттӕн бахӕс кодта, цӕмӕй иумӕйаг уынаффӕ бакӕной.

— Бынӕттон хицаудзинады оргӕнты ‘рдыгӕй хъуамӕ иудадзыг цӕстдард уа цалцӕггӕнӕн ӕмӕ арӕзтадон куыстыты цыдмӕ, цӕмӕй объектты уа фаг кусӕг тых ӕмӕ техникӕ, цӕмӕй ифтонг уой ӕппӕт хъӕугӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй. Ӕппӕт арӕзтӕдтӕн дӕр цы фӕрӕзтӕ нысангонд ӕрцыд, уыдон бюджетӕй афойнадыл дихгонд цӕуынц. Уыимӕ, ӕппӕт сӕвзӕргӕ иннӕ фарстытӕ дӕр республикӕйы Хицауад афойнадыл лыг кӕндзӕн, — йӕ балцӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, фӕнысан кодта Тускъаты Таймураз.

Дойаты Алан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here