Цӕмӕй вагӕттӕ цалцӕггӕнӕн заводы архайд хъомысджындӕр уа

0
315

Дзӕуджыхъӕуы вагӕттӕ цалцӕггӕнӕн заводы архайд фӕхъомысджындӕр кӕнынӕн цы мадзӕлттӕ саразын хъӕуы? Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл ныхас цыд, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, вагӕттӕ цалцӕггӕнӕн заводы цехтӕ бабӕрӕг кӕныны фӕстӕ цы уӕрӕх ӕмбырд сарӕзта, уым.

Заводы цехты ныртӕккӕ цы архайд цӕуы, уыимӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ йемӕ уӕвӕг бӕрнон кусджыты базонгӕ кодта куыстуаты генералон директор Касаты Валери. Цӕлхытӕ, уӕзласӕн ӕмӕ бӕлццӕттӕ ласӕн вагӕтты цалцӕджы цехты уавӕрмӕ ӕркӕсгӕйӕ, Битары-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй бӕстыхӕйтты иу хай у бындуронӕй рацаразинаг. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, заводы чи фӕллой кӕны, уыцы адӕмы куыстӕн хъуамӕ уа ӕппӕт хъӕугӕ фадӕттӕ дӕр.

Ацы ӕмӕ иннӕ фарстытыл ныхас адарддӕр, фысымтӕ ӕмӕ уазджытӕ куыстадон участоктыл куы ӕрзылдысты, уый фӕстӕ ӕмбырды.

— Зындгонд куыд у, афтӕмӕй вагӕттӕ цалцӕггӕнӕн завод у акционерон ӕхсӕнад «Уӕрӕсейы ӕфсӕнвӕндӕгты» дӕлбар, фӕлӕ  махӕн уӕлдайаг нӕу йӕ хъысмӕт. Цӕгат Ирыстоны разамындӕн ахсджиаг у, цӕмӕй завод ӕппӕт хъарутӕй куса, дарддӕр дӕр рӕза йӕ хъомыс. Куыстуатӕн ис рагон ӕмӕ хъӕздыг истори, зындгонд фӕллойадон традицитӕ, ӕмӕ йын йӕ кад ӕрмынӕг кӕнын бауадзӕн нӕй, — йӕ раныхасы фӕнысан кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг.

Касаты Валери куыд радзырдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ заводы куыстад рӕзы. Зӕгъӕм, азы райдайӕны куыстуат акционерон ӕхсӕнад «Бӕлццӕттӕ ласӕн федералон компани»-имӕ бафыста 97 вагоны цалцӕджы фӕдыл бадзырд. Фидӕн азы та компани Дзӕуджыхъӕумӕ цалцӕг кӕнынмӕ сӕрвитдзӕн 130-140 вагоны.

Уымӕй уӕлдай, Касайы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ фарст ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй завод ӕххӕст кӕна ӕндӕр техникӕйы цалцӕг дӕр. Зӕгъӕм, уӕрӕсейаг регионты цы электричкӕтӕ кусы, уыдоны зынгӕ хай бындуронӕй цалцӕггӕнинаг у, ахӕм заказтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы заводтӕ та куыстытыл не ‘ххӕссынц. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, архайд цӕуы, цӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы заводы ахӕм участок кусын райдайа.

Ахӕм куыстадон участок байгом кӕныны фарстыл ӕрӕджы ныхас цыд мӕскуыйаг специалисттимӕ. Уыдон Дзӕуджыхъӕуы вагӕттӕ цалцӕггӕнӕн заводы уавӕртӕн хорз аргъ скодтой ӕмӕ ног участок байгом кӕныны фӕдыл сӕ фӕндӕттӕ балӕвӕрдтой акционерон ӕхсӕнад «Уӕрӕсейы ӕфсӕнвӕндӕгты» разамындмӕ. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй ног куыстадон участочы проект ацы мӕй уыдзӕн цӕттӕ.

Ацы ӕмӕ иннӕ проекттӕ хорзыл банымайгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй заводы дарддӕры хъысмӕтыл ӕрдзурдзӕн акционерон ӕхсӕнад «Уӕрӕсейы ӕфсӕнвӕндӕгты» разамонджытимӕ, стӕй зӕрдӕ бавӕрдта, куыстуаты архайдмӕ республикӕйы Хицауады ‘рдыгӕй дӕр лӕмбынӕг цӕстдард кӕй уыдзӕн, уымӕй.

РЦИ-Аланийы  Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ

Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here