Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты дыууын ӕвдӕм ӕмбырд знон райдыдта мандатон къамисы сӕрдар Ӕчеты Неляйы раныхасӕй. Уый депутаттӕн фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Парламенты ӕхсӕзӕм сӕвзӕрсты депутат Хуыгаты Анатолийы фырт Алан йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ уӕгъд кӕй ӕрцыд депутаты хӕстӕй. Йӕ бынатмӕ йын Парламенты национ ахастдзинӕдтӕ ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты сӕрдарӕй сӕвзӕрстой йӕ хӕдивӕг Тауытты Валерийы фырт Алыксандры.
Парламенты радон ӕмбырд амыдта йӕ Сӕрдар Алексей Мачнев. Депутаттӕ ӕркастысты дыууын аст ахсджиаг фарстмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр баст уыдысты закъонты ног проекттӕ ӕмӕ закъонтӕм ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй проекттӕ сфидар кӕнынимӕ.
Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы номӕй йӕ минӕвар РЦИ-Аланийы Парламенты Ортабайты Виктор депутатты размӕ цы ӕртӕ закъоны проекты рахаста, уыдон фидаргонд ӕрцыдысты фыццаг бакастӕй. Депутатты ӕхсӕн цымыдисаг ныхас рауад Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы конституцион закъоны проект «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Конституцимӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй».
Закъоны проект депутатты размӕ рахаста Парламенты закъонӕвӕрынад, закъонад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады комитеты сӕрдар Ортабайты Тимур.
Комитет цы ивддзинӕдтӕ бацӕттӕ кодта, уыдон уыдысты дыууӕ хуызы. Иутӕ дзы рахаста сфидар кӕнынмӕ, иннӕтӕ та аиуварс кӕнынмӕ. Аиуварс кӕнынмӕ цы ивддзинӕдтӕ рахастой, уыдоны ныхмӕ йӕ хъуыды загъта Элдзарты Медея. Хуынд адӕмӕй уыцы хъуыды фӕарфдӕр кодта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Конституцион тӕрхондоны сӕрдар Къесаты Станислав. Уый ӕрхаста, сразы уӕвын кӕимӕ уыд, ахӕм факттӕ, ӕмӕ депутаттӕ кӕронбӕттӕны закъоны проектыл схъӕлӕс кодтой уыцы хуызы, цӕмӕй йыл лӕмбынӕгдӕр ӕмӕ бындурондӕрӕй куыст ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ ногӕй рахӕссой депутатты размӕ. Бюджет, хъалонтӕ, хиисбонад ӕмӕ кредитон организациты комитеты сӕрдар Баликъоты Валери цы фарстытӕ рахаста, уыдон баст уыдысты республикӕйы бюджет, хъалонтӕ ӕмӕ финансон уавӕртимӕ. Уыцы фарстыты фӕдыл бӕлвырд ӕмӕ бӕстон докладтӕ скодтой республикӕйы финансты министр Оксанӕ Карова ӕмӕ РЦИ-Аланийы Контролон-нымайӕн палатӕйы разамонӕг Хъӕлыцты Инал.
Социалон политикӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ депутатты размӕ цы закъоны проект рахаста республикӕйы пенсиисджыты цӕрыны ӕппынкъаддӕр фӕрӕзты тыххӕй, уый фӕдыл бӕстон ӕмӕ бӕлвырд раныхас кодта РЦИ-Аланийы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбаты Барис. Депутаттӕ закъоны проект куыд сфидар кодтой, уымӕ гӕсгӕ 2020 азы пенсиисджыты цӕрыны ӕппынкъаддӕр фӕрӕз уыдзӕн 8 мины 455 сомы. Парламенты депутат Тетцойты Георги цы закъоны проект бацӕттӕ кодта, республикӕйы цӕрӕгойтӕм бӕрнон цӕстдарды тыххӕй (ныхас дзы цӕуы куыйтӕ ӕмӕ гӕдытыл) уый депутатты размӕ рахаста Парламенты Сӕрдары хӕдивӕг Кучиты Гари. Закъоны проект сфидар кӕныны размӕ депутат Токаты Нох загъта ахӕм хъуыды, цӕмӕй хӕдзарон иннӕ цӕрӕгойты тыххӕй, зӕгъӕм, стурвосы тыххӕй дӕр арӕзт ӕрцӕуа, чи сӕ дары, уыдоны бартӕ нӕ хъыгдаргӕйӕ сын хизӕнуӕттӕ ӕмӕ фос дарыны уавӕртӕ саразгӕйӕ, ахӕм бӕрнондзинады домӕн, цӕмӕй фаджыстӕ ӕмӕ низхӕссӕг бынӕттӕй хъахъхъӕной стурвос.
Депутаттӕ цы ахсджиаг закъоны проекттӕ сфидар кодтой, уыдонӕй иу у республикӕйы паддзахадон хӕрзиуджыты тыххӕй закъонмӕ ма Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт архитекторы ном дӕр кӕй бафтыд, уый. Депутаттӕ сӕ радон ӕмбырды снысан кодтой фидауынгӕнӕг тӕрхонгӕнджыты: Цӕгат Ирыстон-Аланийы тӕрхондоны Ленины районы 18-ӕм тӕрхонгӕнӕн участочы тӕрхонгӕнӕгӕй Батырты Сулейманы фырт Тазреты ӕмӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы тӕрхонгӕнӕг Мӕздӕджы районы 10-ӕм тӕрхонгӕнӕг участочы фидауынгӕнӕг тӕрхонгӕнӕгӕй Къӕбысты Георгийы фырт Валерийы. Парламенты депутаттӕ сӕ ӕмбырды кӕронбӕттӕны ӕрныхас кодтой 8 сентябры бынӕттон хиуынаффӕйады ӕвзӕрстыты бӕрӕггӕнӕнтыл дӕр.
Касаты Батраз














