Уӕрӕсейы Федерацийы спорты министры хӕдивӕг Павел Новиков цы ӕмбырд сарӕзта, уым ныхас цыд Цӕгат Ирыстоны спортивон объектты цалцӕг ӕмӕ арӕзтадыл.
Республикӕйӕ фембӕлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг — УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийӕ ӕххӕстбарджын минӕвар Дзанайты Барис, Цӕгат Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан ӕмӕ РЦИ-Аланийы Капиталон арӕзтады управленийы хицауы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъесаты Лазо.
Боны фӕткы фарстытӕй иу уыд республикон стадион «Спартачы» рацарӕзт. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй стадионы цалцӕгмӕ ӕргом аздахын федералон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕн бахӕс кодта премьер-министр Дмитрий Медведев.
— Стадион рагӕй рацаразинаг у. Уыимӕ, фӕстаг рӕстӕг республикӕйы ногӕй стыр ӕргом здӕхт цӕуы футболы райрӕзтмӕ. Спортуарзджытӕ ногӕй се ‘ргом раздӕхтой бынӕттон футболы командӕтӕм — уымӕн ӕвдисӕн, фӕстаг хъӕзтыты стадионмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбамбырд вӕййы, уыдон. «Спартак» арӕзт ӕрцыд 60 азы размӕ, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ уавӕр абоны домӕнтӕн дзуапп нал дӕтты, — радзырдта Хуыгаты Алан.
Уымӕй уӕлдай, республикӕйы хъӕуы саразын сӕрмагонд футболон стадион дӕр (20 мин бадӕн бынатӕн). Дзӕуджыхъӕуы ахӕм футболон стадион саразыны куырдиатимӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бахатыд Президент Владимир Путинмӕ.
Ӕппӕт уыцы фӕндӕттыл дзургӕйӕ, Дзанайты Барис куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй уыцы объекттӕ республикӕйӕн ӕнӕмӕнг хъӕугӕ сты.
«Не спортивон объекттӕ цалцӕггонд куы цӕуой, стӕй нӕм ногтӕ дӕр куы аразой, уӕд нӕ курдиатджын фӕсивӕдӕн фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн спорты архайынӕн. Зӕгъӕм, ӕрӕджы горӕт Красноярскы фӕзынд Спорты бирӕкъабазджын галуан. Хорз уаид, ахӕм галуан Дзӕуджыхъӕуы арӕзт куы ‘рцӕуид, уӕд», — фӕнысан кодта Дзанайы-фырт.
Ӕппӕт фӕндӕттӕ ӕмӕ фиппаинӕгтӕй хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, УФ-йы спорты министры хӕдивӕг Павел Новиков куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй цалцӕггӕнинаг ӕмӕ аразинаг объектты фӕдыл ӕппӕт организацион мадзӕлттӕ дӕр цыбыр рӕстӕгмӕ сӕххӕст кӕнын хъӕуы, цӕмӕй куыстытӕм бавналынӕн фадат уа.
УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы
Иудадзыгон минӕварады пресс-службӕ














