«Транскам»: цалцӕггӕнӕн куыстытӕ фӕуыдзысты фӕззӕджы кӕронмӕ

0
337

Ацы бонты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дарддӕр цӕуынц «Транскам»-ы фӕндаджы 23 километры дӕргъӕн участочы.

Цӕгат Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы журналисттӕн куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ахицӕн уыдзысты зымӕджы райдайӕнмӕ.

Управленийы пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, цалцӕджы пъланы бирӕ ахсджиаг куыстытӕ ис. Зӕгъӕм, проектмӕ гӕсгӕ, фӕндаджы фӕтӕн 9 метры онг фӕуӕрӕхдӕр кӕндзысты, уымӕй уӕлдай, фӕндаг дуры згъӕлӕнтӕй бахъахъхъӕныны нысанимӕ хӕхты фӕхстыл айтындздзысты сӕрмагонд ӕфсӕйнаг хызы 26 километры. Цӕугӕдоны ‘рдыгӕй фӕрсты та кӕрӕй-кӕронмӕ равӕрдзысты ӕфсӕнбетон къӕйтӕ, Дӕллаг Уыналмӕ, Зынцъар ӕмӕ Мызурмӕ фӕзилӕнты та фӕндагаразджытӕ ӕрӕвӕрдзысты бӕлццӕтты ӕрлӕууӕн бынӕттӕ…

«Цалцӕггӕнӕн куыстыты ӕмгъуыдмӕ фӕндагыл ахизӕн ис ӕрмӕстдӕр йӕ иу фарсыл. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, ӕппӕт бӕлццӕттӕм дӕр сидӕм, цӕмӕй фӕндаджы куысты рӕстӕгмӕ къуыхцытӕн фӕразон уой, ӕмӕ уӕлдай лӕмбынӕгдӕрӕй ӕххӕст кӕной ӕдасдзинады домӕнтӕ. Уыимӕ, фӕндаггон змӕлды фӕткмӕ сӕ цӕст иудадзыгдӕр дарынц автоинспекцийы кусджытӕ», — фӕнысан кодта Цӕгат Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы пресс-службӕйы минӕвар.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here