Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ахсджиаг фӕрӕз

0
342

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Федерацийы цӕрджыты диспансеризацийы мадзӕлттӕ ногӕй кӕнын райдыдтой 2013 азы. Уымӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ бӕстӕ ногӕй раздӕхт рагон советон традицитӕй иумӕ. Хистӕр фӕлтӕры минӕвӕрттӕй йӕ сӕхӕдӕг дӕр бирӕтӕ бавзӕрстой, советон азты диспансеризаци куыд кодтой, уый.

Раздӕры азты фӕлтӕрддзинад хынцгӕйӕ, федералон хицауад сфидар кодта ӕппӕтадӕмон диспансеризацийы ног фӕтк. Уыцы мадзалы сӕйрагдӕр нысан у алыхуызон низтӕ райдайӕн къӕпхӕнтыл сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ адӕймаджы сдзӕбӕх кӕнынӕн мадзӕлттӕ аразын.

Диспансеризацийы мадзӕлттӕ арӕзт цӕуынц куыд стыр горӕттӕ, афтӕ чысыл хъӕуты дӕр.

Специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй диспансеризацийӕн ис ахсджиаг профилактикон нысаниуӕг. Бирӕ низыхӕттытӕ дзӕвгар рӕстӕг сӕхи ницӕмӕй раргом кӕнынц, афтӕмӕй та адӕймаг хъыгдард цӕуы. Уыимӕ, нырыккон медицинон технологитӕ фадат дӕттынц, цӕмӕй низ йӕ райдайӕн къӕпхӕныл иртӕст ӕрцӕуа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕууӕл фадат дӕтты, цӕмӕй дзӕбӕх кӕныны мадзӕлттӕ раздӕр райдайой.

Диспансеризаци скӕныны фӕнд кӕмӕ ис, уыцы адӕмӕн хъӕугӕ лӕггӕдтӕ бакӕндзысты бынӕттон поликлиникӕтӕ ӕмӕ иннӕ медицинон кусӕндӕтты.

Медицинон профилактикӕйы республикон центр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here