Горӕтаг маршруткӕйы адӕм уӕздан ӕмӕ ӕдзӕмӕй фӕбадынц. Уыимӕ дын нӕхи, хъӕуккаг маршруткӕтӕ ӕмӕ автобустӕ. Цы нӕ цымыдисаг хабар дзы фехъусдзынӕ! Дыууӕ ацӕргӕ адӕймаджы — сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг — бадынц разӕй, се ‘ргом, салоны цы адӕм бады, уыдоны ‘рдӕм здӕхт.
— О, ӕмӕ дын уый дзырдтон, уый. Иу къулбадӕг гӕдыйы лӕппын ӕрбахастой нӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ мын мӕ хӕдзары бынат нал ис, — дзуры сылгоймаг. — Йӕ фыдуаг митӕй нӕ донмӕ тӕры ӕмӕ нӕ ӕнӕдонӕй здахы. Къуымтӕ сафы, фынгмӕ хизы.
— Аппар-ма йӕ. Цы дзы кӕныс? — загъта нӕлгоймаг.
— Цытӕ дзурыс, нӕ гыццыл йӕхи фыркуыдӕй фӕцӕймары.
— Ӕмӕ йӕ цӕстӕй фӕрдыг ӕрхаудзӕн?! — фӕмӕсты нӕлгоймаг.
— Цоты цот дын нӕй, ӕмӕ цардӕй фӕсте аззадтӕ, куыд кӕсын, афтӕмӕй. Уый кӕддӕр уыд хӕдзары хистӕр кадджын, ныртӕккӕ та бинонтӕ кӕстӕрӕн кувынц, уый сын пехуымпарӕй уӕлдай нӕу. Ахъуыды кӕн, ӕртын мины аргъ телевизор раппӕрста уыцы ӕнаккаг гӕды, телевизор ныппырх ис, ӕмӕ йын уый дӕр ныххатыр кодтой.
— Тӕхуды, уыцы гӕдыйы амонд дӕр дӕ ма уӕд, — хъыггӕнгӕйӕ загъта нӕлгоймаг.
Сылгоймаг афӕлгӕсыд салоныл ӕмӕ, йӕ размӕ чи бадтис, уыдонӕй иумӕ фӕкомкоммӕ ис:
— Мисурӕт, ды та дӕ куыдзимӕ ӕппынӕдзух уырыссагау цӕмӕн дзурыс, уыцы ӕвзагмӕ мӕнӕй рӕвдздӕр куынӕ дӕ, уӕд?
— Мӕ куыдз мын арӕнхъахъхъӕнджытӕ балӕвар кодтой. Тынг зондджын у, фӕлӕ иронау не ‘мбары, ӕрмӕстдӕр уырыссагау…
— Чабӕхан, ды та ма дӕ хицаумӕ уайсадгӕ кӕныс? — баздӕхтис та разӕй бадӕг иннӕмӕ.
— Ау, уӕдӕ куыд?
— Ӕмӕ де ‘фсин куы фӕзиан, уӕд та ма уын «тӕлмацгӕнӕг» чи у?
— Бӕзджын тетрад балхӕдтам ӕмӕ нӕ зӕгъинӕгтӕ кӕрӕдзимӕ уым фыссӕм.
— Ӕвӕдза, цы рӕстӕджытӕ уыдис, — ныхас та йӕхимӕ айста сылгоймаг. — Ме ‘фсин ног чындзӕй ликбезы ахуыр кодта. Ахуыргӕнӕг сын амыдта, нӕмттӕ стыр дамгъӕйӕ фысгӕ кӕй сты, уый. Ракодта йӕ фӕйнӕгмӕ ӕмӕ загъта: «Ныффысс: «Сослан ацыд хъӕдмӕ». (Сослан йӕ сӕрыхицау уыдис). Сылгоймаг ныффыста: «Нӕ лӕг ацыд хъӕдмӕ». «Фехал ӕй, — загъта ахуыргӕнӕг, — ӕмӕ ногӕй ныффысс: «Сослан ацыд хъӕдмӕ». Ног чындз та ныффыста: «Нӕ лӕг ацыд хъӕдмӕ».
Сӕ лӕгты нӕмттӕ дзургӕ нӕ, фӕлӕ фыссын дӕр ӕфсӕрмы кодтой! — балхынцъ кодта йӕ ныхас сылгоймаг.
Маршруткӕ кӕройнаг лӕууӕнмӕ ӕрбахӕццӕ ис, бӕлццӕттӕ базмӕлыдысты. Ӕз та хъыгзӕрдӕйӕ хъуыды кодтон: «Цӕй цыбыр уыдис нӕ фӕндаг. Дӕргъвӕтиндӕр куы уыдаид, уӕд ма цас цымыдисаг хабӕрттӕ ракодтаиккой ацы дзӕбӕх адӕм!»
Баскаты Эльзӕ














