Сӕрмагонд национ проект «Демографи»-йы фӕлгӕты Цӕгат Ирыстоны арӕзт цӕуынц 15 алыхуызон спортивон объекты. Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта республикӕйы физикон культурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан.
«Национ проекты фӕлгӕты республикӕйы бирӕ ахсджиаг куыстытӕ цӕуы. Зӕгъӕм, уӕрӕх арӕзт цӕуынц спортивон фӕзтӕ, физикон культурӕ ӕмӕ спорты ӕндӕр объекттӕ, стыр ӕргом здӕхт цӕуы спортивон-дзыллон мадзӕлттӕ аразынмӕ. Афтӕ, ацы аз райдыдта 15 спортивон объекты арӕзтад», — загъта Хуыгайы-фырт.
Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, уыдоны нымӕцы — егъау физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплексы арӕзтад (объекты технологон кусӕнгӕрзтӕ балхӕнынӕн дихгонд ӕрцӕудзӕн 25 милуан сомы). Уымӕй уӕлдай, хъӕууон районты сараздзысты ноджыдӕр ма 9 бирӕкъабазджын спортивон фӕзы ӕмӕ 4 физкультурон дзӕбӕхгӕнӕн комплексы. Республикӕйы 4 районы та фӕзындзысты ГТО-йы комплекстӕ дӕттыны чысыл фӕзтӕ.
2020 азы республикӕйы цы объекттӕ байгом уыдзӕн, уыдонӕй иу у спортивон хъӕбысхӕсты центр. «Ахӕм центр саразынмӕ рагӕй бӕллыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ ирыстойнаг фӕсивӕд ӕмхиц сты хъӕбысхӕстмӕ, ӕмӕ ног центр куы байгом уа, уӕд зынгӕ фӕфылдӕр уыдзӕн, хъӕбысхӕсты секциты чи архайы, уыцы ӕрыгӕтты нымӕц дӕр», — йӕ ныхасмӕ бафтыдта Хуыгаты Алан.
Министр куыд радзырдта, афтӕмӕй абон Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕй физикон культурӕ ӕмӕ спорты секциты архайынц 36 процентӕй фылдӕр. Уыимӕ, куыст цӕудзӕн, цӕмӕй уыцы адӕмы нымӕц рӕза.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй фыццаградон национ проект «Демографи»-йы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕстгонд цӕудзысты 2019-2024 азты. Проекты иумӕйаг бюджет суыдзӕн 3 триллион сомӕй фылдӕр. Проекты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл бӕрнон у УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Татьянӕ Голикова.














