Рӕстӕгмӕ къуылымпыдзинӕдтӕ ӕййафынц, ӕрхонкӕйы станицӕйыл цы фӕндаг цӕуы, уымӕй чи пайда кӕны, уыцы адӕм, стӕй бынӕттон цӕрджытӕ. 40 азы размӕ цы автомобилон фӕндаг арӕзт ӕрцыд, уый абон заууатмӕ ӕрцыд, ӕвӕстиатӕй йӕ бахъуыд цалцӕг кӕнын. Республикӕйы фӕндӕгты хӕдзарады комитет ацы фӕндаг бахаста федералон программӕмӕ «ӕдас ӕмӕ хӕрзхъӕд автомобилон фӕндӕгтӕ»-мӕ ӕмӕ уый бындурыл арӕзт регионалон проект «Дорожная сеть»-мӕ.
Фылдӕр ӕргом аздахдзысты дыууӕ километры бӕрц бынтон хӕлд хаймӕ, ног бындур ӕвӕрд дзы ӕрцӕудзӕн, ныртӕккӕ уал цӕттӕгӕнӕн куыстытӕм бавнӕлдтой. Сфидар кӕндзысты фӕндаджы былгӕрӕттӕ, слӕгъз ӕй кӕндзысты асфальт ӕмӕ бетонӕй. Фӕндагаразджытӕ ӕдӕппӕтӕй сцалцӕг кӕндзысты цыппар километры. Ныртӕккӕ арӕзтадон хайады кусы фӕлтӕрдджын специалисттӕ ӕмӕ техникӕ. Фӕндаджы байгоммӕ бирӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзиуыл бӕтты республикӕйы районтӕ, уыимӕ, станицӕйы нарӕг уынгты бон-изӕрмӕ дыууӕрдӕм кӕнынц бирӕ машинӕтӕ, адӕм къуылымпыдзинӕдтӕ ӕййафынц.
— Куыстытӕ цӕуынц ӕппӕт технологитӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ӕнӕрлӕугӕйӕ, — зӕгъы «Главдорстрой»-ы сӕйраг инженер Челдыты Сослан. — Контрактмӕ гӕсгӕ ног фӕндаг хъуамӕ байгом уа 30 октябры. Фӕлӕ, куыд ӕхсызгон хъӕуы адӕмы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, архайӕм, цӕмӕй ноджы раздӕр байгом уа. Нӕ куысты хӕрзхъӕддзинад бӕлвырд кӕнынц сӕрмагонд фӕндаггон лабораторийы специалисттӕ. Ног арӕзт фӕндаг дзуапп дӕтдзӕн нырыккон домӕнтӕн. Уыдзӕн аив, фидар ӕмӕ хӕрзвадат. Ӕвӕрд дзы ӕрцӕудзӕн фӕндаггон нысантӕ дӕр. Фӕндӕгты арӕзтады фыццаг домӕн у йӕ хӕрзхъӕддзинад ӕмӕ ӕдасдзинад — уый у нӕ сӕйраг нысан. Бацархайдзыстӕм, цӕмӕй фылдӕр азты ног фӕндаг лӕггад кӕна адӕмӕн, — зӕгъы сӕйраг инженер.
Фӕндагаразджытӕ сӕхимӕ исынц хӕс: фӕндагмӕ авд азы цӕст дарын.
Ирыстоны цыдӕриддӕр ӕдзӕллаг фӕндӕгтӕ ис, уыдон се ‘ппӕт дӕр кӕндзысты бындурон цалцӕг. Уый домы, нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы уынаффӕйӕ ӕххӕстгонд чи цӕуы, уыцы фӕндӕгты арӕзтады политикӕ.
Гугкаты Жаннӕ














