Дардмӕ уынын, раст нысантӕ ӕвӕрын ӕмӕ сыл удуӕлдайӕ кусын — уыцы ӕууӕлтӕй нӕ фыдӕлтӕ ӕххӕст кӕй уыдысты, уый дызӕрдыггаг нӕу. Хъысмӕтлыггӕнӕн заман дзыллӕты рухс фидӕны сӕрвӕлтау сӕ бон фидарӕй, уӕндонӕй ӕрлӕууын уыд, раст фӕндаг кӕй акъӕртт кодтой сӕ фӕдонтӕн, уымӕн мах абон стӕм ӕвдисӕнтӕ. Мӕнӕ та нӕ къӕсӕрыл ӕрбалӕууыд, цалдӕр ахсджиаг историон цауы чи баиу кодта, ахӕм бӕрӕгбон. Ирыстон Уӕрӕсейы иу хай куы ссис, ууыл рацыд 245 азы, Цӕгат Ирыстоны Автономон республикӕйы сарӕзтыл — 95 азы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуӕн бындур сӕвӕрыны 235 азы.
Ирыстоны разагъды лӕгтӕ дзуапджынӕй Уӕрӕсеимӕ баиу уӕвыны хъуыдымӕ куы ӕрцыдысты, цалынмӕ царды рантыст, уӕдмӕ йӕм къӕрцхъус кӕй уыдысты, уый дзурӕг у, рӕстӕджы комулӕфт, дугивӕнтӕ кӕй ӕмбӕрстой, раст хатдзӕгтӕ дзы кӕй кодтой, ууыл. Уыцы уынаффӕйӕ сӕ къух нӕ истой сӕ фыдӕлты авдӕн — хӕхбӕстыл, фӕлӕ сӕ зӕххы кадавардзинад, къуындӕг уавӕртӕ, ӕддагон тӕссагдзинӕдтӕ домдтой ахӕм цӕхгӕр фӕндӕттӕ. Ӕнӕмӕнг, ӕмбӕрстой уӕды геополитикон тыхты равӕрд дӕр.
Иры дзыхъхъӕй Уырысы стыр паддзахмӕ араст сты фыццаг дипломаттӕ Магкаты Зураб, Хъесаты Елисей, Цопанаты Батырмырзӕ. Цалынмӕ сӕ къухы бӕрзонд нысан бафтыд, уӕдӕй — 1749 азӕй 1774 азмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд, бахъуыд цӕлхдурты, къуылымпыты сӕрты хизын. Гуыргъахъхъ ӕмӕ бирӕ алыхуызон вазыгджын цаутӕй хъӕздыг рауад Ирыстон Уӕрӕсеимӕ баиуы историон фӕндаг. Лӕгӕвзарӕн, хъысмӕтлыггӕнӕн заман ирон, хӕцӕнгарз хӕссынхъом фӕсивӕд кӕддӕриддӕр Уырысы паддзахады сӕраппонд тохы раззагдӕртӕ уыдысты. Ӕмбисондӕн хӕссинагӕн баззад, ирӕттӕ хӕстон хъуыддаджы цы арӕхстдзинад ӕмӕ ӕвзыгъддзинад ӕвдыстой, уый.
Дугтӕ ӕмӕ ӕнустӕ семӕ хастой ивддзинӕдтӕ, кӕм — тӕссаг, кӕм та — размӕцыды ӕууӕлтӕ, домдтой ног уынаффӕтӕ, ахастытӕ, паддзахад дӕр ӕвзӕрста ӕнкъуыстытӕ, ивта йӕ политикон, социалон-экономикон сконд. Ӕппӕт уыцы дугивӕнты Ирыстон йӕ равзӕрст хъысмӕтӕй, фӕндагӕй, стыр нысанӕй иуварс нӕ ахызт, историйы амӕттаг нӕ бакодта йӕ сыгъдӕг бӕллицтӕ, йӕ бӕрзонд тырнындзинӕдтӕ, гадзрахатӕй нӕ рацыд йӕ хорз фыдӕлты фӕдзӕхсттыл…
Цы ма уа хуыздӕр хи зӕххыл, хи Фыдыбӕстӕйы сӕрибарӕй, райгондӕй цӕрынӕй?! Стыр Фыдыбӕстӕ — Уӕрӕсе, фыдӕлты уӕзӕг — Ирыстон нын цӕсты гагуыйау чи бахъахъхъӕдта, йӕ тугвӕллойӕ, йӕ цардӕй мах цард чи бахызта, уыдонӕн аргъгӕнгӕйӕ, кад сын кӕнгӕйӕ, дур-дурыл ӕвӕрынӕй, сойджын зӕххы хоры мыггаг тауынӕй, нӕ фӕдонтӕ нӕм цӕмӕ скӕсдзысты, уыдӕттыл архайынӕн ма цы ис хуыздӕр ӕмӕ рӕстагдӕр?!
Ӕмӕ та мӕнӕ Ирыстон райгондӕй ӕмбӕлы йӕ ахсджиаг бӕрӕгбонтыл. Йӕ алы горӕт ӕмӕ хъӕуы дӕр сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдзысты. Хуымӕтӕг, ӕнӕсой арфӕтӕ ӕмӕ дзы афтид ныхӕстӕн бынат нӕ уыдзӕн, цал стӕм, уалӕй дзагармӕй ӕмбӕлӕм республикӕйы, Дзӕуджыхъӕуы историон цаутимӕ баст бонтыл. Акӕс-ма, Ирыстон, куыд фӕивта йӕ фӕлгонц нӕ зӕхх, нӕ цӕрӕн бынат! Раст цыма ӕмхуызонӕй арӕзтадон фӕз у, ахӕм у йӕ бакаст. Иу ахӕм стыр, кӕнӕ чысыл горӕт, фӕсвӕд хъӕу нал баззад, паддзахад йӕ аудындзинады ӕрмдзӕф кӕм нӕ равдыста.
Ног скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, рынчындӕттӕ, спортивон фӕзтӕ — ома, ӕрмӕст къултӕ ӕмӕ хорз ӕмбӕрзт бӕстыхӕйттӕ нӕ, фӕлӕ ӕппӕт нырыккон, рӕстӕгимӕ ӕмдзугӕнӕг фадӕттимӕ, удӕнцойдзинӕдтимӕ, алцӕмӕй ифтонггонд кусӕндӕттӕ. Адӕмы ӕмӕ, Хицауады ‘хсӕн ӕмбаргӕ, ӕууӕнкджын ахастдзинӕдты дуг кӕй ралӕууыд, уый бӕрӕг дары. «Куыд растдӕр, куыд хуыздӕр нын бакӕнгӕ у, фыццаградон бавнӕлд кӕцы хъуыддӕгтӕ домынц?» — ахӕм хуызы кӕны йӕ ныхас ирыстойнӕгтимӕ нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Ахӕм куыстадон фӕтк сфидар алы ӕмвӕзады хицаудзинады дӕр.
Федералон центримӕ ӕмгуыстады бӕрӕг дары бӕрнондзинад, дзуапп раттынмӕ цӕттӕдзинад. Хъуыддӕгтӕ саразыны охыл дын ӕхца радих кодтой, нӕ дын бантыст, фӕстӕмӕ сӕ ӕрвитын бахъуыд — уымӕн абон бынат нал ис. Ис хӕстӕ, ис нысантӕ, ис фӕрӕзтӕ — кус! Нӕ зоныс — уый дзуаппӕн нӕ бӕззы… Ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нал уыдыстӕм, ахӕм уӕззау, вазыгджын фарстытӕ лыггонд ӕрцыдысты: тарниз кӕддӕриддӕр мӕгуыр заманы низ уыдис, фӕлӕ ма йе сдзӕбӕх кӕнынӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ ма уӕд — уый та рынчынты низыл ӕфтыдта. Сӕ хиуӕтты, сӕ дохтырты сагъӕсыл сагъӕс…
Ныхас ӕмӕ хъуыддаджы ‘хсӕн дӕрддзӕг кӕй фӕцыбыр ис, уымӕн ӕвдисӕн — тарниз дзӕбӕхгӕнӕн ног диспансеры сарӕзт. Нысантӕ ӕвӕрынхъом уӕвынӕн ӕхцайӕ уӕлдай стыр ныфс хъӕуы. Кӕддӕр Ручъы тъунелы сарӕзтыл куыд цин кодтам, раст ахӕм ӕнкъарӕнтимӕ сӕмбӕлдыстӕм Мӕздӕджы районмӕ комкоммӕ фӕндаг саразыны уынаффӕйыл дӕр. Экономикон ӕмӕ социалон ахадындзинад уал иуварс авӕрӕм ӕмӕ зӕгъӕм: ацы фӕндаджы фӕзынд нын суыдзӕн сӕрыстырдзинады хос. Нӕ чысыл республикӕйы дӕрддзӕфдӕр районы цӕрджытӕ цӕмӕй сӕхи ӕххӕстӕй ирыстойнӕгтӕй ӕнкъарой, уымӕн абон цас конд цӕуы, уый ницӕимӕ ис абарӕн.
Нӕ газетӕн а-фӕстаг цалдӕр азы мыхуыры ахӕм номыр нӕ рацыд, ӕмӕ дзы стыр кӕнӕ чысыл репортаж ма радтӕм социалон, культурон, спортивон, ахуырадон кусӕндоны сарӕзты тыххӕй. Нӕ газеткӕсджыты къӕрцхъусдзинад дӕр кӕуылты у?! Сӕ цин нӕ бамбӕхсдзысты, уайтагъд ныл сӕмбӕлынц сӕ фыстӕджытӕ: диссаджы лӕгъз, парахат фӕндаг нӕм сарӕзтой, нӕ сабитӕн рӕвдауӕндоны бынӕттӕ фӕзынд, хъӕуы астӕу замманай спортивон фӕз байгом…Кӕрон дӕр нӕй ахӕм цины хабӕрттӕн…
Фӕндаг цард у, размӕ нӕ хоны, фӕзӕгъынц. Кӕдӕй-уӕдӕй Ирыстоны фӕндӕгтӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты, фистӕгӕй цӕуджытӕн дӕр дзы хицӕн къахвӕндӕгтӕ ӕдасдзинады гӕрӕнтимӕ ӕвӕрдӕй… Арфӕйы дзырдӕн йӕ уӕз, йӕ ахадындзинад рӕстӕгимӕ, дугтимӕ нӕ фӕкъаддӕр. Не стырдӕр бӕллиц — чи нӕ ӕрбамбырд кӕна, ахӕм арфӕйы дзырд ссарын. Рӕстаг удуӕлдай фӕллойӕ цӕрынӕй сыгъдӕгдӕр, бӕрзонддӕр нысанӕн ӕрхъуыды кӕнӕн нӕй. Тырнӕм, фӕнды нӕ, цӕмӕй хӕхбӕсты, кӕмтты цард стынг уа ногӕй, нӕ хизӕнуӕттӕ фосы дзугтӕй дзаг уой, хосгӕрстты мӕкъуылтӕ-мӕкъуылтӕй сызмӕлӕн куыд нал уа, нӕ зӕрдиаг бакуысты уый аккаг бӕркад куыд уа, уыдӕттӕм.
… Мӕнӕ мӕнӕ райхъуысдзӕн дзӕнгӕрӕг, скъолаты кӕртмӕ цы рӕсугъд хӕрзарӕзт сабитӕ атагъд кӕнынц — уый у цардӕвдисӕг ныв. Зӕрдӕскъӕфӕг «Ханты цагъд»-ы зӕлтӕм уӕзданӕй цы рӕхснӕг, хӕрзаив лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ фезмӕлынц — уый у цардӕвдисӕг ныв. Сӕхиуыл ӕваст чи схӕцыд, фыццаг аз дӕр дидинӕг цы дыргъдӕттӕ акалдтой — уый у нӕ абоны Ирыстоны цардӕвдисӕг, ныфсдӕттӕг ныв. Арфӕйы дзырд ссарын, уый алыварс ӕрбамбырд уӕвын — уый у ирон адӕмы бӕрзонддӕр бӕллиц. Ирыстоны номӕн, кадӕн, йӕ размӕцыдӕн хъуыддӕгтӕ аразын, кӕстӕртӕ хъомыл кӕнын, фӕндӕгтӕ гом кӕнын ӕмӕ сыл ӕдӕрсгӕ цӕуын — уый у нӕ арфӕйы дзырд…














