Туджы ӕртах — сыгъзӕрины хуызӕн

0
278

Йӕ туг чи ратты ӕндӕр адӕймагӕн баххуыс кӕнынӕн, Цӕгат Ирыстоны медицинон колледжы ахӕм ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ бирӕ ис. Ӕрӕджы дӕр та уыцы цӕстуарзондзинад равдыстой. Уӕлдай хатт дзы зӕгъын никӕмӕн бахъуыд, афтӕмӕй нысангонд рӕстӕгмӕ ӕрбамбырд сты. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фидӕны дӕсныйадмӕ гӕсгӕ уыцы ӕгъдау ӕнӕмӕнг кӕнгӕ у.

Туг раттыны агъоммӕ студенттӕй доноры боны архайыныл чи сразы, уыдоны ӕнӕниздзинады ӕууӕлтӕ бӕрӕггонд ӕрцыдысты. Равзӕрстой дзы 150 адӕймаджы. Сӕ фылдӕр уыдысты, медицинон хотӕ кӕм цӕттӕ кӕнынц, уыцы хайадӕй. Арфӕйаг хъуыддагмӕ сӕм стыр разӕнгарддзинад кӕй ис, уый разындис.

Колледжы директор Реуазты Таймураз туг радта иннӕтӕй раздӕр. Лӕппу студенттӕ иууылдӕр йӕ фӕдыл уӕздандзинад равдыстой. Паддзахады ‘рдыгӕй донорты хорздзинад бӕрӕггонд ӕцыд. Алчидӕр дзы райста дыууӕ улӕфӕн боны, ӕхца — 550 сомы, шоколад къафетт. Ахуыры хайадмӕ алы студент дӕр хъуамӕ бахӕсса, туг кӕй радта, уый тыххӕй гӕххӕтт.

Дзуццаты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here