РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд голландиаг компани «Thwan Van Gennipp»-ы бындурӕвӕрӕг Симон Ван Геннипи ӕмӕ йӕ разамонӕг Сандр Коенимӕ. Фембӕлды ма архайдтой республикӕйы Рӕзты агентады цӕстдарӕг советы уӕнг Павел Игнатьев ӕмӕ хӕдзарад «ӕрхонкӕйаджы» разамонӕг Реуазты Валери.
Ныхас рауадис спаржӕ уадзыны инвестицион проекты гӕнӕнтӕ фӕпарахат кӕныныл. Уымӕй дарддӕр хъавынц ацы культурӕн Цӕгат Ирыстоны таладон (питомник) саразын. Ныртӕккӕ Цӕгат Ирыстоны, «ӕрхонкӕйаг» хӕдзарады байтыдтой спаржӕйы стырдӕр быдыртӕ, Уӕрӕсейы сын ӕмбал нӕй, ахсынц 70 гектары. Зайӕгойы бынтӕ ӕрбаластой Голландийӕ. «Thwan Van Gennip»-ы разамынд куыд бафиппайдтой, афтӕмӕй сӕхиуыл куыд схӕцыдысты, цавӕр фыццаг тыллӕг дзы райстой Ирыстоны уый у бӕллиццаг. Фыццаг азы бӕрӕггӕнӕнтӕй зӕрдӕ райы, ныр сын 2020-2021 азтӕн фӕдзӕхсынц ноджы фылдӕр продукци.
Сандр Коен куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Ирыстоны зӕхх спаржӕйӕн тынг сбӕззыди, фыццаг тыллӕгӕй зӕрдӕ барухс. Фидӕны ацы зайӕгойӕн зӕхх хъуамӕ фӕфылдӕр уа, уымӕн ӕмӕ ам тынг хорз ӕнтысы. Фембӕлды рӕстӕг куыд загътой, афтӕмӕй спаржӕйы быдыртӕ 140 гектары онг фӕфылдӕр уыдзысты, уӕдӕ таладонӕн дӕр бындур сӕвӕрдзысты 100 гектарыл. Уый тауӕн ӕрмӕгӕй ӕрмӕст ирыстойнаг зӕхкусджытыл нӕ аххӕсдзӕн, фӕлӕ ма суанг Уӕрӕсейы регионтыл дӕр.
Битарты Вячеслав куыд бацамыдта, афтӕмӕй республикӕйы разамынд ӕппӕт тыхтӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕй цӕттӕ у амалхъомтӕн ӕххуысмӕ. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг зӕрдӕ дары, дарддӕрдӕр голландиаг компаниимӕ ӕмгуыстад фидардӕр кӕй кӕндзӕн, ууыл. «Thwan Van Gennip» ма кусы гагадыргътӕ дарыныл дӕр.














