Медицинон ӕххуыс фӕхъомысджындӕр кӕныны нысан

0
235

Фыццаградон медицинон-санитарон ӕххуысы ахадындзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанимӕ Цӕгат Ирыстоны бындуронӕй рацараздзысты, 101 адӕймагӕй 2000 адӕймаджы онг кӕм цӕры, ахӕм хъӕуты ӕмӕ горӕтты 46 фелсырон-акушерон пункты ӕмӕ амбулаторийы.

Куыстытӕ райдайдзысты 2020 азы бюджетты ‘хсӕн трансфертты фӕрцы. Ныронг уал ӕппӕт хъӕугӕ документтӕ арвыстой Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ, уым хъуамӕ рахӕссой уынаффӕ. Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтыл ӕрныхас кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз министртимӕ, ӕппӕт ведомствӕты, муниципалон скондты разамонджытимӕ фембӕлды рӕстӕг.

Ныхас ма рауадис Мӕздӕджы районы Павлодольскы станицӕ ӕмӕ поселок Притеречныйы канализацион сыгъдӕггӕнӕнтӕ рацаразынӕн хъӕугӕ проектон-хӕрдзты документацийы цӕттӕдзинадыл. Нысангонд куыд цӕуы, афтӕмӕй хъуамӕ районы донӕфсисады хызӕг баййафа стыр ивддзинӕдтӕ. Уыдонимӕ ма хъӕутӕ Сухотский ӕмӕ Виноградный, ӕртӕ объектӕн бахъӕудзӕн 67 милуан сомы бӕрц.

«Хъӕугӕ документаци бацӕттӕ кӕнын хауы муниципалон скондмӕ. Алы объектӕн дӕр ис фидаргонд ӕмгъуыдтӕ, уымӕй дарддӕр — паддзахадон эскпертизӕ скӕнынӕн дӕр. Нӕ хӕс у федералон ведомствӕйы ӕппӕт домӕнтӕ дӕр сӕххӕст кӕнын», — загъта Хицауады Сӕрдар.

Стыр ӕхца бадомдзысты Алагиры донӕфсисады хызӕг раивыны куыстытӕ дӕр. Кӕцыдӕр объекттӕ хъуамӕ хаст ӕрцӕуой Уӕрӕсейы Культурӕйы министрады федералон программӕмӕ, зӕгъӕм, Елхоты культурон рӕзты центры арӕзтад. Хицауады Сӕрдар ӕмбырды архайджыты ӕргом аздӕхта фӕззыгон-зымӕгон афон ӕнӕкъуылымпытӕй арвитыны хъуыддагмӕ. Дзӕуджыхъӕуы хъармдӕттӕг организацитӕй ӕртӕ ныридӕгӕн райстой цӕттӕдзинады паспорттӕ.

Республикӕйы ӕххӕстгонд ӕрцыд фадатджын горӕтаг алфамбылай фидар кӕныны программӕйы иу хай — аразджытӕ 61 бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ саив кодтой. Ныр та бацархайын хъӕуы, цӕмӕй контракттӕм гӕсгӕ, афойнадыл ӕхсӕнадон фӕзтӕ арӕзт ӕрцӕуой Горӕтгӕроны, Рахизфарсы, Ӕрӕфы, Дыгуры ӕмӕ Алагиры районты.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы

ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here