Стадионы къухбакӕнӕн нӕ уыд

0
542

Дзӕуджыхъӕуккаг «Алани» ӕмӕ мӕскуыйаг клуб «ЦСКА»-йы футболон хъазтмӕ стадион «Спартак»-мӕ цы дзыллӕ ӕрӕмбырд, уыдон дисы бафтыдтой мӕскуыйаг спортивон уацхӕсджыты. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕсте ничиуал баззад, футболуарзджытӕ суанг лӕууӕн бынӕттӕ дӕр бацахстой.

Сӕ уарзон командӕмӕ ӕнувыддзинад равдыстой 18 мин адӕймаджы бӕрц, се ‘хсӕн уыдысты республикӕйы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, сӕйраг федералон инспектор РЦИ-Аланийы Челӕхсаты Владимир, футболон клуб «Алани»-йы президент Гӕбулты Владимир, физкультурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан.

Цӕгат Ирыстоны футболуарзджытӕ сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой нӕ командӕйыл, сӕ хуыздӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ цин  балӕвар кодтой ацы фембӕлды. Кӕд «Алани» 1:3 хыгъдӕй фӕхӕрд фӕлтӕрдджындӕр командӕйӕн, уӕддӕр цӕгатирыстойнӕгтӕн сӕ ныфс нӕ асаст, ӕмбарынц, нӕ ног командӕ фӕндагӕн йӕ  райдайӕны кӕй ӕрлӕууыд, уый.

Ацы хъазты Хӕдарцаты Батрадз 11-метрӕй пурти бакъуырдта уазджыты хызы. Хъазты фыццаг хай куы фӕцис, уӕд Гӕбулты Владимир утӕппӕт дзыллӕйы ‘хсӕн арфӕ ракодта, Казахстанӕй уӕгъдибар хъӕбысхӕсты дунеон чемпионатӕй сыгъзӕрин майдантимӕ чи сыздӕхт, уыдонӕн —Байаты Давид ӕмӕ Сидахъаты Зауырбегӕн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here