Адӕм — алыхуызон сты. Алчидӕр дзы бӕрнондзинад йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмбары. Фӕлӕ Октябрыхъӕуы бӕлццӕттӕласӕн куыстуаты гаражы фӕллойгӕнджытӕ цыма иу нывыл карст рауадысты. Автобус маршрутмӕ ратулӕд, ӕндӕр йӕ хицау бацархайы ӕмӕ йӕ боны куысты бӕрӕггӕнӕн, цас ӕмбӕлы, уый бӕрцӕй разынын кӕны. Ам ӕввонгхор шофыртӕ нӕй, ӕндӕр ныры уавӕрты ацы куыстуат раджы фехӕлдаид.
Автобустӕ 12 маршрутыл графикмӕ гӕсгӕ цӕуынц. Йӕ рӕстӕгыл сбад ӕмӕ — фӕндараст… Бӕлццонӕн дзы алы удӕнцой дӕр ис: салон сыгъдӕг ӕмӕ рухс, бандон фӕлмӕн. Фӕлӕ фӕсивӕд маршруткӕтӕ цӕмӕндӕр гӕсгӕ сӕхицӕн хуыздӕрӕн айстой, сӕ фылдӕр уыдонмӕ здӕхынц.
Маршруткӕ бынатӕй дзагӕй ранкъуысы. Автобус та йӕ фӕдыл. Йӕ фӕндагыл ма иугай адӕймӕгты «уидзгӕ» рацӕуы, фӕлӕ ма салоны уӕддӕр уӕгъд бандӕттӕ баззайы. Уымӕн ӕмӕ бӕлццӕтты такситӕ дӕр ласынц, хи рог машинӕтӕ кӕмӕ ис, уыдон дӕр фӕстейы нӕ зайынц, ӕхца кусыныл архайынц. Уыцы уавӕр паддзахадон куыстуат ӕгуыдзӕг ранмӕ тӕры.
Бынтон ӕнӕпайда у Хъӕрмӕдоны маршрут. Сӕ автобус арӕх зыбыты афтидӕй фӕцӕуы. Ацы фӕндагыл фылдӕр адӕм сӕхи рог машинӕты цӕуынц. Фӕлӕ уӕддӕр, хохӕгты уыцы ласӕнгарз хъӕугӕ кӕны. Посты бӕх дзы рауади. Хӕхбӕстӕй быдырмӕ — фосдарынады продукттӕ ласы, быдырӕй — хӕхбӕстӕм алыхуызон товартӕ. Стыр ӕууӕнкджын сты йӕ шофыртӕ. Бахӕс сын кодтай — бӕсты бацӕудзысты ӕмӕ аслам базар кӕнынмӕ дӕр сарӕхсдзысты.
Хӕххон фӕндӕгтыл цӕлхытӕ ихсийынц, мотор артаг фылдӕр хӕры, уӕдӕ шофырӕн дӕр мызд фидын хъӕуы. Мӕнӕ Джызӕлмӕ цы дыууӕ автобусы цӕуынц, уыдон дӕр тынг ӕнӕпайда рауадысты. Автотранспортон куыстуаты разамынд сӕ «льготникты» тыхстдзинад ӕмбаргӕйӕ дары. Уавӕрӕн быхсы ӕмӕ быхсдзӕн. Сӕ гыццыл ӕфтиӕгтӕ сын кӕд ӕнӕвгъауӕй «ныхъхъуырынц», уӕддӕр дзы иу ласӕнгарз дӕр йӕ маршрутӕй нӕ фӕхаудзӕн.
Ацы гаражы разамынд 100 маршруткӕйы хицауимӕ ӕмгуыстдзинады бадзырдтӕ сарӕзта. Ноджы ма сын лицензитӕ рафыста. Ныр шофыртӕ сӕ хъалонтӕ адонмӕ афоныл фидынц. Уӕдӕ сӕ механиктӕ транспорты техникон уавӕрмӕ сӕ цӕст дарынц. Уыцы ӕмгуыстдзинад сын дыууӕрдӕм пайда у.
О, машинӕ сцалцӕг кӕнынӕн гаражы хорз уавӕртӕ ис. Цух не сты алыхуызон дӕсны специалисттӕй дӕр. Мотор «ӕрхоста», афоныл ма йӕ райхал. Сӕйраг инженер Танделаты Инал дӕ уӕлхъус лӕудзӕн, науӕд де ‘мхуызон дӕр архайдзӕн. Йӕ къухтӕ цы хъуыддагмӕ бахӕццӕ вӕййынц, уый сгуыхы.
Инал директоры рахиз цонг у. Шофырӕй ардӕм 1980 азы ӕрбацыд. Инженер ссис, директоры хӕдивӕг, сӕйраг инженер, йӕ рӕстӕджы — директор дӕр уыдис. Уый техникӕ тынг зоны, бӕлццӕттӕласӕн транс-порты куысты хицӕндзинӕдтӕ шофыртӕн амоны. Йӕ ныхас хорз цӕуы, автобустӕн «дохтыры» хуызӕн у.
Ацы куыстуаты хорз электрик ис, Мамиаты Сашӕ йӕ хъуыддаджы тынг ӕмбулы. Машинӕйы «проводкӕйы» хъӕндзинады аххосӕй автобус фӕндагыл никуы ӕрлӕууыд. Телты ӕлхынцъ райхалынмӕ уый хуызӕн специалисттӕ гыццыл сты. Дзӕуджыхъӕуӕй дӕр ӕм ӕххуысагур ӕрбацӕуынц.
Фӕллойы ветерантӕн сӕ фылдӕрӕн автобусы лӕвар цӕуыны бар радтой. Адӕймаг ӕрмӕстдӕр уыцы ӕвдисӕндар равдисӕд, ӕндӕр — табуафси, уыйбӕрц дӕр дзы архайӕд. Гӕххӕтт йӕхимӕ нӕ разынд, уӕддӕр ацы гаражы шофыр хистӕрӕн тыхстдзинад нӕ саразы. Уый фӕдыл директор Тедеты Ярослав афтӕ загъта: «Ирон адӕм стӕм, уӕдӕ зӕронд адӕймагимӕ хи ӕндӕрхуызон дарӕн куыд ис?»
Куыстуаты директор Тедеты Ярослав лӕппулӕджы кары бацыд. Ам инженерӕй 2012 азы ныллӕууыд. Уӕды разамонӕг Танделаты Инал ӕрыгон специалистмӕ лыстӕг ӕркаст, хорз разамонӕг дзы рауайдзӕн, уый раиртӕста. Артмӕ кӕй бадарай, уый дӕр йӕ директоры бынат барвӕндонӕй нӕ ратдзӕн. Иналмӕ та уыцы хъару дӕр разынд — йӕ бынат суӕгъд кодта, ӕмӕ уӕлдӕр хицауадӕн бакой кодта, Ярослав кӕй сарӕхсдзӕн уыцы куыстмӕ, ӕмӕ нӕ фӕрӕдыд.
Дыууӕйӕ дӕр ӕцӕг лӕгтӕ сты, стыр хъуыддӕгтӕ аразынц ӕмӕ ӕнтыстджын уӕнт!
Дзуццаты Къоста














