Хӕххон бынӕтты рӕзты программӕ

0
253

Цӕгат Ирыстоны разамынд йӕ размӕ сӕвӕрдта хохаг хъӕуты ногӕй уд бауадзыны ахсджиаг нысантӕ, ныридӕгӕн йӕ тыхы бацыдис сӕрмагонд программӕ. Уый фӕрцы хохаг хъӕутӕм баздӕхдзысты фӕсивӕд, ӕрыгон бинонтӕ.

Республикӕйы Рӕзты агентады разамонӕг Плиты Алыксандры ныхасмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ бавнӕлдтой хӕххон фӕзты рӕзтимӕ баст хъуыддӕгтӕм. «Цард куыд равдыста, афтӕмӕй нӕ хохаг хъӕутӕ сафтид сты, иугай адӕймӕгтӕ ма дзы цӕры. Фӕсивӕд горӕттӕм кӕй аивылдысты, уыцы тыхстдзинад ӕрмӕст мах нӕ банкъардтам, уый бӕрӕг дары Италийы, Швейцарийы. Уым дӕр хохаг хъӕуты цӕрынц 10-15 адӕймаджы бӕрц», — бафиппайдта агентады разамонӕг.

Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хӕххон бынӕтты фосдарынадӕй уӕлдай ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ис архайӕн. Цӕгат Ирыстоны хорз фидӕн ис туристон къабазӕн, дыргъдӕтты рӕзтӕн. Республикӕйы разамынды нысантӕм гӕсгӕ нӕм хъуамӕ 2024 азмӕ ӕрбацӕуа 350 мин туристы. Ӕрмӕст 2017 азы республикӕ бабӕрӕг кодта 112,7 мин адӕймаджы.

Плиты Алыксандр куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй хӕххон хъӕуты рӕзты программӕ у бирӕвӕрсыг, нымад дзы цӕуынц цӕрынӕн ӕппӕт хъӕугӕ фадӕттӕ. «Цӕмӕй ӕрыгон адӕймаг хъӕумӕ ӕрбаздӕха, йӕ бинонты ӕрласа, уый тыххӕй йын хъуамӕ уа куыст. Хъӕумӕ фӕндаг дӕр хъуамӕ уа фадатджын, цӕрӕнбынаты уа культурӕйы артдзӕст, сывӕллӕттӕн спортивон фӕзтӕ, рӕвдауӕндон, скъола, амбулатори. Ныридӕгӕн фыццаг хъӕппӕрисджын адӕймӕгтӕ сӕхи равдыстой — авд ӕрыгон бинонтӕ сывӕллӕттимӕ баздӕхтысты хохаг хъӕутӕм. Сӕ зӕрды ис фос дарын», — загъта Плийы-фырт.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here