2019 азы сентябры фыццаг хатт тыллӕг радтой, Италийӕ цы фӕткъуыйы талатӕ ӕрбаластой, уыдон. Ныссагътой сӕ Къостайыхъӕуы саумӕр зӕххы. Дыргъдоны фӕзуат у 50 гектары. Хуссар Ирыстоны климӕт бӕззон разынд италиаг бӕлӕстӕн ӕмӕ ныр инвестортӕ фӕнд кӕнынц дыргъдоны фӕзуатыл ма ноджыдӕр бафтауын.
«Инвесторты фӕндонмӕ гӕсгӕ дыргъдоны фыццаг тыллӕг лӕвар ратдзысты Цхинвалы интернатӕн, зӕрӕдты хӕдзар «Аудындзинад»-ӕн ӕмӕ Ленингоры поселочы «Сабиты хӕдзар»-ӕн, — фехъусын кодта компани «Хуссайраг дыргъдон»-ы директор Бекъойты Леуан.
РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли куыд загъта, афтӕмӕй уӕрӕсейаг бизнес республикӕйы базарадмӕ активонӕй кӕй цӕуы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны экономикӕйы инвестицион фӕрӕзтӕ кӕй ӕвӕры, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын нӕ бӕстӕты ‘хсӕн бадзырдты амынд уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд хорз уавӕртӕ. «Уырны мӕ, иумӕйаг хъарутӕй нӕ бон кӕй бауыдзӕн Хуссар Ирыстоны экономикӕ ӕппӕты бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ сисын, уый», — загъта Бибылы-фырт.
Дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн бизнесы рӕзтӕн ӕппӕтвӕрсыг ӕххуысмӕ цӕттӕ у Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы. РХИ-йы минӕвар УФ-йы Гасситы Знауыр загъта: «Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ис хорз фадӕттӕ базарадон-промышленнон ӕмӕ хъӕууонхӕдзарадон къабӕзты егъау инвестицион программӕтӕ царды рауадзынӕн. Республикӕйы хицауад Уӕрӕсейы хицауадимӕ ӕнгом ӕмгуыстдзинад кӕнгӕйӕ, аразынц нӕ бӕстӕйы экономикон ӕмгуыстдзинады ӕппӕтвӕрсыг рӕзтӕн ахъазгӕнӕг мадзӕлттӕ».
РХИ-ы Минӕварады пресс-службӕ














