Медицинон ӕххуыс, донӕфсисад, ног социалон объекттӕ

0
432

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн Дигорайы горӕты, Мустыздӕхы хъӕуы ӕмӕ Николаевскы станицӕйы цӕрджытимӕ цы фембӕлд уыд, уым бӕстон ныхас рауадис районы рынчындоны архайды, фыццаг медицинон ӕххуысдӕттӕг кусджыты уавӕрты, зӕронд донуадзӕн хӕтӕлты бындурон цалцӕджы, рӕвдауӕндӕттӕн уӕлӕмхасӕн бӕстыхӕйттӕ саразыны, ӕндӕр ног социалон объекттӕ аразыны, ӕхсӕнадон фӕзтӕ саив кӕныны тыххӕй.

Фембӕлд конд ӕрцыд районы Культурӕйы галуаны. Райдайӕны уал Битарты Вячеслав адӕмы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведевимӕ фембӕлды цы ахсджиаг нысантыл ӕрдзырдтой, уыдон. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Уӕлладжыры комы туристон комплекс «Мамысон»-ӕн лӕвӕрд ӕрцыд сӕрмагонд экономикон нысаниуӕг. «Ныртӕккӕ нын ӕппӕт барадон уавӕртӕ дӕр ис инвестортӕм фӕсидынӕн ӕмӕ хӕххон-рекреацион комплекс саразынӕн. Федералон центры размӕ республикӕйы разамынд цы фарстытӕ сӕвӕры, уыдон лыггонд цӕуынц афойнадыл. Кӕддӕриддӕр нӕ бамбарынц, рахӕссынц аккаг уынаффӕтӕ», — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Дыгуры районы цӕрджытӕ рӕгъмӕ лыггӕнинаг фарстытӕ куы рахастой, уӕд Битарты Вячеслав бахӕс кодта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Годжыцаты Тамерланӕн, адӕмӕн ӕмбӕлгӕ медицинон ӕххуыс кӕныны уавӕр раиртасын. Хъуамӕ тагъд ӕххуысы машинӕтӕ афойнадыл хӕццӕ кӕна районы кӕцыфӕнды хъӕумӕ дӕр. Уӕдӕ рынчындоны бынӕтты нымӕц фӕкъаддӕр кӕнын дӕр, республикӕйы разамонӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, раст нӕу.

«Национ проект «ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад»-ы руаджы бирӕ ӕхца лӕвӕрд цӕуы, мах дарддӕр дӕр араздзыстӕм, цалцӕг кӕндзыстӕм нӕ рынчындӕттӕ, поликлиникӕтӕ. Хъӕуты фӕзындзӕн ног фелсырон-акушерон пункттӕ, ӕппӕт дзӕбӕхгӕнӕндӕттӕм ӕлхӕндзыстӕм нырыккон ифтонггӕрзтӕ. Уӕдӕ сӕйраг фарст — хорз специалисттӕ цӕттӕ кӕнын дӕр рохуаты нӕ баззайдзӕн. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады архайды ахадындзинад комкоммӕ баст у дохтырты цӕттӕдзинадимӕ, дохтыртӕ рынчынтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уыимӕ», — бафиппайдта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Уыцы ӕмбырдмӕ Алагирӕй ныццыдис Бутаты Наталья, уый арфӕ ракодта Битарты Вячеславӕн, йӕ фырт Таймуразы фервӕзын кӕныны тыххӕй ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр кӕй сарӕзта, уый фӕдыл. Республикӕйы разамонӕг йӕхӕдӕг фӕныхас кодта бӕстӕйы хуыздӕр онкологтӕ ӕмӕ Мӕскуыйы стырдӕр рынчындӕтты разамонджытимӕ, хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста Годжыцаты Тамерланӕн ӕмӕ ныр сывӕллонӕн тас нал у. Уый йӕхӕдӕг дӕр йӕ мадимӕ ныццыд Дигорамӕ.

Дыгуры районы иумӕйагахуырадон кусӕндӕтты материалон-техникон уавӕр дӕр домы цӕхгӕр ивддзинӕдтӕ. Ӕвӕстиатӕй цалцӕггӕнинаг у Николаевскы станицӕйы скъола. Битарты Вячеслав куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй республикӕйы 180 скъолатӕн сӕ 70 проценты у бындуронӕй зилинаг. Уыцы хыгъдмӕ бахастӕуыд Дыгуры районы скъолатӕ дӕр.

«Уӕрӕсейы Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведевимӕ нын цы фембӕлд уыдис,  уым ацы хъуыддагыл дӕр ӕрныхас кодтам. Федералон хицаудзинад цӕттӕ сты республикӕйӕн баххуыс кӕнынмӕ. Махмӕ хауы куыстытӕ райдайыны тыххӕй ӕмбӕлгӕ проектон-хӕрдзты документаци бацӕттӕ кӕнын. Хӕстӕгдӕр дыууӕ азы дӕргъы арӕзтадон организацитӕ бавналдзысты ӕвӕстиатӕй цалцӕггӕнинаг ахуырады кусӕндӕттӕм», — зӕрдӕ бавӕрдта Битарты Вячеслав.

Мустыздӕхы 2021 азы райдайдзысты 200 бынатимӕ Культурӕйы хӕдзар аразын. Цӕттӕ у проектон-хӕрдзты документаци, специалисттӕ ӕппӕт цӕттӕгӕнӕн хъуыддӕгтӕ дӕр скодтой. Фарон Дигорайы горӕты саив кодтой 10  кӕрты, ацы аз аразджытӕ кусынц 6 объектыл. Фӕндӕгтӕ цалцӕг кӕныны программӕмӕ дӕр районы ӕххӕстгонд цӕуы.

Стыр ӕхца домы Дигорайы горӕты донуадзӕн хызӕг раивыны хъуыддаг. Ӕмбырды куыд райхъуыстис, афтӕмӕй ацы объект дӕр хаст ӕрцыдис нӕ республикӕйы доны хӕдзарад бындуронӕй рацаразыны пъланмӕ. Цӕгат Ирыстоны разамынд архайы, ацы хъуыддагӕн федералон бюджетӕй ӕхца райсыныл. Ныртӕккӕ Дигорайы горӕты ис иуӕндӕс донгуырӕны, уыдоны куыстыл хардзгонд цӕуы бирӕ электрон тых. Хуыздӕр уаид, хӕдкалгӕ донвӕд саразын, уый руаджы ма донӕн фидыны аргъ дӕр фӕкъаддӕр уаид.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here