Кусӕг балц — Мӕздӕгмӕ

0
459

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз кусӕг балцы рӕстӕг бабӕрӕг кодта Рахизфарсы, Кировы ӕмӕ Мӕздӕджы районтӕ, уым федта социалон объектты арӕзтӕдтӕн куыд ӕнтысы, уый.

Беслӕны 2-ӕм рӕвдауӕндонмӕ уӕлӕмхасӕн бӕстыхайы арӕзтад йе ‘мгъуыдтӕй чысыл фӕсте аззад. Аразджытӕ зӕрдӕ бавӕрдтой, хъуыддӕгтӕ кӕй фӕрӕвдздӕр кӕндзысты, уымӕй. Змейкӕйы станицӕйы дӕр ахӕм объект аразынц, кӕд куыстытӕм мӕйы размӕ бавнӕлдтой, уӕддӕр аразджытӕн бирӕ бантыст. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтӕмӕй скъолайы агъоммӕ объекттыл цы куыст цӕуы, уымӕ ӕппынӕдзухдӕр уӕлдай цӕстдард уыдзӕн.

Мӕздӕджы районы бирӕфадатджын хъазӕн фӕз ӕмӕ сывӕллӕтты спортивон-дзӕбӕхгӕнӕн комплексы арӕзтӕдтӕ цӕуынц Винограднӕйы ӕмӕ Хъызлары хъӕуты. Хицауады Сӕрдар бафиппайдта, аразджытӕ ӕмгъуыдтӕй фӕсте кӕй зайынц, уый. Мӕздӕджы физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплексы арӕзтад кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Тускъаты Таймураз ма бабӕрӕг кодта Мӕздӕджы, 500 бынаты кӕм уыдзӕн, ахӕм скъолайы, Луковскы станицӕйы 150 бынатӕн рӕвдауӕндоны ӕмӕ Октябры хъӕуы фелсырон-акушерон пунктты арӕзтӕдтӕ.

Уыцы бон ма Хицауады Сӕрдар Мӕздӕджы скодта районы социалон-экономикон рӕзтимӕ баст ӕмбырд. Архайдтой дзы районы разамонджытӕ Гугиты Геннади ӕмӕ Олег Яровой. РЦИ-Аланийы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег, финансты министры хӕдивӕг Оксанӕ Карова, экономикон рӕзты министры хӕдивӕг Дзоблаты Зураб, иннӕ бӕрнон адӕймӕгтӕ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтӕмӕй район дзӕбӕх рӕзы, йӕ экономикон бӕрӕггӕнӕнтыл ӕфты. Дзӕбӕх ивддзинӕдтӕ фӕбӕрӕг сты социалон къабазы, рӕзынц хи хъалонты ӕмӕ ӕнӕхъалонты ӕфтиӕгтӕ.

«Фӕлӕ ма нӕ нырма бирӕ хъуыддӕгтӕ хъӕуы скӕнын. Нӕ куысты ахадындзинад баст у алы ӕмвӕзады хицаудзинады ӕмархайдӕй. Нӕ рӕстӕг вазыгджындӕр у, уыимӕ, диссаг дӕр, ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы национ проекттӕ, уыдоны фӕрцы та республикӕйы цӕрджыты цард хуыздӕрӕрдӕм аивдзӕн», — фӕнысан кодта Тускъаты Таймураз.

Ӕмбырды ма ӕрныхас кодтой районы бюджет ӕххӕст кӕныны, агропромышленнон комплексы рӕзты, адӕмӕн куыст ссарыны, чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомадӕн ӕххуысы фарстытӕ. Стыр ӕргом аздӕхтой социалон ахадындзинады объектты арӕзтадмӕ. Уыдон конд цӕуынц национ проектты фӕлгӕты. Рохуаты нӕ баззад Мӕздӕг иннӕ районтимӕ чи бабӕтдзӕн, уыцы фӕндадджы арӕзтад дӕр.

Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз иннӕ бӕрнон адӕймӕгтимӕ, фӕбӕрӕг кодтой хӕстӕгдӕр мӕйтӕм бакӕнинаг хъуыддӕгтӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here