Хъарм уыдзӕн хӕдзӕртты

0
369

Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ районты хъармдӕттӕг организацитӕ райдыдтой хъармӕфсисады системӕтӕ дзаг кӕнын. Ацы куыст ӕнӕмӕнг хъӕуы хъармгӕнӕн рӕстӕг чысылгай ӕмӕ ӕдасӕй райдайыны тыххӕй.

Разамынддӕттӕг компанитӕ ӕмӕ Цӕрӕнуӕтты хицӕутты ӕмбалӕдтӕ иумӕ кусынц хъармдӕтджытимӕ, бӕрӕггонд цӕуынц хъармӕфсисады мидӕгхӕдзарон системӕты зӕрдӕдаргӕдзинад ӕмӕ куыст. Уымӕй уӕлдай республикӕйы Паддзахадон цӕрӕнуӕтты ӕмӕ архитектурон-арӕзтадон цӕстдарды службӕ бӕрӕг кӕны бирӕфатерон хӕдзӕртты цӕттӕдзинады хӕрзхъӕддзинад. 15 сентябрӕй фӕстӕмӕ службӕйы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой сӕдӕ хӕдзарӕй фылдӕр.

Ацы рӕстӕг муниципалитеттӕ фылдӕр ӕргом здахынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ ахуырадон объектты уавӕр бӕрӕг кӕнынмӕ. Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады комитеты разамонӕг Хуасдзауты Мӕирбег фӕсидт Дзӕуджыхъӕуы хъармдӕттӕг хызтӕм, цӕмӕй сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцӕуа арӕндӕттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕм.

Фӕззыгон-зымӕгон рӕстӕгмӕ цӕттӕ кӕныны фӕлгӕты республикӕйы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ конд ӕрцыдысты хъармдӕттӕг 242 километры. Хъармгӕнӕн рӕстӕгмӕ цӕттӕгонд ӕрцыдысты 307 хъармгӕнӕны.

«Абоны онг ацы къабаз ног хъармгӕнӕн сезонмӕ бацӕттӕ кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр куыстытӕ спълан кодтам, уыдон ӕххӕстгонд ӕрцыдысты. Иуӕй-иу фӕзилӕнтӕ ма нын баззадысты, ӕмӕ уыдон дӕр фӕвӕййӕм, фӕлӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, системӕ хъармгӕнӕн рӕстӕгмӕ цӕттӕ кӕй у, уый»,— радзырдта РЦИ-Аланийы цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here