Хъуамӕ хъуыдыйыл ӕнцой кӕна

0
655

Адӕймаджы зӕрдыл арӕх ӕрлӕууынц советон дуджы азтӕ. Цъыф сыл цасфӕнды фӕкалӕнт, фӕфауӕнт сӕ, уӕддӕр, цы уыдысты, уымӕй баззадысты. Рӕстаг фӕллойгӕнӕджы фарны хъӕстӕ фӕкодтой, адӕймаг дзы цыдӕр ӕвзӕрдзинӕдты ӕдде адӕймагдзинады ӕууӕлтӕ уыдта ӕмӕ ӕнкъардта. Ныр дӕм мӕгуыргур йӕ къух куы ӕрбадаргъ кӕна, дӕ размӕ бомж куы  фӕуа, уӕд дӕхи куыд хъуамӕ ӕнкъарай? ӕви ӕфсӕст ӕххормаджы хъуамӕ ма ӕмбара, уый раст у? Мӕгуыргур дӕр адӕймаг у ӕмӕ бомж дӕр. Уый онг дӕлейау ӕрхаудтой сӕ царды уавӕрты азарӕй. Ӕхсӕнады уагӕвӕрды фыдӕй.

О, фӕлӕ ныр мӕ зӕрдыл хорзы тыххӕй не ‘рлӕууыд уыцы дуг. Тыхмийӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ арӕзт цыд. Уӕлдайдӕр та — Ирыстоны. Нӕ уӕды хицауады-иу цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ стыр хъуыддӕгтӕ ацаразын бафӕндыд. Ирон адӕмы удварны дӕр. Уымӕй дӕр халӕн куысты. Уӕдӕ цы уыд нӕ кувӕндӕттимӕ тох, ӕртӕ чъирийы ныхмӕ дзӕнгӕда цӕгъдын, нӕ чындзӕхсӕвты фӕтк халын! Стыр кадджын кодтой уӕд фӕскомцӕдисон чындзӕхсӕв. Ӕмӕ иу хъуыддагӕй хорз уыд: ног къайӕн-иу хицауад стыр лӕвӕрттӕ ракодта, сӕ иумӕйаг царды фыццаг къахдзӕфты сын стыр ахъаз чи фӕуыдаид, ахӕмтӕ. Ныр дӕр бӕргӕ афтӕ куы уаид. Фӕлӕ ахӕм чындзӕхсӕвтӕ бындуронӕй хӕлдтой ирон чындзӕхсӕвы фӕтк, йӕ хъуыды, йӕ рӕсугъддзинад, йӕ цин. Гъе уый тыххӕй ирон царды бынат не ссардтой, нӕ ныффидар сты.

Цардивылд цӕугӕдонӕй уӕлдай нӕу. Иуӕрдӕм кӕнӕ иннӕрдӕм аздахӕн ын ис, бауромӕн ын нӕй! Йӕ разӕй дӕ сӕрсӕфӕнмӕ ахӕсдзӕн. Ӕгъдӕуттӕ дӕр цардӕй цӕуынц ӕмӕ уыдонӕн дӕр бацауазӕн — бынтон аивӕн нӕй. Уымӕн ӕмӕ царды фӕлтӕрддзинадыл ӕнцой кӕнынц. Ис сӕм ивддзинӕдтӕ хӕссӕн, ис сын хорз ӕмӕ ӕвзӕрӕрдӕм здахӕн. Ӕмӕ сӕ цавӕр адӕймаг кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ ӕнкъарынц ирӕттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр. Хорз лӕджы къухы кусӕнгарз, хӕцӕнгарз куыд хорз сфидауы, афтӕ — ӕгъдау дӕр. Хуыцауӕй разы — хуыздӕртӕ фылдӕр сты, ӕмӕ нӕ ӕгъдӕуттӕ дӕр сӕ хуыз скалынц, хуыздӕр кӕнынц, цардимӕ ӕмдзу кӕнынц.

Зӕгъӕм, ныры дуджы чындзӕхсӕвы лӕвӕрттӕ ӕмӕ кусӕрттаг дзырддаг нал сты, йӕ сӕрмӕ ничиуал хӕссы уыдоныл ныхас стынг кӕнын. Кӕнӕ чындзы уӕлӕдарӕс, хӕдзары дзаумӕттӕ. Дӕ фадат куыд амоны, афтӕ кӕн.

Уӕдӕ хӕрнӕджы фынгӕй фӕндаггӕгтӕ дӕр фӕкъаддӕр сты. Йӕ сӕрмӕ ничиуал хӕссы, фынгӕй сыстгӕйӕ ма къӕбицӕй йемӕ сахатмӕ цӕуинаг фӕндагмӕ исты айсын. Куырыхон хистӕртӕ архайынц, цӕмӕй адӕм мӕрдӕхсӕвӕр мауал кӕной, сабатизӕртӕм нӕлгоймӕгтӕ ма цӕуой. Хӕрнӕджы фынгыл цыппар рӕгъӕй фылдӕр ма кӕной. Хатт сын тыхмийы хуызӕн рауайы, ӕгъдау та тыхми нӕ быхсы. Ӕмӕ фылдӕр адӕм мӕрдӕхсӕвӕр дӕр, стӕй ма хӕрнӕджы фынгыл цыппар нӕ, фӕлӕ дыууадӕс рӕгъы дӕр кӕнынц. Ӕвӕццӕгӕн, ӕгъдӕуттӕм ахӕм стыр ивддзинӕдтӕ ӕвиппайды хӕсгӕ не сты. Фӕлӕ уал мӕрдӕхсӕвӕр ӕмӕ сабатизӕртӕ, нӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, уымӕ куы раздӕхиккам. Раджы мӕрдджыны хӕдзары пецы хойраджы тыххӕй арт скӕнын, арынгмӕ ӕвналын йе ‘вӕрӕн бонӕй раздӕр нӕ фӕтчыд. Хиуӕтты ӕмӕ хорз сыхӕгты фӕрцы, ома, сӕ хаст хойрагӕй ӕвӕрдтой фынг, мардныгӕнӕн боны хӕстыл адзурыны тыххӕй-иу чи ӕрӕмбырд, уыдонӕн. Куы-иу бауынаффӕ кодтой, уӕд сӕ-иу мардӕн ныххӕлар кодтой. Ныр та кусарт нӕ акӕныныл дӕр нал фӕлӕууынц. Уӕдӕ сабатизӕрты дӕр лӕгтӕ фынгыл нӕ бадтысты. Ӕмбисондӕн куы баззад: «Сабатизӕры устытау, ныхасыл фесты».

Уӕдӕ дыууиссӕдзӕм бон та, кӕд кӕныс, уӕд фӕдзур ӕрмӕст ӕввахс хӕстӕджытӕ ӕмӕ хӕрз сыхӕгтӕм. Ӕмӕ де ‘гъдау скӕн — дӕ мардӕн дӕ ӕрцӕттӕгонд хойраг ныххӕлар кӕн, ӕрымысут ын йӕ ном. Стыр фӕлхӕстӕ дӕр дзы цӕмӕн хъӕуы? Кӕмдӕрты хӕрнӕджы фынг цины фынгӕй куыд нал фӕхицӕн кӕны, уый та у ӕнӕфенд ми.

Хӕрнӕджы фынгыл ӕрмӕст цыппар рӕгъы кӕнынмӕ чи хъавы, уый йыл цыфӕнды куы дзура, уӕддӕр иннӕтӕ сӕ кӕнон кӕндзысты. Хуыздӕр нӕ уаид, нӕ фыдӕлтӕм та фӕстӕмӕ акӕсын ӕмӕ сӕм хорзӕй цы уыд, уый райсын. Уыдон арфӕйы нуазӕнӕй ӕмӕ искӕй мӕрдтӕн рухсаг зӕгъынӕй дӕр рӕгъытӕ нӕ уагътой. Уыдон куы аиуварс кӕнӕм, уӕд ма рауайдзысты 8 рӕгъы 1. Стыр Хуыцауыл марды ӕмӕ мӕрдджын бинонты бафӕдзӕхсын. 2. Рухсаджы рӕгъ. 3. Бинонты цӕрӕнбоны рӕгъ. 4. Йӕ хиуӕттӕй йӕ разӕй мӕрдтӕм чи бацыд, уыдонӕн рухсаг зӕгъын. 5. Ӕрцӕуӕг адӕмӕн арфӕ ракӕныны рӕгъ. 6. Ӕрцӕуӕг адӕмы хистӕрӕн рӕгъы бар. 7. Кӕстӕрты цӕрӕнбоны тыххӕй рӕгъ. 8. Бинонты ӕмӕ марды Мыкалгабырыл бафӕдзӕхсын — бӕркады рӕгъ. Уыдон дӕр ӕнӕмӕнг нуазгӕ хъуамӕ ма уой. Дӕ агуывзӕйӕ саход ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕр стъолыл, цӕмӕй адӕм зианы фынгыл нозтджын ма кӕной, дзолгъо-молгъо ма кӕной. Ӕмӕ нӕ марды ӕгъдау йӕ уагыл уа.

Иу хатт ма йӕ зӕгъын: ӕгъдау тыхми нӕ быхсы. Ӕгъдау аразгӕ у цардимӕ баргӕйӕ, адӕмы уагимӕ, нӕ фыдӕлтӕ дзы цы мидис бавӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы хуызы йӕ куы кӕнай, уӕд нӕ фӕрӕдидзынӕ. Махӕн нӕ дин не ‘гъдӕуттӕ сты, ӕмӕ сӕ чырыстон динимӕ чи хӕццӕ кӕны, уый рӕдийы. Райсӕм мӕрдӕгъдӕуттӕ Зӕрдӕвӕрӕн ӕмӕ Майрӕмы куадзӕн. Зӕрдӕвӕрӕн у ног марды ингӕныл уалдзӕджы нӕууӕвӕрӕн ӕмӕ йын ног халсар, гагадыргъӕй рухсаг зӕгъын. Ӕрвылаз дӕр вӕййы майы фӕстаг цыппӕрӕмы. Чырыстон Вознесение Господнеимӕ йӕ чи бӕтты, уый рӕдийы.

Майрӕмы куадзӕн ирон адӕммӕ у ног мӕрдтӕн сӕрдыгон халсӕрттӕ ӕмӕ дыргътӕй ныххӕлар кӕныны мӕрдты бон. Ӕрвылаз дӕр вӕййы августы фӕстаг майрӕмбоны. Майрӕмы куадзӕн дӕр уымӕн хуыйны. Чырыстон бӕрӕгбон Успение Пресвятой Богородицыимӕ йӕ чи бӕтты, уый рӕдийы. Уыцы бӕрӕгбон ӕрвылаз дӕр вӕййы 28 августы ӕмӕ ӕрцӕуы хуыцаубонмӕ дӕр. Ирон адӕммӕ та хуыцаубоны уӕлмӕрдмӕ цӕуын нӕ фӕтчы. Зӕгъынц, раздӕр, дам, хуыцаубоны мард дӕр нӕ ныгӕдтой.

Хуыцаубоны нӕ фӕтчы дыууиссӕдзӕм  боны кӕнд кӕнын дӕр. Арӕх адӕм фӕфӕрсынц, мардӕн йӕ дыууиссӕдзӕм бон кӕдӕй нымайгӕ у, зӕгъгӕ. Нымайгӕ у йӕ мӕлӕн бонӕй ӕмӕ йӕ кӕнгӕ у сабаты — мӕрдты бон. Сабатмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд та йӕ нымадмӕ гӕсгӕ хӕстӕгдӕр сабаты. Йӕ дыууиссӕдзӕм бон та йын йӕ ном ӕрымысын фӕхъӕуы бинонты ӕхсӕн.

Ирон адӕм сӕ царды бонтӕ нымайынц: къатыбонтӕй, ӕнцойбонтӕй, рӕмонбонтӕй, бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ тӕфӕбонтӕй. Къатыбон у кусгӕ бон, ӕнцойбон — фӕлладуадзӕн бон, рӕмонбон — цины бон, бӕрӕгбон — кувӕндонмӕ цӕуӕн, кувӕн бон, тӕфӕбон — мардӕрцыдыл хъыггӕнӕн бон.

Уымӕй уӕлдай ма ирон адӕммӕ къуырийы алы бон дӕр баст у кӕцыдӕр зӕд кӕнӕ дуаджы номимӕ. Къуырисӕр у Уацилламӕ, Алардымӕ. Тутырмӕ кувӕн бон, нымад у уыдоны боныл. Дыццӕг у Уастырджийы бон, ӕртыццӕг — Бынаты бардуаджы. Цыппӕрӕм — Мыкалгабыры, майрӕмбон — Мады зӕды, Мады-Майрӕмы, сабат у мӕрдты бон, хуыцаубон — Хуыцауы бон.

Къуырийы бонтӕн сӕ ӕхсӕвтӕ дӕр сты уӕлдӕр ранымадмӕ гӕсгӕ уыцы зӕдты ӕмӕ дауджыты, стӕй сабатӕхсӕв — мӕрдты ӕмӕ Хуыцау ӕхсӕв. Ӕмӕ дын «дӕ бон хорз»-ӕн исчи  куы зӕгъа: «Кӕй бон у, уый хорзӕх дӕ уӕд», уӕд ӕй зон: къуырисӕры дӕ кӕй фӕдзӕхсы Уациллайыл, Тутырыл; Алардыйыл; дыццӕджы — Уастырджийыл, ӕртыццӕджы — дӕ бынаты бардуагыл, цыппӕрӕмы — Мыкалгабырыл; майрӕмбоны — Мады зӕдыл, Мады-Майрӕмыл, Хуыцаубоны — Стыр Хуыцауыл.

Сабат бон мӕрдты бон у ӕмӕ, дам, зӕды аудындзинадӕй марды аудындзинад къаддӕр нӕу. Дӕ мӕрдтӕ дыл аудӕнт, сӕ уӕлеон зӕрдӕ дӕм дарӕнт — вӕййы ахӕм арфӕйы ныхас. Ирон адӕм сӕ мӕрдтӕй хуымӕтӕджы нымд  нӕ кӕнынц. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сын фынджыдзагӕй сӕ ном ссарынц. Сылгоймаг та йӕ мойы мард хиуӕттӕй искӕй ном бадгӕйӕ куы фехъусы, уӕд фесты ӕмӕ йын “рухсаг у” фӕзӕгъы.

Уӕлдӕр куыд загътон, афтӕмӕй дыууиссӕдзӕм боны кӕнд аргъуаны нымадмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг уыцы бон  кӕнгӕ нӕу. Сабат мӕрдты бон у, ӕмӕ, дам, уыцы бон мӕрдтӕй алчидӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, чи йӕ цӕмӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ дыууиссӕдзӕм боны кӕнды цыдӕриддӕр ныххӕлар кӕнынц, уый йӕм сыгъдӕгдӕрӕй хӕццӕ кӕны.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here