Хъуамӕ спайда кӕнӕм Швейцарийы фӕлтӕрддзинадӕй

0
705

«Цӕгат  Ирыстон федералон центры ӕххуысӕй ныртӕккӕ архайы хӕххон бынӕтты ног фадӕттӕ саразыныл ӕмӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл. Афтӕмӕй нӕ республикӕйӕн Швейцари бафӕзминаг у, куыд хӕххон фӕзуӕтты  рӕзты ӕппӕты ӕнтыстджындӕр хуыз. Уымӕ гӕсгӕ, уыцы фӕлтӕрддзинад нымайдзыстӕм ӕмӕ дзы пайда кӕндзыстӕм», — ахӕм ныхас рауад РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Швейцарийы ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Ив Россьейы ‘хсӕн.

Фембӕлды ма архайдтой национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министр Цуциты Аслан, Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Дзӕуджыхъӕуы Хетӕгкаты Алан, Швейцарийы минӕварады уынаффӕгӕнӕг Франк Шюрх, минӕварады хистӕр уынаффӕгӕнӕг Доротея Кольде. Кадджын уазджытӕн ӕгасцуай зӕгъгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй швейцариаг делегаци Цӕгат Ирыстон кӕй бабӕрӕг кодта, уый Уӕрӕсе ӕмӕ Швейцарийы ахастдзинӕдты рӕзтӕн пайда уыдзӕн ӕрмӕст иумӕйаг национ ӕмвӕзады нӕ, фӕлӕ ма регионалон ӕмвӕзады дӕр.

— Швейцарийы фылдӕр хай ахсынц хӕхтӕ, уым сӕ къухы бафтыд «хӕххон ӕууӕлӕй» пайда кӕнын, ссис экономикон размӕцыды фӕрӕз. Цӕгат Ирыстоны дӕр дзӕвгар ис хӕххон бынӕттӕ, фӕлӕ нырма агурӕм сӕ  рӕзты гӕнӕнтӕ. Фӕндид нӕ, цӕмӕй Швейцарийы  амалхъомтӕ ӕмгуыстады бындурыл бацархайой туризмы, экономикон рӕзты иннӕ къабӕзты. Хъуамӕ йӕ зонат, ныртӕккӕ нӕ республикӕ бавнӕлдта хӕххон лыжӕты егъау курорт «Мамысон» царды рауадзынмӕ, Швейцарийы фӕлтӕрддзинад ӕмӕ уӕ инвесторты архайд ацы проекты хорзӕрдӕм фӕзыниккой нысаныл, — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Йӕхирдыгӕй Швейцарийы ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Ив Россье равдыста Цӕгат Ирыстонимӕ иумӕйаг проектыл бакусыны цӕттӕдзинад. Уый радзырдта, ахӕм курорттӕ аразгӕйӕ, стырдӕр фӕрӕзтӕ хӕххон  инфраструктурӕйы бавӕрын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Ома, фӕндӕгты, тъунелты, бӕрзонд технологон-инженерон коммуникациты. «Уӕрӕсейы мын Дзӕуджыхъӕу у дыккаг уарзон горӕт, ӕхсызгон мын у, ам кӕй сӕмбӕлдтӕн, уемӕ ӕмгуыстады тыххӕй кӕй дзурын, уый. Мах хъуамӕ дарддӕр ахӕццӕ кӕнӕм нӕ архайд, нӕ дыууӕтӕн дӕр ахсджиаг чи у, ӕппӕт уыцы бирӕ хъуыддӕгтыл», — бафиппайдта Ив Россье.

Фембӕлды рӕстӕг цы ахсджиаг ныхас рауад, уым ма РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг фӕбӕрӕг кодта Тырсыгомы фарст. Битары-фырт бузныг загъта кадджын уазӕгӕн, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыйы ‘хсӕн ацы фарст алыг кӕныны тыххӕй йӕхимӕ дипломатон хӕс кӕй райста, уый тыххӕй. «Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадӕй нын куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй Швейцари дыууӕ хатты Гуырдзыстоны разамындмӕ фӕхӕццӕ кодта, цӕмӕй Тырсыгомӕй ралидзӕг цӕгатирыстойнӕгтӕн Гуырдзыстоны ацы районмӕ цӕуыны бар  уа.

Уыцы хӕххон районы ис ссӕдз ирон хъӕуы, сӕ цӕрджытӕ уырдыгӕй ралыгъдысты 1990 азы. Сӕ фылдӕр цӕрынц Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ сты Уӕрӕсейы граждӕнтӕ. Хъӕутӕ ныззаууат сты, ӕппынӕдзух сӕ ничи цӕры, фӕлӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ адӕмы фӕфӕнды сӕ райгуырӕн хъӕутӕ бабӕрӕг кӕнын. Фӕвӕййынц дзы иу — дыууӕ боны дӕргъы, сӕ бӕрӕгбӕтты, кӕнӕ мысӕн бонты. Фӕлӕ сын Гуырдзыстоны хицауад  сӕ размӕ сӕвӕрдта цӕлхдуртӕ. Битарты Вячеслав Ив Россьейӕн куыд загъта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстонӕн Тырсыгомы фарст у гуманитарон тыхстдзинад, хӕлд цӕуынц адӕмы бартӕ. Швейцариаг уазӕг ын зӕрдӕ бавӕрдта, ацы фарст алыг кӕныныл кӕй бацархайдзӕн, уымӕй.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here