Елхоты бирӕкъабазджын колледжы бархионтӕ архайынц фӕкӕсинаг адӕмӕн ӕххуыс кӕныныл.
10 азӕй фылдӕр ахуыргӕнӕндон ӕххӕст кӕны хӕрзаудӕн акци «Мах стӕм уӕ фарсмӕ!» Проект сӕххӕст кӕныны фӕндон бахаста колледжы директоры хӕдивӕг Бигъаты Жаннӕ.
— Адӕмӕн ӕххуыс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ аразӕм дзыллон хӕрзаудӕн мадзӕлттӕ. Студентты алы фӕлтӕр дӕр акцийы кӕй архайы, уый мын ӕхсызгон у. Фӕсивӕд адӕмӕн ӕнӕхинӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый зӕрдӕрайгӕ хъуыддаг у, — зӕгъы Бигъаты Жаннӕ.
Колледжы активисттӕ фӕкӕсинаг адӕмы бабӕрӕг кӕнынц, сахъат сывӕллӕттӕн та хъазӕнтӕ балӕвар кӕнынц, стӕй сын саразынц мастер-класстӕ ӕмӕ викторинӕтӕ. Фӕкӕсинаг адӕм студентты ӕххуысӕй разы сты.
Гӕлӕуты Наталья