Национ проекттӕ — республикӕйы социалон-экономикон размӕцыды фидар бындур

0
288

Фыццаградон национ проекттӕ Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн дӕттынц уӕлӕмхасӕн хъомыс. Ахӕм хъуыдыимӕ РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз раныхас кодта, национ проект «Демографи»-йы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл ныхас кӕм цыд, уыцы ӕмбырды.

Боны фӕткы фарстыты фӕдыл ныхасы архайдтой Хицауады Сӕрдары хӕдивджытӕ, министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕ, Парламенты депутаттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон иугӕндты минӕвӕрттӕ.

Ӕмбырды райдайӕны Тускъайы-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй «Демографи»-йы программӕйы ис фондз ахсджиаг дӕлпрограммӕйы: «ӕхсӕнадон ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын», «Ноггуырдтӕ кӕм ис, уыцы бинонтӕн финансон ӕххуыс», «Хистӕр фӕлтӕр», «ӕртӕ азы кӕуыл нӕма сӕххӕст, уыцы сывӕллӕттӕн рӕвдауӕндӕтты бынӕттӕ дӕттын ӕмӕ мадӕлтӕн куысты бынӕттӕ гом кӕнын» ӕмӕ «Спорт — царды фӕтк».

— Национ проекттӕн ӕхсӕнады царды цы ахсджиаг нысаниуӕг ис, уый алкӕмӕндӕр зындгонд у. Уыцы проекттӕн сӕ сӕйрагдӕртӕй иу у «Демографи». Проекты фӕлгӕты нысангонд ӕрцыдысты бирӕ вазыгджын мадзӕлттӕ. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ахсджиаг у, цӕмӕй профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ бӕстон сӕ цӕст дарой проектты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй бахъуаджы сахат программӕтӕм ивддзинӕдтӕ бахӕссынмӕ. Уыимӕ, уӕлдай лӕмбынӕг цӕстдард хъуамӕ уа бюджетон фӕрӕзтӕ хардз кӕнынмӕ, подрядон организацитӕ ӕвзарынмӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр, — фӕнысан кодта Хицауады Сӕрдар.

Национ проекты фӕлгӕты республикӕйы цы куыст цӕуы, уый тыххӕй йӕ доклады радзырдта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, сӕрмагонд цӕстдард ис профилактикӕйы мадзӕлттӕм, адӕмы ӕнӕниз цардыуагмӕ здахынмӕ. Уыцы куысты ахсджиаг нысантӕ лӕууы Медицинон профилактикӕйы центры размӕ. Уыимӕ, профилактикон мадзӕлттӕ арӕзт цӕуынц медицинон кусӕндӕттӕй уӕлдай бирӕ ӕндӕр бынӕтты дӕр. Зӕгъӕм, кинотеатрты сеансы райдайӕны адӕмӕн равдисынц ӕнӕниз цардыуагмӕ сидӕг видеороликтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ. Уыцы куыстмӕ стыр ӕргом здахынц дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ дӕр.

Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, адӕмы ӕнӕниздзинады хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуӕг ис дзыллон диспансеризацийы мадзӕлттӕн дӕр. Республикӕйы медицинон кусӕндӕттӕ сӕрмагонд пъланмӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынц диспансеризацийы уагӕвӕрдтӕ.

Национ проект «Демографи»-йы дӕлпрограммӕтӕ Цӕгат Ирыстоны куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый тыххӕй бӕстон радзырдтой фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис, Адӕмӕн куысты бынӕттӕ дӕттыны комитеты сӕрдар Платы Альбинӕ, республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина ӕмӕ иннӕ ведомствӕты разамонджытӕ.

Зӕгъӕм, Хуыбиаты Барисы ныхасмӕ гӕсгӕ, афтӕмӕй цыбыркъух бинонтӕн фыццаг сывӕллоны хыгъдмӕ федералон бюджеты фӕрӕзтӕй ӕрвылмӕй дихгонд ӕрцӕуы 9,5 мин сомы. Ӕмӕ нӕ республикӕйы ахӕм ӕххуыс ныридӕгӕн райстой 2225 бинонтӕ (уыцы нысанӕн хардзгонд ӕрцыд 253 милуан сомы). Ӕртыккаг ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ сывӕллон кӕм райгуырд, уыцы 3176 бинонтӕн та ӕрвылмӕй ахӕм ӕххуысы хуызы лӕвӕрд цӕуы фӕйнӕ 9,9 мин сомы.

Уыимӕ, ӕртӕ ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕм ис, уыцы бинонтӕн республикон бюджеты фӕрӕзтӕй дихгонд цӕуынц сӕрмагонд субсидитӕ цӕрӕнуӕттӕ балхӕнынӕн. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы нысанӕн республикон бюджеты нысангонд ӕрцыд 7,2 милуан сомы.

Ӕмбырды цы ныхас рауад, проекты фӕлгӕты ныридӕгӕн цы арӕзт ӕрцыд, стӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг фылдӕр ӕргом цы хъуыддӕгтӕм аздахын хъӕудзӕн, уый фӕдыл хатдзӕгтӕ скодта Тускъаты Таймураз.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here