Фӕсарӕйнаг студентты нымӕц  фӕфылдӕр

0
376

Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты дыууӕ хатты фӕфылдӕр ис африкӕйаг студентты нымӕц. Фарон дзы ахуыр кодта 18 студенты, ацы аз сты 40. Университеты ректор Огъуаты Аланы ныхасмӕ гӕсгӕ, уый ӕнтысы, сӕ бон хӕрзхъӕд ахуырад райсын кӕй у, нӕ республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон нывылдзинад ӕмӕ адӕмты ‘хсӕн разыдзинад кӕй ис, уыдӕтты фӕрцы.

Камерун, Сенегал ӕмӕ Кот-д ‘Ивуарӕй студенттӕ сӕхицӕн равзӕрстой информатикӕ, экологи ӕмӕ лингвистикӕ. Фарон нӕ университеты фӕсарӕйнаг граждӕнтӕн байгом цӕттӕгӕнӕн хайад. Кӕй дзы  цӕттӕ кодтой, уыдонӕй 84 сӕ ахуырад дарддӕр ахӕццӕ кодтой уӕрӕсейаг институттӕ ӕмӕ университетты. Сӕ фылдӕр баззадысты Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты.

Национ проект «Ахуырад»-ы фӕлгӕты фӕсарӕйнаг студенттӕ 2024 азмӕ хъуамӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр уой. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты разамынд хъавы, 500 бынаты кӕм уа, ахӕм  ӕмдзӕрӕн саразынмӕ. Уый фӕрцы фадӕттӕ фӕзындзӕн фӕсарӕйнаг студенттӕ фылдӕр райсынӕн.

Огъуаты Алан куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Наукӕ ӕмӕ уӕлдӕр ахуырады министрадмӕ бадӕтдзысты ӕмдзӕрӕн саразыны проект. Ныртӕккӕ университеты кусы фӕсарӕйнаг студенттӕн ӕххуысы ассоциацийы филиал. Уый руаджы студенттӕ ӕнцондӕрӕй фӕцалх вӕййынц ӕцӕгӕлон бӕстӕйы цардыл. Уымӕй уӕлдай ма ацы организаци ахъаз кӕны Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты студентты ‘хсӕн культурон ӕмӕ гуманитарон бастдзинӕдтӕ саразынӕн.

Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин Сочийы экономикон форум «Уӕрӕсе — Африкӕ»-йы куыд загъта, афтӕмӕй дыууӕты ‘хсӕн ӕмгуыстадӕн стыр ахъаз сты  ахуырад ӕмӕ кадртӕ бацӕттӕ кӕнын. Ныртӕккӕ Уӕрӕсейы африкӕйаг бӕстӕтӕй ахуыр кӕны 17 мин студенты.

Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here