Хорз арӕхсынц

0
453

Постхӕссӕг у рагондӕр ӕмӕ фыдӕлтыккондӕр дӕсныйӕдтӕй иу. Цалдӕр ӕнусмӕ дӕр йӕ куысты уаг ӕппындӕр нӕ ивы. Фыццагау уынгты цӕуы ӕмӕ журналтӕ, газеттӕ, телеграммӕтӕ уары. Ӕнӕаргъӕвгӕ у йӕ хъуыддаг хурӕй-къӕвдайӕ.

Бастдзинады хайадмӕ газеттӕ, журналтӕ, фыстӕджытӕ куы ӕрбаласынц, уӕд сӕ постхӕссӕг хӕдзаргай йӕ цыды уагмӕ гӕсгӕ равӕры. Йӕ сыхты уынгмӕ ракъахдзӕфы бон кӕуыл нал и, уыцы адӕммӕ фӕкӕсын дӕр йе ‘гъдауы ис. Кӕмӕн посты дуканийӕ сӕкӕры тӕпп рахӕссы, кӕмӕн — сапоны къӕртт.

Габысаты Рая ӕмӕ Мысыкаты Светӕ Хъахъхъӕдуры постхӕсджытӕй иу ӕмӕ дыууӕ боны нӕ кусынц. Тъехты Таймураз Революцийы уынджы цӕры. Ныртӕккӕ пенси исы, фӕлӕ ӕхсӕны дзӕвгар азтӕ бакуыста. Адӕймагӕн аргъ скӕнынмӕ уый бирӕтӕ нӕ амбулдзысты. Сӕ постхӕссӕг Светӕйы тыххӕй йӕм зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ разынд.

Уӕдӕ Рая дӕр йӕ куысты хӕстыл ӕххӕссы. Мыхуыры фӕрӕзтӕ рафыссыны кампани куы райдайы, уӕд ацы дыууӕ сылгоймаджы ерысы бацӕуынц. Йӕ хызын уӕззаудӕр кӕмӕн рауайы, уый рамбулы. Уыцы ӕнтыст хуымӕтӕджы къухы бафтгӕ нӕу. Дӕ ныхасӕн дын адӕм цас аргъ кӕнынц, уый сбӕрӕг вӕййы.

Елхотмӕ цӕугӕйӕ мын нӕ бантыст, зӕгъгӕ, Дзӕуджыхъӕумӕ фӕндагыл Хъахъхъӕдуры бастдзинады хайады къӕсӕрӕй уӕддӕр бахизын. Йӕ сӕргьлӕууӕг Мысыкаты Эммӕмӕ уыцы иухуызон фарст радтын: «Ивгъуыд къуыри газет «Рӕстдзинад» цал бинонтӕ рафыстой?»

Эммӕйы «Размӕ»-йы уавӕрӕй дӕр афӕрсын. Кӕддӕр йӕ редакцийы куыстон. Йӕ тиражмӕ йын ныр дӕр хуымӕтӕг зӕрдӕ уый тыххӕй нӕ дарын.

Кировы районы газетӕн Хъахъхъӕдуры йӕ хъуыддаг хуыздӕр «цӕуы», уымӕн ӕмӕ йын бынӕттон адӕмы ‘рдыгӕй кад ис. Кӕрцӕй хӕдон хӕстӕгдӕр ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн уый тыххӕй. 2019 азы дыккаг ӕмбисы ацы хъӕубӕсты «Рӕстдзинад» 55 экземпляры исынц, «Размӕ» та — 120.

Ацы цӕрӕнбынаты 545 хӕдзары ис. Газет «Размӕ» исынц алы 4-ӕм хӕдзар дӕр. «Рӕстдзинад» та — алы 10-ӕм бинонтӕ. Бастдзинады хайады кусджыты къухы уыцы бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмбаргӕ пенсиисджыты руаджы дӕр бафтыдысты. Фӕсивӕдӕй бирӕтӕ та сӕхи Интернетыл бабастой. Хорздзинад дӕр дзы чысыл нӕ райсынц, йе ‘взӕр ахаст дӕр гыццыл нӕу.

Мысыкаты Эммӕ хӕссы бӕрнондзинад мыхуыры фӕрӕзтӕ рафыссыны куыстӕн. Афӕдзы кӕронмӕ ма 2 мӕйы баззад. Ног азы фыццаг ӕмбисӕн уал 4 «квитанци»-йӕн «Рӕстдзинад»-ы хӕлӕрттӕ бафыстой, 4 — «Размӕ»-йы. Эммӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы нымӕцтӕ афӕдзы кӕронмӕ, ӕнӕмӕнг, сырӕздзысты, ӕмӕ 2020 азы ацы дыууӕ газеты, 2019 азимӕ абаргӕйӕ, фылдӕр адӕм исын райдайдзысты.

Эммӕ йӕ куысты ӕппӕт фарстытыл дӕр хорз ӕххӕссы. Йӕ профессионалон зонындзинӕдты ӕмвӕзад бӕрзонд у. Зоны дзурын канд постхӕсджытимӕ нӕ, фӕлӕ, хайадмӕ алыхуызон фарстытимӕ чи ӕрбацӕуы, уыцы адӕмимӕ дӕр. Алкӕмӕдӕр дзы байхъусы. Хъуыддаг хуыздӕр саразынӕн мадзӕлттӕ бацамоны. Сӕйрагдӕр — бӕрнондзинад кӕй ӕнкъары, уый…

Дзуццаты Къоста

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here