Рӕзынц нӕм самбойы фидӕны дӕснытӕ

0
304

Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы ивгъуыд сабаты сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой ӕрыгон самбисттӕ.

РЦИ-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады хъӕппӕрисӕй конд ӕрцыдысты нӕ республикӕйы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕ 2005-2006 азты гуырд лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты ‘хсӕн. Министрады сӕрмагонд специалист Дзабиты Аслан уый тыххӕй загъта: «Ацы ерыстӕ мах сарӕзтам, цӕмӕй нӕ кӕстӕр  фӕсивӕд самбомӕ се ‘ргом тынгдӕр здахой”.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй афӕстаг азты ныхас цӕуы самбо Олимпаг хъӕзтыты программӕмӕ бахӕссыныл. Уыцы цау куы ӕрцӕуа, уӕд хъуамӕ мах фӕсивӕд цӕттӕ уой сӕ дӕсныдзинад дунейы ӕппӕты кадджындӕр ерысты равдисынмӕ. Самбо равзӕрд нӕ бӕстӕйы, ӕмӕ дзы абон Европӕйы ӕмӕ дунеон чемпионаттӕ дӕр арӕзт кӕй цӕуынц, уый дзурӕг у, иннӕ хъӕбысхӕстыты ӕмрӕнхъ ӕрлӕууынмӕ рагӕй кӕй бӕззы, ууыл.

Ӕмӕ ӕцӕгӕй дӕр, самбойӕ ерыстӕ, иуварсӕй кӕсгӕйӕ, сты тынг цымыдисаг. Ам цы лӕугӕйӕ, цы бынӕй хӕцгӕйӕ, уыйбӕрц ӕнӕнхъӕлӕджы гӕнӕнтӕ ис, ӕмӕ сӕм дӕсны чи у, уыдоны архайд вӕййы аив ӕмӕ тынг цымыдисаг.

Ерысты цы 120 самбисты архайдтой, уыдонимӕ уыдысты дӕс чызджы. Ерыс кодтой цыппар уӕзы, лӕппутӕ та — дӕс уӕзы. Лӕппуты ерысты Цӕгат Ирыстоны спортивон  скъолатӕ ӕмӕ клубты хъомылгӕнинӕгтӕй уӕлдай архайдтой Хуссар Ирыстоны ӕрыгон самбисттӕ дӕр. Тренертӕ Хъоцыты Тамерлан ӕмӕ Хъотайты Дмитри сӕ хъомылгӕнинӕгты Цӕгат Ирыстонмӕ ерыстӕм фыццаг хатт не ‘рластой. Уый тыххӕй Хъоцыты Тамерлан зӕгъы: «Мах тынг бузныг стӕм нӕ цӕгатаг ӕфсымӕртӕй, арӕх нӕ ардӕм ерыстӕм кӕй хонынц, уый тыххӕй. Мӕнӕ та нӕ ацы хатт дӕр не ‘рдхорд Гаситы Петр нӕ ферох кодта, ӕмӕ нӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цингӕнгӕйӕ ардӕм фӕраст сты. Мах ахӕм ерыстӕ тынг хъӕуынц, уымӕн ӕмӕ нӕхимӕ цы ерыстӕ вӕййы, уыдон фаг не сты нӕ фӕсивӕды фӕлтӕрддзинад фылдӕр кӕнынӕн. Тынг нӕ фӕнды, иннӕ аз мах Дзауы цы ерыстӕ скӕнынмӕ хъавӕм, уыдонмӕ нӕ цӕгатаг ӕфсымӕрты сӕ хъомылгӕнинӕгтимӕ фӕхонын». Тамерланы ныхӕстӕм ма Хъотайты Дмитри (тренерӕй уӕлдай ма у Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат дӕр), бафтыдта: «ӕз ам цы ӕхсызгондзинад банкъардтон, уый мӕ рох никуы уыдзӕн. Уый канд уый тыххӕй нӕ уыди ӕмӕ мӕ хъомылгӕнинаг Плиты Ибрагим фыццаг бынат кӕй райста. Тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ рауадысты ӕппӕт ерыстӕ дӕр. Ныр мах ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, нӕ цӕгатаг ӕфсымӕрты Хуссар Ирыстоны, нӕ ерысты фенынмӕ. Стыр бузныг ацы ерыстӕ скӕнджытӕн!»

РЦИ-Аланийы иугонд командӕйы сӕйраг тренер Гаситы Петр та загъта афтӕ: «Мах стыр бузныг стӕм нӕ республикӕйы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрадӕй, самбомӕ афтӕ хорз цӕстӕй кӕй кӕсы, уый тыххӕй. Тагъд уыдзӕн ӕппӕтуӕрӕсеон «Самбойы бон» ӕмӕ уым дӕр хъуамӕ нӕ самбисттӕ сӕ арӕхстдзинадӕй спортуарзджыты зӕрдӕтӕ барухс кӕной». Ӕрыгон самбистты ерыстӕ рауадысты зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Сӕхи сӕрӕнӕй равдыстой, куыд лӕппутӕ, афтӕ чызджытӕ дӕр.

Чызджытӕ цы цыппар уӕзы хӕцыдысты, уым ӕртӕйы фӕуӕлахиз сты Горӕтгӕрон районы 1-ӕм спортивон скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ: Къаджаты Альбинӕ (32 кг), Тедеты Аделинӕ (42 кг) ӕмӕ Хъӕцмӕзты Лоренӕ (56 кг). Сӕ тренертӕ сты Хуыгаты Юри, ӕлборты Тарзан ӕмӕ Дзабиты Аслан. 35 кг онг уӕзы уӕлахиздзау ссис спортивон ӕхсӕнад «Динамо»-йы хъомылгӕнинаг Джаджиты Камилӕ.

Лӕппуты ерысты 1-аг бынӕттӕ бацахстой: 32 кг — Зӕгъойты Артур (3-ӕм спортскъола), 35 кг — Плиты Ибрагим (РХИ), 38 кг — Уалыты Азӕмӕт, 42 кг — Гӕбӕраты Тамерлан, 46 кг — Цыбырты Давид, 50 кг — Андиаты Сӕрмӕт (цыппарӕй дӕр 3-ӕм спортскъола), 54 кг — Хуыгаты Олег (Горӕтгӕрон р-н, 1-ӕм спортскъола), 59 кг — Хъуылымбегты Марат (РХИ), 65 кг — Джиоты Давид (РХИ), +65 кг — Хъуыргъоты Руслан (3-ӕм спортскъола).

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты майдантӕ, дипломтӕ ӕмӕ грамотӕтӕ.

Уымӕй уӕлдай ма сӕрмагонд лӕвӕрттӕй хорзӕхджын систы: «Уӕлахизмӕ тырнындзинад» — Хъоцыты Вадим, «ӕппӕты тагъддӕр уӕлахиз» — Зӕгъойты Артур, «ӕппӕты хуыздӕр техникон цӕттӕдзинад «Плиты Ибрагим (РХИ).

Командӕтӕй 1-аг бынат бацахстой 3-ӕм спортивон скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ (тренертӕ: Козаты Алан, Хетӕгкаты Алан, Илья Циклаури, Гобозты Сослан). 2-аг бынатмӕ рацыди Горӕтгӕрон районы 1-ӕм спортивон скъола (тренертӕ Хуыгаты Юри, ӕлборты Тарзан ӕмӕ Дзабиты Аслан).

3-аг бынат бацахстой Хуссар Ирыстоны самбисттӕ (тренертӕ Хъоцыты Тамерлан ӕмӕ Хъотайты Дмитри).

Уымӕй уӕлдай ма призон бынӕттӕ бацахстой тренертӕ: Букылты Руслан Нариман Кадиев ӕмӕ Сергей Спорышы хъомылгӕнинӕгтӕ.

Нӕ республикӕйы ӕрыгӕтты иугонд командӕйы хистӕр тренер Козаты Алан фӕсивӕды архайдӕй уыд разы ӕмӕ загъта: «Ахӕм ерыстӕ мах тынг хъӕуынц ӕмӕ бузныг се скӕнджытӕн. Ацы кары самбисттӕн ма нӕм ацы аз хъуамӕ уа иу-дыууӕ турниры. Сӕ иу уыдзӕн ноябры, иннӕ та — декабры. Нӕ нысантӕ сты, иннӕ аз нӕм Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕмӕ Уӕрӕсейы цы ерыстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уыдон. Фӕнды нӕ уым нӕхи хъомысджынӕй равдисын ӕмӕ уымӕ тырндзыстӕм».

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here