Адӕмы ӕнӕниздзинад, цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарад ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕ

0
244

Знон уыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ӕхсӕзӕм равзӕрст Парламенты дыууын фарӕстӕм ӕмбырд. Амыдта йӕ Парламенты Сӕрдар Алексей МАЧНЕВ. Депутаттӕ равзӕрстой ӕмӕ сфидар кодтой республикӕйы социалон-экономикон ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон цардимӕ баст закъоны проекттӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ.

Дыккаг бакасты депутаттӕ рахӕцыдысты Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Конституцимӕ, «Паддзахадон хӕрзиуджыты тыххӕй» Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Закъонмӕ, «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон граждайнаг службӕгӕнджыты тыххӕй» Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл закъонты проектты фарс.

Нӕ республикӕйы экономикон уавӕр нывылдӕр кӕныны, промышленнон куыстуӕтты куыстадон хъомыс фылдӕр кӕныны ӕмӕ ног куысты бынӕттӕ аразыны нысанимӕ Парламенты уӕнгтӕ дыккаг бакасты сфидар кодтой къорд закъоны проекты. Бацӕттӕ сӕ кодта ӕмӕ сӕ депутаттӕм бавдыста Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад ӕмӕ кредитон организациты комитеты сӕрдар Баликъоты Валери.

Хицауады ӕппӕт оргӕнтӕн сӕ ахсджиагдӕр хӕстӕй иу у адӕмы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын, медицинон лӕггӕдтӕ нывылдӕр кӕнын, медицинӕйӕ ног гӕнӕнтӕй фылдӕр пайда кӕнын ӕмӕ рынчынты дзӕбӕхгӕнӕн хостӕй ӕфсадын. Ацы нысанимӕ республикӕйы Парламенты социалон политикӕйы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты фӕдыл комитет бацӕттӕ кодта «Дзӕбӕхгӕнӕн хостӕ, медицинон фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ дзаумӕттӕ ӕлхӕныны ӕмӕ сӕ республикӕмӕ хӕццӕ кӕныныл дзуапдӕттӕг иунӕг ахӕм куыстуаты барты тыххӕй» Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Проект депутаттӕн бавдыста комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, закъоны проект асджиаг уыдзӕн дзӕбӕхгӕнӕн хостӕ, медицинон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр медицинон фӕрӕзтӕ ӕлхӕныны хъуыддаг банывыл кӕнынӕн, коррупцион фӕзындтытӕй йӕ бахъахъхъӕнынӕн, дзӕбӕхгӕнӕн хостӕ асламдӕр кӕнынӕн, ӕппынфӕстаг, ахъаз уыдзӕн рынчынты дзӕбӕх кӕнынӕн.

Закъоны проекты фӕдыл сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фиппаинӕгтӕ загътой республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан, депутаттӕ Тохъайты Нох, Ортабайты Тимур, Дойаты Светланӕ, Елдзарты Медея. Раныхӕсты фӕстӕ депутаттӕ дыккаг бакасты закъоны проект сфидар кодтой. Уымӕй уӕлдай ма рахӕцыдысты, Парламенты социалон политикӕйы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты фӕдыл комитет кӕй бацӕттӕ кодта, ахуыргӕнджытӕ, дохтыртӕ, культурӕйы кусджытӕ ӕмӕ республикӕйы иннӕ цӕрджыты социалон фарстытимӕ баст къорд ӕндӕр закъоны проекты фарс дӕр.

Депутаттӕ байхъуыстой «Сӕрмагонд ӕнӕкоммерцион организаци «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы бирӕфатерон хӕдзӕртты бындурон цалцӕджы фонд — Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы регионалон оператор»-ы архайды фӕдыл хъусынгӕнинагмӕ. Уыимӕ раныхас кодта РЦИ-Аланийы цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн. Куыд загъта, афтӕмӕй ацы азы фараст мӕймӕ бындурон цалцӕгӕн фиддонтӕй фондмӕ фӕхӕццӕ 81 милуан сомы кӕнӕ та, республикӕйы цӕрджытӕ бындурон цалцӕгӕн цы ӕхца хъуамӕ бафыстаиккой, уымӕн йӕ 31 проценты, фарон ацы рӕстӕгмӕ уыцы фиддон рауад 52 милуан сомы, кӕнӕ та фиддонтӕн сӕ 21 проценты. Куыд горӕт Дзӕуджыхъӕуы, афтӕ республикӕйы районты, Мӕздӕджы район ӕмӕ горӕт Мӕздӕгӕй фӕстӕмӕ, уавӕр у сагъӕссаг. Ӕмӕ фиддонтӕ кӕд иуцасдӕр фӕфылдӕр сты, уӕддӕр бындурон цалцӕгӕн бирӕфатерон хӕдзӕртты цӕрджытӕ нывыл нырмӕ нӕма фидынц, ӕмӕ, министры ныхасмӕ гӕсгӕ, куыстытӕ къуылымпы кӕнынц. Фарсты фӕдыл ӕмдоклад скодта Парламенты цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады ӕмӕ арӕзтадон политикӕйы комитеты сӕрдар Бокоты Эльбрус. Сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фиппаинӕгтӕ загътой Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, депутаттӕ Хӕдарцаты Руслан, Остъаты Георги, Елдзарты Медея.

Уымӕй уӕлдай, Парламенты депутаттӕ равзӕрстой ӕмӕ сфидар кодтой РЦИ-Аланийы ӕхсӕнадон палатӕйы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Центрон ӕвзарӕн къамисы ног уӕнгтӕ, стӕй Парламенты иуӕй-иу комитеттӕ ӕмӕ къамисты скондтӕм ивддзинӕдтӕ бахастой. Уый фӕдыл ӕмбырды ныхас кодтой Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, депутат Ортабайты Тимур ӕмӕ Бокоты Эльбрус.

ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here