«Уӕрӕсейы хуссайраг кулдуар»

0
260

7 ноябры Дзӕуджыхъӕуы йӕ куыст кӕндзӕн фӕндзӕм дунеон форум «Уӕрӕсейы хуссайраг кулдуар».

Форумы архайдзысты Уӕрӕсейы Хуссары, стӕй Хуссайраг Кавказ ӕмӕ Астӕуккаг Хурыскӕсӕны бӕстӕты амалхъомтӕ ӕмӕ хицауадон чиновниктӕ.

Форумы организацион комитеты куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕумӕ ссӕудзысты Белоруссийы, Ираны, Турчы, Азербайджаны, Сомихы, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы республикӕты делегацитӕ.

Равдыстмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Цӕгат Ирыстоны куыстуӕттӕ ӕмӕ компанитӕ дӕр. Уыдон форумы уазджыты базонгӕ кӕндзысты республикӕйы экономикон хъомысимӕ, стӕй сын сараздзысты алыхуызон бынӕттон продукцийы равдыстытӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here