Хистӕртӕй — кӕстӕртӕм

0
394
????????????????????????????????????

Цӕгат Ирыстоны кӕронмӕ ахӕццӕ сты «ӕрыгон дӕснытӕ», зӕгъгӕ, ахӕм регионалон чемпионаты фӕлгӕты арӕзт ахуыртӕ «Хистӕрты фӕлтӕртӕ 50+».

Алайнаг гимназы арӕзт ӕрцыд ерыстӕ ахӕм ахуыртӕм гӕсгӕ: «Скъолайы агъоммӕйы хъомылад» ӕмӕ «Кӕстӕр кълӕсты уроктӕ кӕнын». Ерысты архайдтой дӕс адӕймаджы, се ‘ппӕт дӕр, сывӕллӕттимӕ бирӕ азты  чи бакуыста, ахӕм фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнджытӕ.

— Ӕртыккаг аз мах кусӕм ӕрыгон студенткӕтимӕ. Хистӕр педагогтӕ архайынц, цыдӕриддӕр сӕм зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад ис, уыдон равдисыныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цавӕрдӕр ногдзинӕдтыл сын фӕцалх уӕвын зындӕр у, зӕгъӕм, информацион технологитӕй пайда кӕнын, фӕлӕ методикон ӕгъдауӕй  сты тынг цӕттӕ», — зӕгъы «ӕрыгон дӕснытӕ»-йы ахуырты сӕйраг эксперт Хуыбезты Еленӕ.

Конкурсы архайджытӕ сӕххӕст кодтой дыууӕ хӕслӕвӕрды. Эксперттӕ сын аргъ кодтой, конкурсы архайджытӕй дзы чи  кӕй куыст у, уый нӕ зонгӕйӕ.

Ахуыртӕ «Хистӕр фӕлтӕртӕ»-йы ацы аз уыд 20 ерысгӕнӕджы, ӕмӕ ерыс кодтой цыппар номинацимӕ гӕсгӕ: «Скъолайы агъоммӕйы хъомылад», «Кӕстӕр кълӕсты уроктӕ кӕнын», «Ирон чъиритӕ кӕнын» ӕмӕ «ӕхсидӕн технологитӕ».

Проекты нысан у, цӕмӕй адӕймаг йӕ куысты хӕстӕ ӕххӕст кӕна,  стӕй хистӕр кары кусджытӕ сӕ фӕлтӕрддзинад кӕстӕртӕм  дӕттой.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here