1942 азы фӕззӕджы Кавказ бахъахъхъӕныныл цы тугкалӕн хӕст бацайдагъ Цӕгат Ирыстоны, уый у Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ахъаззагдӕр цаутӕй иу. Гитлерон командӕкӕнынад уӕлдай ахсджиагдӕр нысаниуӕг лӕвӕрдта нӕ республикӕйы сӕйраг горӕт — Дзӕуджыхъӕу бацахсынӕн, цӕмӕй фӕндаг байгом уыдаид Грознайы, Бакуйы нефты гуырӕнтӕм, ӕмӕ Фӕскавказӕй ахызтаид Хӕстӕг Хурыскӕсӕнмӕ.
Тӕссаг хӕстон уавӕр кӕй сӕвзӕрд, уымӕ гӕсгӕ, Сырх ӕфсады командӕкӕнынад, республикӕ чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддон иугӕндты размӕ ӕрӕвӕрдта ахсджиаг ӕмӕ бӕрнон хӕс: знаджы ӕруромын, сӕнӕтуг ӕй кӕнын, размӕ абырсын ӕмӕ Дзӕуджыхъӕу байсын нӕ бауадзын.
Фӕлӕ 1942 азы 25 октябры фашистон ӕфсӕдтӕ горӕт Налцыкмӕ ‘ввахс ӕрбатыдтой махонты фидӕрттӕ, ӕмӕ 1942 азы 1 ноябры бацахстой Алагир, йӕ алыварс хъӕутӕ Црау, Бирӕгъзӕнг, Ногхъӕу, Суадаг, Хӕтӕлдон, Дзуарыхъӕу ӕмӕ ӕндӕртӕ. Сырх ӕфсады командӕкӕнынад сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдта Генералон штабы фӕсауӕрцы ӕфсӕддон хӕйтты ӕмӕ знаджы дарддӕры бырст Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕтмӕ урӕд ӕрцыд. Уӕддӕр уавӕр баззад тӕссагӕй.
1942 азы ноябры кӕрон Фӕскавказы ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг Иван Тюленев фӕдисы ӕрбалӕууыд командӕгӕнӕн бынатмӕ. Дзӕуджыхъӕуы хъахъхъӕнынады пъланмӕ хаст ӕрцыд бӕлвырд ивддзинӕдтӕ, изӕрӕй та Совнаркомы сӕрдар Хъулаты Хъуыбады Цӕгат Ирыстоны радиойӕ раныхас кодта ахӕм сидтимӕ, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕй дӕр арӕхстджынӕй пайдагонд ӕрцӕуа знагӕн аккаг ныхкъуырд раттынӕн.
1942 азы 3 ноябры гитлерон танкты колоннӕтӕ 100 танчы онг, стӕй фистӕг иугӕндты тыхтӕ размӕ абырстой ӕмӕ ӕрбатыдтой фидаргонд районы ӕддаг бацӕуӕнтӕ «Фыййагдон-Дзуарыхъӕу»-ы хайады, дарддӕр та знаджы раззаг хӕйттӕ бацахстой Джызӕл. Горӕт Дзӕуджыхъӕумӕ ма баззад километрӕй къаддӕр дӕрддзӕг, ӕмӕ йӕ сармадзантӕй ӕхсын райдыдтой, немыцаг хъӕрццыгъатӕ та йыл бомбӕтӕ ӕппӕрстой.
Уыцы бонты Гитлеры ставкӕйы бӕхджын ӕфсады инӕлар фон Макензен ӕгӕр раджы ӕппӕлын райдыдта: «Фӕстаг рӕстӕджы онг цӕугӕдон Терчы ныгуылӕн былыл цы ныхмӕлӕууӕджы тыхтӕ ис, уыдон афтӕ нымайут ӕмӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты. Хӕхтӕм ӕппӕрст чи ‘рцыд, сӕ уыцы баззайӕццӕгтӕ ныртӕккӕ цӕуынц сӕ мӕлӕты ныхмӕ. Ацы рӕстӕг та нӕ ныхмӕлӕууӕджы нӕ разӕй тӕрӕм Дзӕуджыхъӕуы ‘рдӕм».
Фӕлӕ 1942 азы ноябры немыцаг фыццаг танкон ӕфсады штабы бар-ӕнӕбары бахъуыд ӕфсӕдты къорд «А»-йы штабмӕ фехъусын кӕнын: «Дзӕуджыхъӕумӕ ныббырст хъӕуы рӕстӕгмӕ ӕруромын, цалынмӕ цӕугӕдон Терчы хуссайраг район ныхмӕлӕууӕгӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Хъуамӕ сӕ тӕссаг ма уа танкон дивизиты иуварсӕй ӕмӕ чъылдымы ‘рдыгӕй ныццӕвынӕй».
Немыцаг-фашистон ӕфсӕдты размӕбырст Дзӕуджыхъӕумӕ тактикон хъуыдыкӕнынад нӕ баурӕдта, фӕлӕ горӕт хъахъхъӕнджыты ӕмӕ хӕдӕфсады къордты ӕнӕмӕлгӕ хъӕбатырдзинад. Уыцы бонты знаджы 60 танчы пырхгонд ӕрцыдысты горӕтмӕ бацӕуӕнты. Карз хӕстытӕ бацайдагъ сты уӕлдӕфы дӕр. 1942 аз 1 ноябры ӕппӕрст ӕрцыд знаджы 18 хӕдтӕхӕджы.
Стыр зиантӕ цыд не ‘фсӕдтыл дӕр. Джызӕлмӕ ‘ввахс немыцаг хӕдтӕхджыты бомбӕты ӕркалдӕй фӕмард Фӕскавказы фронты штабы хицау инӕлар-лейтенант П.И. Бодин, фронты ӕфсӕддон советы уӕнг А.Н. Саджая, Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты нарком Заделава. Дзӕуджыхъӕу хъахъхъӕнгӕйӕ, хъӕбатырӕй хӕцыдысты 11-ӕм гвардион ӕхсӕг корпусы, Мидхъуыддӕгты адӕмон комиссарады 11-ӕм ӕхсӕг дивизийы, «Катюшӕ»-ты гвардион батарейы ӕмӕ ӕндӕр ӕфсӕддон хӕйтты командиртӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ.
1942 азы 5 ноябры гитлеронты бырст Дзӕуджыхъӕумӕ урӕд ӕрцыд. Дыккаг бон дӕсӕм гвардион ӕхсӕг корпус 52-ӕм ӕмӕ 2-ӕм танкон бригӕдтимӕ бӕрзӕйсӕттӕн цӕф ныккодтой немыцаг ӕфсӕдты джызӕйлаг къордӕн. Гитлеронтӕ, ӕрхъулайы цӕг атоныныл фӕлваргӕйӕ, ӕрбаппӕрстой уӕлӕмхасӕн тыхтӕ, фӕлӕ размӕбырсты хъӕппӕрис ныр уыдис не ‘фсӕдты ‘рдыгӕй. 1942 азы 11 ноябры знаджы ӕфсӕдтӕ ныууагътой Джызӕл. Ацы бон Советон информацион бюро фехъусын кодта: «Многодневные бои на подступах к столице Северной Осетии закончились поражением немцев».
Дзӕуджыхъӕуы бынмӕ уӕлахиз уыдис знаджы Кавказы ныддӕрӕн кӕныны райдайӕн. Уӕлдай карздӕр хӕстытӕ цыдысты 1942 азы декабры фӕстаг бонты Цыкола ӕмӕ Сырх Дыгурмӕ ӕввахс. Ам, ӕрӕфаг дуӕртты, гитлеронтӕ ӕрӕвӕрдтой стыр механизацигонд хӕйттӕ ӕмӕ сармадзантӕ. 12 хатты «къухӕй-къухмӕ» цыдис Сырх Дыгур. 1943 азы 1 январы ӕхсӕвы не ‘фсӕдтӕ бацахстой Цыкола, Змейкӕ, Елхот. 3-ӕм январы фашистты ныууадзын бахъуыд Мӕздӕг ӕмӕ Мӕлгъӕвӕг, 1943 азы 4 январы та Цӕгат Ирыстоны территори сыгъдӕггонд ӕрцыд немыцаг-фашистон лӕбурджытӕй.
Кавказ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕу бахъахъхъӕныны сгуыхтдзинӕдтӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты азфысты бацыдысты йӕ намысджын сыфтӕй иумӕ. Немыцаг тугдзых ӕрдонгты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, Кавказ хъахъхъӕнджытӕ цы ӕнӕмӕлгӕ хъӕбатырдзинад равдыстой, уымӕн Советон Хицауад скодта стыр ӕмӕ аккаг аргъ. 1944 азы 1 майы ССР Цӕдисы Сӕйраг Советы Президиумы Указӕй бындур ӕвӕрд ӕрцыд майдан «За оборону Кавказа»-йӕн ӕмӕ дзы цыбыр рӕстӕгмӕ хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты 58300 адӕймаджы.
Немыцаг-фашистон тыхгӕнджыты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, нӕ республикӕйы территорийы чи никуыма уыд, ахӕм хъӕбатырдзинад равдыстой 11-ӕм гвардион ӕхсӕг корпусы командиртӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ, йӕ командӕгӕнӕг та уыдис инӕлар-лейтенант Иван Хижняк. Уымӕй уӕлдай уӕды карз хӕстыты архайдтой 319-ӕм ӕхсӕг дивизийы, Мидхъуыддӕгты адӕмон комиссариаты 11-ӕм корпусы, 52-ӕм ӕмӕ дыккӕгӕм танкон бригӕдты хӕстонтӕ дӕр.
Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕтмӕ фӕндагыл немыцаг-фашистон ӕфсӕдты размӕ ацы дӕлхайӕдтӕй уӕлдай хъӕддыхӕй ӕрлӕууыдысты 34-ӕм хицӕн ӕхсӕг бригады денджызон фистӕгӕӕфсӕддонтӕ дӕр А.В. Ворожищевы командӕкӕнынадӕй. Уый арӕзт ӕрцыд ӕфсӕддон-денджызон училищӕты курсанттӕй. Дӕс бонӕй фылдӕр ныфсхаст денджызонтӕ хъӕбатырӕй хъахъхъӕдтой ахсджиаг бацӕуӕнтӕ. Уӕлдай карздӕр хӕстытӕ цыдысты 1942 азы 9 ноябры Майрӕмадагмӕ ‘ввахс. Цыфӕндыйӕ дӕр нӕ фидӕрттӕ батоныны тыххӕй знаг уыцы бон размӕ аппӕрста дыккаг румынаг хӕххон-ӕхсӕг дивизи ӕмӕ немыцаг полкъ «Бранденбург». Адонӕн ӕххуыс кодтой сармадзантӕ ӕмӕ 60 танчы бӕрц. Фронты ацы хайады не ‘фсӕддонтӕй бирӕтӕ хъӕбатырӕй фӕмардысты, фӕлӕ знаг уӕддӕр къахдзӕф дӕр размӕ нӕ ахызт.
Денджызонтӕн-фистӕгӕфсӕддонтӕн ӕххуыс кодтой бынӕттон цӕрджытӕ дӕр. Уыдон хӕстонтӕн лӕвӕрдтой хойраг, зылдысты цӕфтӕм, хатгай-иу сӕхӕдӕг дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ райстой сӕ къухтӕм ӕмӕ ӕнауӕрдонӕй ӕхстой фашистон лӕгмарты. Иу ныхасӕй, Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕт хъахъхъӕнджытӕ ӕвдыстой ӕнахуыр хъӕбатырдзинад. 1942 азы 9 ноябры фӕскомцӕдисон Петр Барбашов йӕхицӕй ӕрӕхгӕдта фашистон доты амбразурӕ.
Ацы сгуыхтдзинады тыххӕй Петр Барбашовӕн йӕ амӕлӕты фӕстӕ лӕвӕрд ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном. Фӕлӕ ахӕм хъӕбатырдзинӕдтӕ уӕды карз хӕстыты иугӕйттӕ нӕ уыдысты. 1942 азы 8 ноябры Орджоникидзейы хӕстон училищӕйы курсант Аркадий Климашевский йӕ комиссары йӕ риуӕй ӕрӕхгӕдта знаджы автоматӕй ӕхсӕджы нӕмгуытӕй. Майрӕмададжы та фӕскомцӕдисонтӕ- ӕфсымӕртӕ Дмитрий ӕмӕ Иван Остапенкотӕ дыууӕ бонмӕ басыгътой знаджы 20 танчы. Взводы командир лейтенант Пятисотников немыцаг танкты ныббырсты рӕстӕг йӕхиуыл гранаттӕ ӕрбаста, сыстад размӕбырсӕг раззаг танчы ныхмӕ ӕмӕ йӕхи баппӕрста йӕ бынмӕ. Уӕлдӕфы ныфсхастӕй хӕцыдысты нӕ тӕхджытӕ дӕр. Лӕгдзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй бирӕтӕн лӕвӕрд ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъӕбатыры нӕмттӕ.
Не ‘фсӕдтӕн ӕххуыс кодтой адӕмон мастисджытӕ дӕр. Майрӕмадагмӕ ӕввахс партизантӕ, Гусы-фырт сын командӕ кодта, афтӕмӕй ныццагътой знаджы 86 салдат ӕмӕ афицеры. Мӕнӕ куыд фыста Дзӕуджыхъӕуы бацӕуӕнты хӕцӕг гитлерон ӕфсады лейтенант Карл Гойшильд йӕ фыстӕджы: «…Восточный фронт, 8 ноября 1942 года… Как только человек может выдержать это безумие. Мы находимся в районе Владикавказа и уже три раза были отрезаны». Иу ныхасӕй, Дзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕнты уӕлахиз уыдис, немыцаг-фашистон ӕфсӕдтӕ Кавказы дӕрӕнгонд кӕй ӕрцӕудзысты, уый фыццаг бӕрӕггӕнӕн.
Ай-гъай, ӕнӕ фӕсчъылдымы ӕххуысӕй нӕ бон нӕ бауыдаид алцӕмӕй дӕр ифтонггонд немыцаг-фашистон ӕфсӕдты ныхмӕ ӕрлӕууын. Фӕлӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты райдайӕнӕй фӕстӕмӕ горӕты промышленнон куыстуӕттӕ продукци уадзын райдыдтой фронтӕн. Фӕсчъылдымы хъӕбатыр фӕллойы тыххӕй нӕ республикӕйы 7 цӕрӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд Ленины ӕмӕ Паддзахадон премитӕ. Фыццаг хӕстон зымӕджы та республикӕйы бирӕ хъӕуты хъарм уӕлӕдарӕс ӕмбырдгонд цыдис хӕцӕг ӕфсады командиртӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн. Уымӕй уӕлдай колхозтӕ ӕфсад ӕмӕ флотӕн сӕдӕгай тоннӕтӕ ӕрвыстой хъӕууонхӕдзарадон продукци. Ацы куыст дарддӕр дӕр цыдис, цалынмӕ знаг йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕвӕрдта, уӕдмӕ.
Цӕгат Ирыстон хъахъхъӕнджыты стыр сгуыхтдзинӕдты тыххӕй, историон документтӕ ахуыр кӕнгӕйӕ, ӕз сӕмбӕлдтӕн, Райгуырӕн бӕстӕйыл гадзрахатӕй чи рацыд ӕмӕ немыцаг пъӕлицӕмӕ службӕ кӕнынмӕ чи бацыд, уыцы мӕнгард граждӕнты фӕдыл ӕрмӕджытыл дӕр. Уыдоны гестапо ӕмбырд ӕмӕ цӕттӕ кодта бынӕттон цӕрджыты цӕгъдынӕн, ӕмӕ ардӕм бацӕугӕйӕ, фашистон лӕгмартӕн нымыгътой коммунистты, советон партион кусджыты.
— Ахӕм ӕбуалгъ хабӕрттӕ ӕрцыд Алагиры, Црауы, республикӕйы ӕндӕр цӕрӕн бынӕтты дӕр, ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын куы бахъӕуа, уымӕй тӕрсгӕйӕ, пъӕлицӕйӕгтӕй чидӕртӕ немыцимӕ афардӕг сты, фашисттӕ кӕй байстой, уыцы бӕстӕты ӕфсӕддон операциты архайдтой партизанты ныхмӕ. Немыцимӕ ацӕуын кӕмӕн нӕ бантыст, уыдонӕн та рахастӕуыд алы ӕмгъуыдты ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон. Фӕстӕдӕр уыдон раздӕхтысты сӕ бинонтӕм. Цы ӕнаккаг хъуыддӕгтӕ сарӕзтой, ууыл та сӕ бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр нӕ акодтой. Немыц Цӕгат Ирыстоны фесты 62 боны, ӕмӕ ацы рӕстӕгмӕ пъӕлицӕйӕгтӕ гестапойӕн банымыгътой 128 коммунисты, советон ӕмӕ партион кусӕджы. Фыдмитӕй сӕ амардтой, кӕйдӕрты та фехстой. Зӕгъӕм, горӕт Алагиры гадзрахатӕй рацӕуджыты дзыхӕй ахст ӕрцыдысты партион, советон, хӕдзарадон кусджытӕ — Бурдзиуты Гамбол, Газан Назаров, Мӕрзойты Геор, Дзасохты Бекызӕ, Гӕбуты Сасанет, Таматы Гафон, Зинаидӕ Бакунович ӕмӕ йе ‘нахъом фырт. Дзурынц, зӕгъгӕ, немыцаг фашистты ӕрдонгты ардыгӕй фӕтӕрыны фӕстӕ кӕй амардтой, уыдоны куы систой ингӕнӕй, уӕд ацы сывӕллоны къухы разынд дзулы къӕбӕр.
Ахӕм фыдмард немыцаг фашисттӕ акодтой црайуӕгтӕ Хъӕрджынты Габо ӕмӕ Хохты Хӕмыцы дӕр. Бынӕттон цӕрджытӕй хъӕуы цы пъӕлицӕйӕгтӕ уыдис, уыдон гестапойӕн банымыгътой мӕ мад Тохсырты Оляйы дӕр — Црауы хъӕууон советы нымӕрдары. Иннӕты хуызӕн уый дӕр алы хъизӕмӕртты фӕстӕ фехстой горӕт Алагиры гестапойы дӕлхайады.
Фашисттӕ ӕмӕ не ‘мхъӕуккаг гадзрахатӕй цӕуджытӕ мах ӕнамонд куы фӕкодтой, уӕд мӕныл цыд 3 азы, мӕ хо та уыди дыууӕаздзыд. Мах схъомыл стӕм хиуӕтты руаджы. Црауы астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ ахуыр кодтон ССР Цӕдисы Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд скъолайы. Фӕстӕдӕр ацы министрады академийы йӕ уӕлдӕр курсыты дӕр, стӕй та фӕдӕн Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ мӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты рӕнхъыты службӕ кӕнын бахъуыд 40 азӕй фылдӕр, уыимӕ ӕппӕты кӕройнаг арӕнты дӕр.
Мӕ фӕлтӕр нӕ хъуыды кӕны хӕст, фӕлӕ махӕй бирӕтӕ бавзӕрстой сидзӕры бонтӕ, зындзинӕдтӕ ӕмӕ схъомыл стӕм патриоттӕй. Махӕн зынаргъдӕр нӕй Райгуырӕн бӕстӕйӕ, йӕ кад ӕмӕ йӕ намыс хъахъхъӕнынӕй. Мӕхи амондджын хонын, мӕ бирӕ азты ӕнӕкъӕмдзӕстыг службӕйӕ кӕцыдӕр къӕпхӕны кӕй бафыстон Фыдыбӕстӕйы хъӕбулы хӕс.
Тохсырты Валодя, Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты юридикон факультеты деканы хӕдивӕг, историон наукӕты кандидат, профессор