Ирыстоны нывгӕнджыты бӕрӕгбон

0
265

Ӕстай азы юбилей сбӕрӕг кодта РЦИ-Аланийы Нывгӕнджыты цӕдис. Бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ райдыдтой Национ музейы равдыстыты залы. Ам фенӕн уыдис Цӕгат Ирыстоны нӕуӕдз ӕртӕ нывгӕнӕджы 250 хуыздӕр уацмысы — нывкӕнынады, графикӕйы, скульптурӕйы ӕмӕ ӕрмдӕсныты аивады жанрты. Музейы уыдис, Ирыстоны нывкӕнынады аивадӕн ивгъуыд ӕнусы бындур чи сӕвӕрдта, стӕй абон нывкӕнынады ӕнтыстдзинӕдтӕ кӕй къухты ӕфты, уыцы нывгӕнджыты хуызджын альбомы презентаци дӕр.

Национ музейы нӕ республикӕйы нывгӕнджыты равдыст фенынмӕ цыдысты адӕм, ӕмӕ кастысты рӕсугъд ахорӕнтӕй ӕвдыст царды нывтӕм. Цымыдисаг уыдысты ӕппӕт куыстытӕ дӕр, фӕлӕ цӕст сӕхимӕ уӕлдай тынгдӕр здӕхтой хистӕр фӕлтӕры: Джыккайты Мураты, Дзбойты Михалы, Челӕхсаты Магрезы, Гасынты Жоржы, Реваз Нарты, Бигъаты Юрийы, Николай Нестеренкойы, Евгений Шугаевы, Айларты Таймуразы ӕмӕ Валентинӕ Третьяковайы уацмыстӕ.

Пейзажтӕ, натюрморттӕ, таурӕгътӕ ӕмӕ кадджынӕй скъуыддзӕгтӕ, историон цауты хъайтартӕ сӕ «бынат» ссардтой Кцойты Юрийы, Мӕргъиты Таймуразы, Кучиты Асланы, Цӕллагты Фатимӕйы, Байцаты Людмилӕйы, Джизалаты Анжелӕйы, Наталья Юрковайы, Пухаты Вадимы, Хайты Ибрагимы, Кӕркуысты Роберты, Анастасия Еграфовайы куыстыты.

РЦИ-Аланийы Нывгӕнджыты цӕдисы равзӕрды истори райдыдта 1939 азы. Бындур ын сӕвӕрдта Цӕгат Ирыстоны советон адӕмон комиссарад. Уымӕн уыдис хорз ӕфсон. Фыццаг профессионалон нывгӕнджытӕ: Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег, Тауаситы Сослӕнбег, Хохты Аслӕнджери, Дзантиаты Юри фӕндаг радтой Ирыстоны нывкӕнынады рӕзтӕн.

Ссӕдзӕм ӕнусы ӕхсайӕм азтӕ Ирыстоны сфӕлдыстадон цӕдисӕн ахъаззаджы рӕстӕджытӕ систы нывгӕнджыты хистӕр фӕлтӕры архайдӕн. Дзанӕгаты Чермен, Санахъоты Сергей, Едзиты Георги, Павел Зарон, Калманты Батырбег, Баллаты Надеждӕ, Николай Жуков, Николай Кочетов, Леонид Хомяков, Цӕрикъаты Мӕирбег, Санаты Барис ӕмӕ иннӕтӕ бавнӕлдтой сфӕлдыстадон куыстмӕ ӕмӕ архайдтой культурӕйы ацы къабазы рӕзтыл иумӕ. 1970-1980-ӕм азты Цӕгат Ирыстонимӕ нӕ бӕстӕйы нывкӕнынады уӕлдӕр скъолатӕ каст фӕуыны фӕстӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ Уӕрӕсейы алы регионты нывты равдыстыты сӕ аивад, сӕ дӕсныдзинад ӕвдыстой: Бедойты Шалва, Саккаты Эльбрус, Дзиуаты Батрадз, Чочиты Мӕхӕмӕт, ӕрчъегкаты Аслан, Дзанайты Руслан, Тотиты Барис, Хетӕгкаты Хъазыбег, Дзбойты Михал, Гӕздӕнты Зарӕ, Фидараты Батрадз, Челӕхсаты Магрез, Кцойты Владимир, Цогойты Эльбрус ӕмӕ Иринӕ, Киситы Владимир, Салиты Валери, Бигъаты Юри ӕмӕ иннӕтӕ. Ацы нывгӕнджытӕ архайдтой, цӕмӕй нӕм сӕрмагондӕй аивадон училищӕ байгом уыдаид, ууыл. Аивадон училищӕйы фӕзындыл уӕлдай куыст бакодта РЦИ-Аланийы аивӕдты сгуыхт кусӕг Гӕздӕнты Зарӕ.

Цӕгат Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы сӕргъы алы азты уыдысты зындгонд нывгӕнджытӕ: Дзантиаты Инал, Николай Кочетов, Хохты Аслӕнджери, Павел Зарон, Николай Жуков, Тотиты Барис, Дзанӕгаты Чермен, Цӕрикъаты Мӕирбег, Дзантиаты Юри, Бедойты Шалва. Абон та йын разамынд дӕтты Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Мӕргъиты Таймураз. Цы стыр сфӕлдыстадон коллективы сӕргъы лӕууы, уый активонӕй архайы нӕ бӕстӕйы Хуссар регионы культурон царды.

Нывгӕнджыты цӕдисы ис 202 адӕймаджы. Се ‘хсӕн Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмон ӕмӕ сгуыхт нывгӕнджытӕ, Уӕрӕсейы аивӕдты академийы уӕнгтӕ.

Национ музейы нывгӕнджыты равдыст байгом кодта Мӕргъиты Таймураз ӕмӕ презентаци скодта ног чиныг «Ирыстоны нывгӕнджытӕ»-йӕн.

Мӕргъийы-фырт куыд загъта, афтӕмӕй чиныг уагъд ӕрцыд бӕрӕгбоны кадӕн, фӕлӕ тираж ӕххӕст нӕма у. Райстой уал дзы ссӕдз экземпляры.

Нывгӕнджыты юбилей дарддӕр уыдис, Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг театры.

Бӕрӕгбоны арфӕтимӕ нывгӕнджытӕм ӕрбацыдысты: РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Сӕбӕтхъуаты ӕхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдары хӕдивӕг Гуытъиаты Аслӕнбег, РЦИ-Аланийы национ фарстыты фӕдыл министр Цуциты Аслан, ӕхсӕнадон организациты разамонджытӕ ӕмӕ культурӕйы минӕвӕрттӕ.

Бӕрӕгбоны арфӕтӕ юбиляртӕн ракодта Сӕбӕтхъуаты ӕхсарбег ӕмӕ бакаст нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы арфӕйы фыстӕг.

«Уӕ архайд, уе сфӕлдыстад кӕддӕриддӕр бӕрӕг дардзысты Ирыстоны аивадон къӕбицы. Сымахӕн уӕ бон у рӕстӕг бауромын, ӕмӕ фыссын ирон адӕмы царды истори нывкӕнынады фӕрцы. Сӕрыстыр стӕм, канд Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр уӕ нӕмттӕ зындгонд кӕй сты, уымӕй».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕ кадджын хӕрзиуджытӕй бӕрӕгбон нӕ ацыд. Майдан «Ирыстоны намыс»-ӕн лӕвӕрд ӕрцыд Абысалты Юрийӕн. Цӕгат Ирыстон-Аланийы адӕмон нывгӕнӕджы ном саккаг кодтой Айларты Таймуразӕн ӕмӕ Къуымӕриттаты Аркадийӕн.

РЦИ-Аланийы Кады гӕххӕттытӕ райстой: Абайты Аркади, ӕлбегаты Руслан, Ульянӕ Гончарова, Деметы Ибрагим, Дзиуаты Аслӕнбег, Анастасия Еграфова, Зӕнджиаты Таймураз, Хъарданты Бэлӕ, Зинаида Кулиева, Иван Николаенко, Харебаты Давид ӕмӕ Цогойты Батрадз.

РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гӕххӕттытӕ райстой: Джыккайты Мурат, Дзукъаты Николай, Кӕркуысты Роберт. Парламенты арфӕйы гӕххӕтт та лӕвӕрд ӕрцыд Цъӕхилты Сергейӕн.

Юбилейон изӕр фӕцис концертӕй.

Саутӕты Тамилӕ

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here