Кавказы рагондӕр театры истори — къамты

0
232

Дзӕуджыхъӕуы Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры байгом историон-документалон равдыст «Кавказы таурӕгъон театр».

Ацы проект царды уагъд ӕрцыд фонд «Фыдыбӕстӕйы истори»-йы хъӕппӕрисӕй. Равдысты фенӕн ис театры истори ӕвдисӕг къамты экспозици.

150 азы размӕ император Михаил Романов бафыста хъуыддаджы гӕххӕтт Дзӕуджыхъӕуы театры бӕстыхай саразыны тыххӕй. Равдыст дӕр уыцы зӕрдылдарӕн цауы фӕдыл арӕзт ӕрцыд.

— Театры аз ахӕм сфӕлдыстадон цауӕй кӕй фӕвӕййы, уый нымайӕм хорзыл. Мах хъуамӕ зонӕм, нӕ республикӕйӕн ӕмӕ нӕ театрӕн цы хъӕздыг истори ис, уый. Мӕн уырны, равдыст фенынмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон йе ‘рмӕджытимӕ ӕхсызгонӕй кӕй базонгӕ уыдзысты, уый, — загъта равдыст аразӕг Хӕбӕлаты Фатимӕ.

Равдыст кусдзӕн 11 декабрмӕ.

Хуыгаты Элинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here