Футбол. Уӕрӕсейы чемпионат. Дыккаг къорд

0
307

Ивгъуыд сабат ӕмӕ хуыцаубоны Уӕрӕсейы Хуссар зонӕйы чемпионаты ерысгӕнӕг командӕтӕ ацы аз акодтой фӕстаг хъӕзтытӕ.

Дзӕуджыхъӕуы командӕтӕ зымӕгон каникултӕм ацӕуыны размӕ сӕ радон фембӕлдтыты дыууӕйӕ дӕр рамбылдтой ӕмхуызон 1:0 хыгъдӕй.

«Алани» уазӕгуаты фембӕлд Новороссийскы «Черноморец»-имӕ. Фысымты командӕ нымад у къорды тыхджындӕр командӕтӕй иуыл ӕмӕ ныртӕккӕ ахсы 3-аг бынат. Йӕхи фӕзыл хъазгӕйӕ «Черноморец», кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тырныдта фӕуӕлахиз уӕвынмӕ.

Хъазт дӕргъвӕтин рӕстӕг цыд хъазуатонӕй, уымӕн ӕмӕ «Алани» дӕр йӕ размӕ сӕвӕрдта ӕрмӕстдӕр фӕуӕлахиз уӕвыны нысан.

Дыууӕ командӕйы дӕр сарӕзтой къордгай ныббырстытӕ, фӕлӕ дзы иуӕн дӕр пурти йӕ ныхмӕлӕууӕджы хызы бакъуырын нӕ бантыст 80-ӕм минуты онг. Ӕрмӕстдӕр уӕд нал фӕцарӕхстысты фысымтӕ «Алани»-йы хъазӕг Саулохты Давиды цӕфӕй сӕ дуар бахъахъхъӕнынмӕ, ӕмӕ хыгъд ссис 1:0 уазджыты пайдайӕн.

Цы дӕс минуты ма сын баззад, уым фысымтӕ архайдтой хыгъд сӕмхуызон кӕныныл, фӕлӕ сын дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ ахӕм фадат нӕ радтой.

Нӕ командӕйы сӕйраг ныхмӕлӕууӕг, Астрахӕны «Волгарь» уыцы бон йӕхи фӕзыл фембӕлд, ныртӕккӕ 9-ӕм бынат чи ахсы, уыцы дагестайнаг командӕ «Легион-Динамо»-имӕ. Сӕ хъазт ахицӕн 1:1 хыгъдӕй, ӕмӕ «Волгарь» ӕмӕ «Алани»-йы ‘хсӕн баззад 4 очкойы.

Ацы аз фӕстаг хъазт фӕрӕстмӕ нӕ иннӕ командӕ «Спартак»-ӕн дӕр. Йӕхи фӕзыл фембӕлд, къуырийы размӕ «Алани»-йӕн Махачкалайы тыхджын ныхкъуырд чи радта, уыцы «Анжи»-имӕ. Дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ ацы хъазты се ‘ппӕт тыхтӕй бацархайдтой уазджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууыныл ӕмӕ сӕ дуары пурти батӕхын нӕ бауагътой. Сӕхӕдӕг та 43-ӕм минутыл Гатыгкоты Давиды цӕфы фӕстӕ 1:0 скодтой хъазты хыгъд. «Спартак» уыцы бон фыццаг хатт фӕуӕлахиз, ацы азы чемпионаты цы 18 хъазты акодта, уыдонӕй ӕмӕ фӕстаг бынатӕй схызт иу къӕпхӕн уӕлдӕр.

Ныр 2-аг къорды командӕты чемпионаты райдыдтой каникултӕ ӕмӕ ахӕсдзысты 14 мартъийы онг.

Уалдзӕджы ма командӕтӕ цы дыууадӕсгай хъазты акӕндзысты, уыдоны сбӕрӕг уыдзӕн, иннӕ аз нӕ Хуссар зонӕйӕ 1-аг къордмӕ чи схиздзӕн, уыцы иунӕг командӕ. Ирыстойнаг футболуарзджыты уырны, уыцы командӕ «Алани» кӕй уыдзӕн ӕмӕ улӕфты фӕстӕ, уалдзӕджы ноджы хъазуатондӕрӕй кӕй тырндзысты сӕ размӕвӕрд хӕс сӕххӕст кӕнынмӕ, уый.

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here