Ног физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекс

0
388

Мӕздӕджы цы кадджын ӕмбырд уыд, уым байгом кодтой ног физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекс.

Уый ӕрбынӕттон Уӕлахизы парчы фӕзуатыл.

Комплекс гом кӕнгӕйӕ, Мӕздӕджы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Олег Яровой куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй аразджытӕ зӕрдиаг куыст бакодтой ӕмӕ горӕты цӕрджытӕн балӕвар кодтой, сӕ рӕстӕг уӕнгрогӕй кӕм ӕрвитдзысты, ахӕм бынат.

Кадджын ӕмбырды фӕстӕ комплексы уайтагъд арӕзт ӕрцыдысты турниртӕ мини-футболӕй, волейбол ӕмӕ баскетболӕй.

Зӕгъын хъӕуы, ног объект политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы сӕрмагонд проект «Сывӕллӕтты спорт»-ы фӕлгӕты арӕзт кӕй ӕрцыд, уый дӕр. Уыимӕ, арӕзтады хӕрдзты иу хай республикӕ райста йӕхимӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here