Хӕрзхъӕддзинадмӕ — цӕстдард

0
442

Федералон проект «Горӕтаг удӕнцой уавӕрты арӕзтад» Ӕрыдоны, Дыгуры ӕмӕ ӕрӕфы районты куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уый сбӕрӕг кодтой ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг эксперттӕ. Цӕстдарӕн балцы архайдтой муниципалон хицаудзинады, арӕзтадон кусӕндӕттӕ ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттӕ дӕр.

Ӕмткӕй райсгӕйӕ, ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ ӕххӕстгонд куыстыты хӕрзхъӕддзинадӕй баззадысты разыйӕ.

— Аивгӕнӕн куыстытӕ фӕнывылдӕр сты. Бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ бӕрнон адӕймӕгтӕ ацы фарстмӕ се ‘ргом здахын райдыдтой раздӕрӕй фылдӕр. Аразджытӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц биноныгдӕр, — зӕгъы Адӕмон фронты регионалон штабы ӕмсӕрдар Цӕгӕраты Руслан.

Зӕгъӕм, ӕрыдойнӕгтӕ сӕ фӕллад уадзын кӕм уарзынц, уыцы каштанты аллейы асфальт баивтой, сӕвӕрдтой дзы къӕйтӕ, фӕхсбандӕттӕ ӕмӕ урнӕтӕ, стӕй дзы бафидар кодтой сӕрмагонд заказмӕ гӕсгӕ арӕзт цырӕгътӕ. Адӕм райгонд сты сӕ фӕлладуадзӕн аллейы рацарӕзтӕй.

Цыколайӕгтӕ дӕр фӕлладуадзӕн тӕлмы аив къӕйтӕй, къутӕртӕ ӕмӕ ӕмбондӕй, стӕй удӕнцой фӕхсбандӕттӕ ӕмӕ доны фонтанӕй разы сты, фӕлӕ ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ рафаудтой Дигорайы сывӕллӕтты хъазӕн фӕзы уавӕр.

— Объект аив кӕнын райдыдтой дыууӕ мӕйы размӕ. Пълангонд куыстытӕ кӕронмӕ ӕххӕстгонд не ‘рцыдысты. Ныртӕккӕ ноябр у, ӕмӕ боныхъӕд ӕвзӕрӕрдӕм кӕцы бон фӕивдзӕн, уый бӕрӕг нӕу. Цы аиппытӕ ӕрӕмбырд кодтам, уыдон горӕты муниципалитетмӕ барвыстам ӕмӕ нын цыбыр рӕстӕгмӕ дзуапп кӕй ратдзысты, ууыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, — зӕгъы Цӕгӕрайы-фырт.

Ацы аз проектмӕ гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны аивгонд цӕуы 12 ӕхсӕнадон тӕлмы ӕмӕ бирӕфатерон хӕдзӕртты 61 кӕрты. Адӕмон фронты активисттӕ сӕ цӕст дарынц куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ

Бӕдтиаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here