15 ноябры Цхинвалы паддзахадон университеты цы наукон-практикон конференци уыд, уым фембӕлдысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны мыхуыры кусджыты минӕвӕрттӕ.
Дыууӕ республикӕйы газетты, журналты ӕмӕ рауагъдӕдты кусджыты ‘хсӕн фидар бастдзинӕдтӕ рагӕй ис, фӕлӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ӕвзӕры ног домӕнтӕ, ӕмӕ уыдон лыг кӕнынӕн агурын хъӕуы ног мадзӕлттӕ. Дыууӕ республикӕйы мыхуыры бӕрнон кусджытӕ уыцы фарстытыл лӕмбынӕг ӕрдзырдтой сӕ фембӕлды.
Хуссар Ирыстонӕй конференцийы архайдтой зындгонд ахуыргӕндтӕ, журналисттӕ, мыхуыры куыстуӕтты разамонджытӕ. Цӕгат Ирыстонӕй конференцийы архайдтой республикӕйы мыхуыры ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты комитеты сӕрдар Фидараты Юри, газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редактор Хозиты Барис, газет «Северная Осетия»-йы сӕйраг редактор Битарты Маринӕ, газет «Слово»-йы сӕйраг редактор Олисаты Альбинӕ, журнал «Мах дуджы» сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ, журнал «Дарьял»-ы редакторы хӕдивӕг Саламты Таймураз, журнал «Ногдзау»-ы сӕйраг редактор Томайты Сергей.
Фидараты Юри фембӕлды рӕстӕг Тыбылты Алыксандры номыл университет ӕмӕ республикӕйы сӕйраг библиотекӕтӕн балӕвар кодта сӕдӕгай чингуытӕ.
Ӕмбырдмӕ цы фарстытӕ рахастой, уыдоны ‘хсӕн уыдысты, мыхуыры раз рӕстӕг цы цӕлхдуртӕ ӕвӕры, уыдон аиуварс кӕнынӕн мадзӕлттӕ агурын, кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕрӕй кусын, фӕсивӕды мыхуыры уагъд уацмыстӕм тынгдӕр ӕмхиц кӕнын. Дыууӕ республикӕйы минӕвӕрттӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнынц ацы фарстытыл ӕмӕ ӕмзонд-ӕмвӕндӕй кусдзысты сӕ сӕххӕст кӕныныл.
Уыцы лыггӕнинаг фарстытӕй иу у, цӕмӕй газеттӕ ӕмӕ журналтӕ сӕ рафысджытӕм афоныл хӕццӕ кӕной, цӕмӕй сын Уӕрӕсейы посты кусджытӕ сӕ размӕ цӕлхдуртӕ ма ӕвӕрой.
Конференцийы архайджытӕ хорз хъуыддагыл банымадтой ахӕм ӕмбырдтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ аразын.
Нӕ уацхӕссӕг