Цард нывыл кӕм у, социалон-экономикон рӕзт ӕппынӕдзух бӕрӕг кӕм дары, уыцы бӕстӕты адӕм зындзинӕдтимӕ къаддӕр ӕмбӕлынц, социалон ӕгъдауӕй бирӕ тӕссагдзинӕдтӕй сты хызт. Уӕрӕсе размӕцыд бӕстӕ схонӕн нӕма ис, фӕлӕ йӕ разамонджытӕ экономикон рӕзтыл кӕй архайынц, уый дӕр сусӕггаг нӕу.
Национ проект «Демографи»-йы фӕлгӕты стыр ӕргом аздӕхтӕуыд хистӕр фӕлтӕры уавӕрмӕ. Ис сӕрмагонд дӕлпроект, уымӕн дзуапдӕттӕг сты цалдӕр ведомствӕйы. Адӕмӕн куыстдӕттыны комитетмӕ ацы ран хауы пенсийы агъоммӕ кары граждӕнтӕн уӕлӕмхасӕн дӕсныйад райсыны тыххӕй фадӕттӕ скӕнын. Хъуамӕ 2019-2024 азмӕ дӕсныйад райсыны хъуыддаджы балӕууой 1518 адӕймаджы, алы аз дӕр — 253, уымӕн афӕдзмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 17,3 милуан сомы.
Проекты сӕйраг нысан у хистӕр фӕлтӕры куыстхъомдзинадыл бафтауын, пенсийы агъоммӕ адӕмы цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, цӕмӕй фӕллойадон базары ерысхъом уой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, ӕхсӕнадон хӕлцады, рог промышленносты, ахуырады кусӕг хистӕр кары адӕмы нымӕц чысыл нӕу. Уыцы куыстадон тыхты сифтонг кӕнын хъӕуы нырыккон дӕсныйӕдтӕй, арӕхстдзинӕдтӕй, технологон ногдзинӕдтӕй. Куы сӕ бафӕнда, уӕд ацы кары адӕймӕгты бон у ӕндӕр дӕсныйад райсын ӕмӕ ма уымӕй уӕлӕмхасӕн ӕфтиӕгтӕй фӕхайджын уӕвын.
Адӕмӕн куыстдӕттыны комитетмӕ чи ӕрхаты уыдон пенсийы агъоммӕ кары кӕй сты, уый ӕнӕмӕнгӕй документы бындурыл бавдисы Пенсион фонд. Ахӕм бадзырд ис дыууӕ ведомствӕйы ‘хсӕн. Уыимӕ, документ йӕхӕдӕг комитет бацагуры. Национ проекты ӕгуыст адӕмӕй уӕлдай архайынц, ныртӕккӕ кусгӕ чи кӕны, уыдон дӕр. Кӕнӕ сӕ ӕрбарвитынц сӕ куыстдӕтджытӕ кӕнӕ та комитет ӕмӕ йӕ дӕлхайӕдтӕ. Ӕгуыст граждӕнтӕн ӕртӕ мӕйы дӕргъы стипенди фидынц ӕппынкъаддӕр мызды бӕрц.
Проект царды рауадзыны агъоммӕ комитет 2018 азы бакуыста ахсджиагдӕр хъуыддӕгтыл. Цӕгат Ирыстоны гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институтӕн бахӕс кодта адӕмы бафӕрсын ӕмӕ базонын, тынгдӕр цавӕр дӕсныйӕдтӕ агуырд цӕуынц. Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад та бацӕттӕ кодта дӕсныйӕдтӕ райсынӕн ахуырадон фӕзтӕ. Уыимӕ, ахуырадон кусӕндӕттӕ ӕвзӕрст цыдысты ерысы бындурыл.
Ныртӕккӕ дӕсныйад райсыныл архайы 487 адӕймаджы. Уый пъланы нымӕцтӕй у фылдӕр, хардзгонд сыл цӕуы 12 669 254,60 сомы. Уыцы адӕмӕй 386 сты, ныртӕккӕ кусгӕ чи кӕны, ахӕмтӕ, 101 та — ӕгуыст. Стипенди сын азы кӕронмӕ бафиддзысты 2843856,16 сомы. Азы дӕргъы, 26 дӕсныйадыл адӕм сахуыр кӕныны нысанимӕ, бафыстӕуыд 96 бадзырды 16 ахуыргӕнӕндонимӕ. Сты уӕлдӕр, астӕуккаг ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады кусӕндӕттӕ Дзӕуджыхъӕуӕй суанг Мӕскуымӕ. Адӕмӕн куыстдӕттыны комитетӕн ӕмгуыстады бастдзинӕдтӕ ис социалон лӕггӕдты организацитимӕ, санатори «Ирыстон», «Газпром», «Цӕгкавказэнерго», кондитерон хӕдзар «Анечка», фыццӕгӕм поликлиникӕ, Ацӕргӕты хӕдзар, рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ ӕмӕ ӕндӕр куыстуӕттимӕ.
Ныртӕккӕ пенсийы агъоммӕ адӕм ахуыр кӕнынц хӕринаггӕнӕгыл, адджинӕгтӕ цӕттӕгӕнӕгыл, хуыйӕгыл, массажгӕнӕгыл, санитарыл, фыццаг медицинон ӕххуысгӕнӕгыл, ЭВМ-операторыл, бухгалтерыл, ӕндадзӕгыл, социалон кусӕгыл ӕмӕ ма ӕндӕр дӕсныйӕдтыл. Дӕсныйад райсыныл сахуыр кӕныны федералон программӕ ма пенсийы агъоммӕйы кары адӕмӕн дӕтты «Ворлдскиллс Уӕрӕсе»-йы гӕнӕнтӕй спайда кӕныны фадат. Нӕ республикӕйы ис цалдӕр ахӕм фӕзы — ӕрыдоны аграрон-технологон, Елхоты бирӕфадатджын ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы электроникӕйы колледжтӕ. Ныр 91 адӕймаджы «Ворлдскиллс Уӕрӕсе»-йы стандарттӕм гӕсгӕ ахуыр кӕнынц чъиритӕ кӕныныл, ӕндадзӕн технологитыл, рог автомашинӕтӕ цалцӕг кӕныныл, сисамайӕгыл, хъӕууонхӕдзарадон машинӕтыл кусыныл, графикон дизайныл.
Адӕмӕн куыстдӕттыны комитет, национ проект ӕххӕст кӕнгӕйӕ, йе ‘ргом аздӕхта цалдӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ. Растдӕр уаид стипенди ӕппӕт ахуырдзаутӕн дӕр фидын. Ӕртӕ мӕйы дӕргъы ахуырмӕ йӕ куыстӕй чи рацӕуы, уыдоны мызд фӕкъаддӕр вӕййы, фылдӕр сты сӕ хӕрдзтӕ транспортыл, ӕндӕр хъӕугӕ фӕрӕзтыл. Хъуамӕ фӕфылдӕр уа национ проекты архайджыты нымӕц, ӕрмӕст пенсийы агъоммӕ кары адӕм нӕ, фӕлӕ 50 азы кӕуыл сӕххӕст, уыдон дӕр дзы куыд архайой, афтӕ. Ацы фӕндӕттӕ республикӕйы Адӕмӕн куыстдӕттыны комитет арвыста Уӕрӕсейы Фӕллойы министрадмӕ.
Адӕмӕн куыстдӕттыны комитеты пресс-службӕ














