Сӕрмагонд федералон проектты фӕлгӕты 2024 азы онг Цӕгат Ирыстоны фӕлгонцгонд ӕрцӕудзысты бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты 632 кӕрты ӕмӕ 157 ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынаты.
Ахӕм нымӕцтӕ фехъусын кодта республикӕйы цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы азы куысты пъланмӕ хаст ӕрцыдысты 61 кӕрты ӕмӕ 17 ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынаты.
«Ӕппӕт нысангонд куыстытӕ дӕр азы кӕронмӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты. 61 бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзары кӕртытӕ ныридӕгӕн аивгонд ӕрцыдысты, ӕхсӕнадон бынӕтты рацарӕзт дӕр кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны», — загъта министр.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 2019 азы кӕртытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон бынӕттӕ цалцӕг кӕнынӕн дихгонд ӕрцыд 236,7 милуан сомы бӕрц (уыдонӕй 210 милуан сомы — федералон бюджетӕй, иннӕ фӕрӕзтӕ та радих кодтой республикон ӕмӕ муниципалон бюджеттӕй).
Нӕ уацхӕссӕг














