Ивддзинӕдтӕ — Дзӕуджыхъӕуы бюджетмӕ

0
426

Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты ӕмбырды депутаттӕ сӕ сессийы равзӕрстой горӕты бюджетон политикӕимӕ баст фарстытӕ.

Фыццагдӕр уал депутаттӕ ивддзинӕдтӕ бахастой 2019 азӕн ӕмӕ 2020 — 2021 азтӕн конд бюджетмӕ, алыхуызон гуырӕнтӕй ӕхца ӕрбафтыд ӕмӕ сӕ бахъуыд хӕрдзтӕм гӕсгӕ дих кӕнын. Горӕты финансон управленийы хицау Цохъты Хъазыбег куыд радзырдта, афтӕмӕй бюджеты ӕфтиӕгты хай фӕфылдӕр артаджы-сӕрдӕн ӕрмӕджыты акцизты ӕмӕ хъалонтӕй ӕфтиӕгты фӕрцы.

Цохъы-фырт куыд бацамыдта, афтӕмӕй акцизтӕй ӕфтиӕгтӕ — 2,21 миллиард сомы, барвитын хъӕуы горӕты Фӕндаггон фондмӕ, хъалонтӕй ӕфтиӕгтӕ та — 50 милуан сомы, Сабырдзинады проспекты цалцӕггӕнӕн куыстытӕн. Уыимӕ 50 милуан сомы сты ацы азы ӕфтиӕгтӕ, 2020 азы цы 100 милуан сомы ӕрбафтдзӕн, уыдон дӕр лӕвӕрд цӕудзысты Сабырдзинады проспекты куыстытӕн. Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады куыстгонд цы 20 милуан сомы не ‘рцыд, уыдон, ӕмӕ горӕттӕаразыны къабазы фӕстауӕрцгонд ӕхцайӕ «СпецЭкоСервис»-ы кусджытӕн бафиддзысты мызд.

Скъолайы агъоммӕ кусӕндӕттӕн баххуыс кӕнынӕн, ӕмӕ ма рӕвдауӕндӕтты цур ног 36 къорды кӕй байгом, уый тыххӕй сын радих кӕндзысты 20,3 милуан сомы. Сессийы ма байхъуыстой, 2019 азы 9 мӕйы бюджет ӕххӕстгонд куыд ӕрцыд, уый хатдзӕгтӕм дӕр. Цохъты Хъазыбеджы ныхасмӕ гӕсгӕ, бюджеты ӕфтиӕгтӕ уыдысты 3692,3 милуан сомы, ома, пъланы бӕрӕггӕнӕнтӕн сӕ 71,2 проценты. Уыдонӕй хи хъалонты ӕмӕ ӕнӕхъалонты ӕфтиӕгтӕ уыдысты 1 644,0 милуан сомы. Хи ӕфтиӕгты хъалон ӕххӕстгонд ӕрцыд 69,4 процентӕй, фаронимӕ абаргӕйӕ, 9,5 проценты фӕфылдӕр сты.

Хӕрдзты хай рауад 3645,6 милуан сомы, ома, пъланы бӕрӕггӕнӕнтӕн сӕ 68,6 проценты, хӕрдзтӕ фаронимӕ абаргӕйӕ, 12 проценты фылдӕр фесты. Фараст мӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕфтиӕгтӕ хӕрдзтӕй 46,7 милуан сомы фылдӕр рауадысты. Ӕхца баззадысты ахуырад ӕмӕ граждӕнты кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй раивыны субвенцитӕй. Бынӕттон бюджетӕн фараст мӕйы дӕргъы йӕ сӕйраг хӕрдзтӕ баст уыдысты мызд бафидынимӕ, социалон зӕрдӕдарӕнтимӕ, коммуналон лӕггӕдтимӕ ӕмӕ исбонад фӕдарынимӕ.

Муниципалон программӕтӕ ӕххӕст кӕнынӕн иумӕйагӕй хардзгонд ӕрцыд 3 323,1 милуан сомы. Цохъты Хъазыбег куыд загъта, афтӕмӕй фараст мӕйы дӕргъы бюджетон къабазы кусджытӕн афойнадыл фыстой мызд, цӕрджыты раз сӕм цы социалон хӕстӕ ис, уыдон дӕр сӕххӕст кодтой.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here