Аминӕ Захаровайы ӕнтыст

0
400

Дзӕуджыхъӕуы А.С. Пушкины номыл 7-ӕм скъолайы 3-ӕм къласы ахуырдзау Аминӕ Захарова фӕуӕлахиз ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Литературон Уӕрӕсе»-йы.

Не ‘мзӕххон хуыздӕрыл нымад ӕрцыд номинаци «Аивадон ныхас»-ы.

Аминӕ Гуырдзыбеты Иринӕйы уацмыс «Горы» куыд аивӕй бакаст, уымӕн домаг жюрийы уӕнгтӕ скодтой стыр аргъ (се ‘хсӕн уыдысты Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы уӕнгтӕ дӕр).

Фӕстӕдӕр Аминӕ Цӕгат Ирыстоны номӕй архайдзӕн Адӕмон энциклопедийы академийы ӕппӕтуӕрӕсеон инновацион проект «Мӕ Уӕрӕсе»-йы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here