Самбисттӕ рамбылдтой дыууадӕс хӕрзиуӕджы

0
528

Самбойӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕ 17-21 ноябры цыдысты Кӕсӕг-Балхъары  сӕйраг горӕт Налцыччы. Ерыстӕ цыдысты ӕрыгӕтты (2002-2003-ӕм азты) ӕмӕ фӕсивӕды (2000-2001 азты гуырд) лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты ‘хсӕн. Ӕдӕппӕтӕй сӕ  арӕхстдзинад ӕвдыстой 300 спортсмены.

Ирыстоны лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ Налцыччы рамбылдтой дыууадӕс хӕрзиуӕджы. Уыдонӕй ӕхсӕз сты сыгъзӕрин, иу ӕвзист, фондз та бронзӕ майдантӕ.

Ӕрыгӕтты (2002-2003 азты гуырд) ерысты нӕ лӕппутӕй фесгуыхт Байсонгъуырты Алыксандр. Цы цыппар ныхмӕлӕууӕгимӕ фембӕлд, уыдонӕй ӕртӕйы рамбылдта сыгъдӕгӕй. Ӕрмӕстдӕр йӕ фӕстаг ныхмӕлӕууӕгӕн бантыст нӕ лӕппуйы ныхмӕ кӕронмӕ фӕлӕууын, фӕлӕ уый дӕр фӕхӕрд 2:7 хыгъдӕй ӕмӕ Байсонгъуырты Алыксандр бацахста 1-аг бынат 52 кг онг уӕзы. Ацы кары ма фыццаг бынат бацахста Гаглойты Элинӕ. Уый дӕр хӕцыд 52 кг онг уӕзы, ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг чызджытӕй никӕмӕн бантыст йӕ цырд архайдӕй сӕхи бахъахъхъӕнын.

Алыксандр ӕмӕ Элинӕйӕ уӕлдай ма нӕ ӕрыгон самбисттӕ рамбылдтой цыппар бронзӕ майданы: Колыты Тамерлан (56 кг), Георгий Гусев (+87кг), Ксения Дьяченко (56 кг) ӕмӕ Четиты Алинӕ (60 кг).

Нӕ чызджытӕ ноджы тынгдӕр фесгуыхтысты фӕсивӕды (2000-2001 азты гуырд) ерысты. Турниры фӕтк бар лӕвӕрдта ацы каримӕ, уыдонӕй кӕстӕр чи у, ахӕм чызджытӕн дӕр сӕ хъарутӕ бавзарынӕн. Нӕ чызджытӕ кӕд 15-16-аздзыдтӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ ныфс бахастой сӕхицӕй хистӕртимӕ сӕ тыхтӕ бавзарынмӕ ӕмӕ цыппарӕй бацахстой 1-аг бынӕттӕ.

Гаглойты Элинӕ ацы кары дӕр фӕуӕлахиз йӕ ныхмӕлӕуджытыл ӕмӕ  1-аг бынат бацахста 52 кг онг уӕзы. Афтӕмӕй ссис Цӕгат Кавказы федералон зылды дыууӕ хатты уӕлахиздзау. Нӕ иннӕ чызджытӕ Ксения Дьяченко (56 кг) ӕмӕ Четиты Алинӕ (60 кг) сӕ бронзӕ майдантӕм бафтыдтой, ноджыдӕр ма фӕйнӕ сыгъзӕрин хӕрзиуӕджы. Уыдонӕй дыууӕ азы хистӕр Хуыбылты Алинӕ дӕр бафӕзмыдта йӕ кӕстӕр ӕмбӕлтты ӕмӕ сыгъзӕрин майдан рамбылдта           70 кг онг уӕзы.

Ацы кары нӕ лӕппутӕй 1-аг бынат бацахсын никӕмӕн бантыст. Хуытыгаты Дзамболат (82 кг) хӕстӕг уыд уыцы нысанмӕ, фӕлӕ кӕронбӕттӕны иу чысыл фӕкъуылымпы ӕмӕ бацахста 2-аг бынат. Нӕ иннӕ лӕппу Александр Шакиров та 3-аг бынатмӕ рацыд, 52 кг онг уӕзы хӕцгӕйӕ.

Нӕ самбистты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Гаситы Петр, Козаты Алан, Колыты Игор, Тъуриты Тенгиз, Гӕбӕраты Автандил, Илья Циклаури.

Козаты Алан куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ фӕсивӕд сӕхи лӕмӕгъӕй нӕ равдыстой, фӕлӕ нӕ бон уыд лӕппуты ерысты хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ равдисын.»Хъыгагӕн, нӕ лӕппутӕй цалдӕрӕн фадат нӕ фӕци ерысты архайынӕн, ӕндӕр гӕнӕн уыд, ӕмӕ нӕ лӕппутӕн бантыстаид иуы бӕсты ӕртӕ — цыппар сыгъзӕрины рамбулын».

Уырны нӕ: нӕ фӕсивӕды стырдӕр уӕлахизты кой нырма иу ӕмӕ дыууӕ хатты  нӕ фехъусдзыстӕм.

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here