Национ проекттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц

0
237

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз сӕрдариуӕг кӕм кодта, уыцы ӕмбырды архайджытӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ загътой, Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынимӕ баст национ проекттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый тыххӕй.

Национ проекттӕ «Цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ горӕтаг алфамблай», «Экологи», «Ӕдас ӕмӕ хӕрзхъӕд автомобилон фӕндӕгтӕ» царды рауадзынӕн профилон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕтӕн цы ӕнтысы, цавӕр мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд ныридӕгӕн, дарддӕр цы хъуыддӕгтыл хъӕуы бакусын, ууыл ныхас цыд ӕмбырды. Архайдтой дзы хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты, Парламенты, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.

— Ӕнӕ бафиппайгӕ нӕй, национ проектты фӕлгӕты бирӕ мадзӕлттӕ арӕзт кӕй цӕуы, уый. Зӕрдӕмӕдзӕугӕ у куыстыты хӕрзхъӕддзинад, фӕлӕ хъӕуы иудадзыгон цӕстдард, куыстытӕй раст хатдзӕг скӕнын ӕмӕ нысантӕ сӕвӕрын, — ӕмбырды райдайӕны бафиппайдта республикӕйы Хицауады Сӕрдар.

Ӕмбырды ныхас цыд цалдӕр национ проектыл.

РЦИ-Аланийы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Касаты Таймураз ӕрдзырдта, регионалон проект «Цӕрӕнуӕттӕ» куыд ӕххӕстгонд цӕуы, ууыл. Куыд загъта, афтӕмӕй 2019 азы арӕзт ӕрцыд 128 мин квадратон метры цӕрӕнуӕттӕ, уый у, цы нысан кӕнынц, уымӕн йӕ 85 проценты. — Ацы национ проекты сӕйраг хӕс у ног арӕзтӕдтӕ ӕппӕт инженерон ӕмӕ транспортон инфраструктурӕйӕ сифтонг кӕнын, скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, ӕндӕр социалон объекттӕ дзы саразын.

Республикӕйы цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн ӕмбырды архайджытӕн радзырдта, горӕты цӕрджытӕн сӕ цард ӕнцонвадатдӕр скӕнынӕн, стӕй адӕмы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй раивыны хъуыддаджы министрад цы мадзӕлттӕ аразы, уый тыххӕй. Куыд загъта, афтӕмӕй уыцы хӕрдзтӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 87,4 милуан сомы.

— Ныртӕккӕ республикӕйы алы районты 35 хӕдзары нымад ӕрцыдысты кӕлӕддзӕгтыл, цӕры дзы 419 бинонтӕ, кӕнӕ 1117 адӕймаджы. 2024 азмӕ сӕ цӕрӕн бынӕттӕ хъуамӕ баивой. Уый тыххӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн 19 мин квадратон метры ног цӕрӕнуӕттӕ. Национ проект «Экологи»-йы фӕлгӕты кусынц регионалон проекттӕ «Сыгъдӕг дон» ӕмӕ «Коммуналон хауӕццӕгтимӕ архайӕг комплексон системӕ». Ацы фарстыл ныхас кӕнгӕйӕ, Тамайы-фырт загъта, республикӕйы ӕппӕт доны системӕ инвентаризацигонд кӕй ӕрцыд, уыимӕ донцъирӕнты уавӕр дӕр. Нуазыны сыгъдӕг дон парахатӕй хъуамӕ алы хӕдзармӕ дӕр хӕццӕ кӕна. Куыстытӕ уал райдайдзысты Алагиры, Уӕллаг ӕмӕ Дӕллаг Бирӕгъзӕнджы, Ходы. Цалдӕр азы размӕ ацы районы чъизи доны тыххӕй адӕм рынчындонмӕ бахаудысты.

Министрмӕ цы фарстытӕ лӕвӕрдтой, уыдонимӕ уыд быронӕфснайӕн полигонты арӕзтад дӕр.

«Сыгъдӕг бӕстӕ», «Нӕ хъӕдтӕ бахъахъхъӕнӕм» ӕмӕ «Доны объекттӕ бахъахъхъӕнӕм» — ацы национ проектты архайы Цӕгат Ирыстон. Уый тыххӕй бӕстон радзырдта РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министр Мамиаты Чермен.

Уыналы хауӕццӕгты бынат ӕхгӕд цӕуы. Уыцы хӕрдзтӕн лӕвӕрд ӕрцыд 405 милуан сомы. 240 милуан сомы та — Фыййагдоны хауӕццӕгтӕ сӕхгӕнынӕн. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, куыстытӕ афӕдзы кӕронмӕ ахицӕн уыдзысты. Фидӕны ам уыдзӕн бӕлӕстӕ сагъд, рӕсугъд цъӕх фӕз.

Ирыстоны хъӕдты фонд у 177 мин гектары бӕрц. Алывӕрсыг зылд сӕм цӕуы, ӕлхӕнынц ног техникӕ зынгсирвӕзтӕй бахъахъхъӕнынӕн, хъӕдгӕстӕн ӕххуысӕн машинӕтӕ, ӕндӕр уӕззау техникӕ.

Экологон ӕгъдауӕй цӕстдард цӕуы Бехъаны ӕмӕ Мӕздӕджы цадтӕм.

Министрмӕ цы фарстытӕ лӕвӕрдтой, уыдон баст уыдысты Терчы дон ӕмӕ Доны станцӕйы уавӕримӕ.

РЦИ-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарады комитет бацӕттӕ кодта ӕмӕ кусы ӕртӕ национ проектыл.

Регионалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, уыцы фӕндӕгты фӕзуат хъуамӕ 53 проценты фӕфылдӕр уа, уыимӕ, хъуамӕ дзуапп дӕттой ӕппӕт домӕнтӕн дӕр.

— 2019 азы кӕронмӕ ахӕццӕ сты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕхсӕз объектыл, сӕ дӕргъ — 6 километры. Дзӕуджыхъӕуы фӕндӕгтӕ арӕзт ӕрцыд 33,2 километры, куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц. Республикӕйы бюджетӕй радих кодтой 7 милуан сомы, хардзгонд ӕрцыдысты, фӕндаггон фыдбылызтӕй тӕссаг кӕм у, уыцы фӕндаджы уаццӕгты уавӕрмӕ базилынӕн.

Национ проекты бындурыл комитет бафыста 40 бадзырды, сӕ аргъ — 732 милуан сомы, уыдонӕй 27 контракты ӕххӕстгонд ӕрцыдысты, — загъта комитеты сӕрдар Солиты Тариэль.

Нӕ республикӕйы фӕндӕгты уавӕр хорзӕрдӕм кӕй ивы, уый тыххӕй загътой ӕмбырды архайджытӕ дӕр.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here