Мӕскуыйы байгом медиафорум

0
193

Ацы бонты Мӕскуыйы байгом этникон ӕмӕ регионалон дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты III медиафорум. Ӕмбырдмӕ рахастой патриотизмы темӕ нырыккон дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты, йӕ этникон рахӕцӕнтӕ.

Ӕмбырды архайдтой Мӕскуыйы Национ политикӕ ӕмӕ регионты ‘хсӕн бастдзинӕдты департаменты разамонӕг Виталий Сучков, Этносты ‘хсӕн журналистикӕйы гильдийы президент Маргаритӕ Лянге, Уӕрӕсейы Журналистты цӕдисы сӕрдар Владимир Соловьев, ӕндӕр бӕрнон адӕймӕгтӕ. Владимир Соловьев йӕ раныхасы куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты патриотизм алы хатт ӕвӕрццӕгӕй не ‘вдисынц. «Махмӕ хауы ахӕм фӕтк сфидар кӕнын, цӕмӕй патриотизм кӕддӕриддӕр баст уа Фыдыбӕстӕйӕн кад кӕнынимӕ, йӕ сӕраппонд архайынимӕ», — загъта Владимир Соловьев.

Медиафорумы архайы 350 адӕймаджы Уӕрӕсейы 57 регионӕй, уыдонимӕ сты дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты 200 минӕвары. Цӕгат Ирыстонӕй форуммӕ абалц кодта делегаци, йӕ сӕргъы — Мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты минӕвӕрттӕ. Нысантӕм гӕсгӕ хъуамӕ форумы равзарой регионалон патриотизм бынӕттон национализмӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, фӕсивӕдон ӕмӕ сывӕллӕтты газеттӕ, журналты патриотон ӕрмӕджытӕ куыд фысгӕ сты, уыдӕттӕ.

Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытӕй нациты ӕмӕ дины хуызты ‘хсӕн ахастдзинӕдты тыххӕй хуыздӕр ӕрмӕджытӕ чи ныффыста, уыдон медиафорумы фӕлгӕты хорзӕхгонд ӕрцыдысты лӕвӕрттӕй.

РЦИ-Аланийы Мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here