Ирон самбист ссис дунейы чемпион

0
378

Хуссар Къарейы сӕйраг горӕт Сеулы фӕд-фӕдыл ацыдысты чемпионаттӕ самбойы дыууӕ хуызӕй.

Фыццаг гауызыл сӕ лӕгдзинад ӕвдыстой самбойы хӕстон хуызӕй хӕцӕг спортсментӕ.

Уӕрӕсейаг самбисттӕ ацы хуызы цы фараст уӕзы ерыс кодтой, уыдонӕй фыццаг бынӕттӕ бацахстой ӕхсӕзы. Нӕ бӕстӕйы командӕйӕн 82 кг онг уӕзы хӕцыд Кодзаты Аслан. Уый тох кодта цыппар ныхмӕлӕууӕгимӕ ӕмӕ се ‘ппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз. Йӕ фыццаг ӕртӕ ныхмӕлӕууӕгӕй  рамбылдта, ерысты фӕткмӕ гӕсгӕ тохӕн цы рӕстӕг нысангонд вӕййы, уымӕй раздӕр. Асланы тыхджын ныббырстытӕн кӕронмӕ фӕлӕууын бафӕрӕзта, ӕрмӕстдӕр кӕронбӕттӕны кӕимӕ тох кодта, уыцы туркменаг самбист. Аслан ыл фӕуӕлахиз очкотӕм гӕсгӕ ӕмӕ ссис хӕстон самбойӕ фыццаг ирон дунеон чемпион.

22-аздзыд Кодзаты Асланӕн йе спортивон фӕндаг райдыдта дзюдойӕ. Йӕ фыццаг тренер уыди Айларты Ирбег. Асланыл 17-ӕм аз куы цыди, уӕд скъола каст фӕци ӕмӕ ахуырмӕ бацыд Бетъырбухы Уӕлдӕфон-космосон ӕфсӕддон академимӕ. Ӕнтыстджынӕй йӕ каст фӕци ӕмӕ ныртӕккӕ лейтенант Кадзайы-фырт службӕ кӕны Бетъырбухы, Уӕрӕсейы 6-ӕм ӕфсады. Самбойы хӕстон хуызыл фӕцалх академийы ахуыр кӕнгӕйӕ. Сӕрмагонд тренер ын абон дӕр нӕма ис. Уый тыххӕй Аслан зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ спортмӕ ӕппынӕдзухдӕр ӕхсайдта ӕмӕ ахуырӕй уӕгъд рӕстӕг тырныдтон самбо, дзюдо, бокс  кӕнӕ кикбоксингӕй кӕм цыдысты ахуыртӕ, уырдӕм. Афтӕмӕй, мӕхи бафӕлвӕрдтон самбойы хӕстон хуызӕй ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди. 2018 азы Уӕрӕсейы чемпионаты бацахстон 2-аг бынат, нӕ бӕстӕйы Кубок рамбулыныл ерысты та мын бантыст уӕлахиздзау суӕвын. Ацы аз Уӕрӕсейы чемпионаты бацахстон 1-аг бынат ӕмӕ балцӕг райстон дунеон чемпионатмӕ. Сеулы ерыстӕ уыдысты тынг цымыдисаг. Уӕрӕсейаг спортсментӕ, цы нӕлгоймӕгтӕ, цы чызджытӕ — сӕхи тынг сӕрӕнӕй равдыстой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕн нӕ фӕндыди уыдонӕй фӕстӕдӕр баззайын. Мӕ ныхмӕлӕуджытӕй уӕлдай хъазуатондӕр хӕст кодта кӕронбӕттӕны кӕимӕ фембӕлдтӕн, уыцы туркменаг самбист. Бӕрӕг уыд, уый фӕлтӕрдджын самбист кӕй у, ӕмӕ самбойы сусӕгдзинӕдтӕ хорз кӕй зоны, уый. Ӕз тырныдтон, уый дӕр сыгъдӕгӕй рамбулынмӕ, фӕлӕ мын нал бантыст ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн очкотӕм гӕсгӕ. Раст зӕгъгӕйӕ, ныртӕккӕ службӕ кӕнгӕйӕ цас хъӕуы, уый бӕрц рӕстӕг нӕй спортӕн, фӕлӕ  ӕфсады командӕгӕнӕг инӕлар-лейтенант Александр Дуплинский у спортыл ӕнувыд адӕймаг. Мӕнмӕ хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ мын фадат ратты ерыстӕм цӕуынӕн ӕмӕ мӕхи цӕттӕ кӕнынӕн дӕр. Ӕз дзы тынг бузныг дӕн уый тыххӕй. Ӕз абон дӕр бузныг дӕн мӕ фыццаг тренер Айларты Ирбегӕй дӕр. Уый мын бауарзын кодта дзюдо,  уымӕй цы зонындзинӕдтӕ райстон, уыдон мын тынг баххуыс сты мӕ абоны спорты хуызы дӕр. Самбойы хӕстон хуызы пайдайы хос сты куыд самбойӕн йӕхи сусӕгдзинӕдтӕ, афтӕ дзюдо, уӕгъдибар хъӕбысхӕст, бокс, кикбоксингӕй кӕй райсай, уыцы зонындзинӕдтӕ».

Гъе, ахӕм куыстуарзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕппу у Кодзаты Аслан.

Ӕппӕт уыцы миниуджыты фӕрцы ссис йӕ уӕзы дунейы ӕппӕты тыхджындӕр самбист, ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы ноджы стырдӕр сгуыхтдзинӕдтӕ!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here