Зӕрдылдарӕн цауты кадӕн

0
271

28 ноябры Знауыры районы цӕрджытӕ сбӕрӕг кодтой дыууӕ зӕрдылдарӕн цауы — Знауыры поселочы 90 азы ӕмӕ зынгзӕрдӕ революционер Айдарты Знауыры райгуырды 130 азы.

Районы администрацийы пресс-службӕйы «Рес»-ы уацхӕссӕгӕн куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй уыцы зӕрдылдарӕн цауты кадӕн арӕзт цӕуынц рухстауӕн, хиирхӕфсӕн ӕмӕ ӕндӕр дзыллон мадзӕлттӕ. Зӕгъӕм, поселочы юбилейы кадӕн концерты архайдтой Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны зындгонд артисттӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон коллективтӕ.

Районы администрацийы культурӕйы хайады хицау Тедеты Ноннӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, Ирыстоны историйы сӕрмагонд бынат ис Айдарты Знауырӕн. «1929 азы Оконайы хъӕуӕн лӕвӕрд ӕрцыд хъӕбатыр революционер Айдарты Знауыры ном. Фӕстӕдӕр районы администрацийы агъуысты цур Айдары-фыртӕн сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕн. Цӕгат Иры чи райгуырд, уыцы хъӕбатыр йӕ цард снывонд кодта Хуссар Иры ног цардарӕзт парахат кӕнынӕн. Айдары-фырт адӕмы ‘хсӕн кодта уӕрӕх рухстауӕн куыст, Гуырдзыстоны меньшевикты фӕлывд митӕ ӕргом кодта. 1919 азы гуырдзиаг меньшевикты ныхмӕ растады рӕстӕг Знауыр уацары бахауд», — радзырдта Тедеты Ноннӕ.

Айдары-фырт райгуырд Терчы облӕсты Хъӕдгӕроны хъӕуы 1889 азы ноябры. 1914 азӕй фӕстӕмӕ уыд Коммунистон партийы уӕнг, йе ‘мцӕдисонтимӕ бындур ӕрӕвӕрдта ирыстойнаг большевикты организацийӕн. Уыд Гуырдзыстоны мидбӕстон хӕсты архайӕг. 1919 азы гӕрзифтонг быцӕуы рӕстӕг гуырдзиаг меньшевиктӕ Айдары-фырты уацары райстой ӕмӕ йӕ фехстой.

1931 азы Оконайы районӕн радтой Знауыры ном.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here