Црауыхъӕуккаг Уырымты Бӕдзе ӕмӕ Мыстулаты Залиханӕн бонтӕ хастой фарн. Цоты цинӕй сӕхи рӕвдыдтой. Сӕ цыппар лӕппуйы ӕмӕ иунӕг чызгыл ӕрхъӕцмӕ дӕр нӕ хъӕцыдысты.
— Цы тӕхудиаг сты Уырымтӕ, ахӕм хӕрзӕгъдау кӕстӕртӕ кӕмӕн ис, — дзырдтой хъӕубӕстӕ.
Ӕфсымӕртӕ рахъомыл сты. Фӕллой кӕнын райдыдтой. Зивӕг нӕ кодтой куыстмӕ. Сӕ бӕллиццаг цардмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст райдыдта. Црауы фӕсивӕд цыдысты ӕфсадмӕ. Цыппар хӕстоны ацыд Уырымты хӕдзарӕй дӕр. Ӕфсымӕртӕ Тӕтӕрхъан, Коля, Темырхъан ӕмӕ Хӕмӕтхъан ныййарджытӕн фӕдзӕхстой:
— Уӕ зӕрдӕ нӕм ма ‘хсайӕд. Тагъд уӕм Уӕлахизимӕ зындзыстӕм.
Хӕсты арт цыренӕй-цырендӕрӕй сыгъдис. Бӕдзе ӕмӕ Залихан ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ хъӕбулты хабӕрттӕм. Ӕртӕкъуымон фыстӕджытӕ уыдысты сӕ зӕрдӕты цин.
Рӕстӕг цыд, фӕлӕ Уырымты хӕдзарӕн ницы хорздзинад хаста. Тӕтӕрхъаны зианы хабар сыхъуыст хӕсты быдырӕй. Ныййарджыты уӕнгтӕ ныррызтысты. Ӕдзард хӕстоны бинойнаг Бубускӕйы зӕрдӕ нырхӕндӕг.
Црауы раздӕры хистӕртӕ хорз хъуыды кодтой Тӕтӕрхъаны. Куыста Алагиры районы финансты хайады, уыдис Црауы хъӕусоветы нымӕрдар. Алы ран дӕр йӕхи уарзын кодта адӕмӕн.
Хӕст банцад… Фӕллад хӕстонтӕ здӕхтысты сӕ хӕдзӕрттӕм… «Мӕ иннӕ лӕппутӕй ма исчи уӕддӕр куы фӕзынид», — уыдис Бӕдзейы бӕллиц. Фӕлӕ уыдон дӕр нал сӕмбӕлдысты сӕ райгуырӕн къонайыл.
Уырымты ӕфсымӕрты-иу се ‘мгӕрттӕ арӕх ӕрымысыдысты. Коляйы кой ӕнӕракӕнгӕ никуы фесты. Бӕзӕрхыгтӕ, хӕрзконд уыдис. Црауы лӕппутӕй йӕ ничи ӕмбылдта кафынмӕ. Хъазты-иу йӕ къахфындзтӕ куы ӕрсагъта, уӕд-иу ыл адӕм сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Уӕдӕ фӕллойы дӕр фӕстӕдӕр никӕмӕй ӕрлӕууыдаид. Куыста колхоз «Раздзоджы» быдырты. Хӕст ӕй ӕрӕййӕфта Астӕуккаг Азийы. Бинонты ӕнӕфенгӕйӕ ацыдис карз тохмӕ.
Хъӕубӕстӕй Уырымты ӕфсымӕрты хӕстон фӕндӕгты тыххӕй бӕлвырд хабӕрттӕ ничи зыдта. Алкӕй тыххӕй дӕр мын Црауы хистӕртӕ фӕкодтой хъарм ныхӕстӕ.
— Мӕнӕй цалдӕр азы кӕстӕр уыд Темырхъан, фӕлӕ дыууӕ ‘фсымӕры цард кодтам. Куыста хъӕуы дуканийы. Никӕмӕй баззад хъӕстагӕй. Архайдта адӕмӕн лӕггад кӕныныл, — дзырдта Бекъойты Дзедзикӕ.
Ӕфсымӕрты кӕстӕр Хӕмӕтхъан ӕрыгонӕй райдыдта фӕллой кӕнын. Раздӕр куыста колхоз «Раздзоджы» быдырты. Арӕхстджын къухты хицау уыдис. Сыхы сывӕллӕттӕн-иу ацарӕзта алыхуызон хиирхӕфсӕнтӕ. Йӕ лӕппуйы кармӕ куы бахӕццӕ, уӕд афтыд Донбассмӕ. Фӕстӕдӕр службӕ кӕнын райдыдта Сырх ӕфсады. Хӕст дӕр ӕй ӕрӕййӕфта уым.
Мах нӕ зонӕм Уырымты ӕфсымӕрты хӕстон сгуыхтдзинӕдтӕ, фӕлӕ нӕ фидарӕй уырны, Тӕтӕрхъан, Коля, Темырхъан ӕмӕ Хӕмӕтхъан ӕгаддзинад сӕ сӕрмӕ кӕй не ‘рхастой, уый. Зынаргъ сын уыди сӕ Райгуырӕн бӕстӕ. Бӕрзонд хастой хъӕубӕсты кад ӕмӕ намыс.
Тохсырты Къоста
Къамты (галиуӕрдыгӕй рахизӕрдӕм): Тӕтӕрхъан, Коля ӕмӕ Темырхъан.
Хӕмӕтхъанӕй къам нӕ баззад