Куыд иннӕ уӕрӕсейаг регионты, афтӕ Цӕгат Ирыстоны дӕр дарддӕр ӕххӕстгонд цӕуынц ныййарӕджы капиталы тыххӕй паддзахадон программӕйы мадзӕлттӕ. Уыимӕ, ацы программӕйы фӕрцы цӕстфӕливджытӕ бафӕлварынц адӕмы асайын.
Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, Уӕрӕсейы Пенсион фонды Цӕгат Ирыстоны регионалон хайад ныййарӕджы капиталы тыххӕй сертификатты хицӕуттӕм сиды, цӕмӕй алыхуызон цӕстфӕливӕн фӕлтӕрӕнтӕм къӕрцхъус уой, ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарой — сертификаты фӕдыл ӕппӕт архайдтытӕ дӕр кӕнын хъӕуы Пенсион фонды специалистты ӕххуысӕй.
Куы иу, куы иннӕ ран дзыллон бынӕтты хъусынгӕнинӕгтӕ фӕзыны. «Кӕд дӕ ныййарӕджы капиталы ӕхца райсын фӕнды, уӕд фӕдзур ахӕм телефонӕй…», «Ныййарӕджы капиталы сертификаты ныхмӕ дӕттӕм ӕхца» ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъусынгӕнинӕгтӕ телефонты номыртимӕ цӕстфӕливджытӕ транспорты ӕрлӕууӕн бынӕтты ӕрцауындзынц. Ныр ахӕм хъусынгӕнинӕгтӕ мыхуыр кӕнын райдыдтой Интернеты хызӕджы дӕр.
УФ-йы Пенсион фонды цӕгатирыстойнаг хайад адӕмы зӕрдыл лӕууын кӕны, ахӕм адӕмы «лӕггӕдтӕ» ӕнӕзакъон архайд кӕй сты, уый. Уыимӕ, тӕссаг у, сертификаты фӕрӕзтӕ фесафынӕй дӕр, стӕй уголовон ӕфхӕрд баййафынӕй дӕр.
Ныййарӕджы капиталы тыххӕй сертификаты фӕрӕзтӕй куыд спайда кӕнӕн ис, уый рагӕй бӕлвырд у. Пенсион фонды специалисттӕ адӕймагӕн йе ‘ппӕт фарстытӕн дӕр бӕстон дзуаппытӕ ратдзысты, стӕй йын бацамондзысты, сертификаты фӕрӕзтӕ иу кӕнӕ иннӕ хуызы спайда кӕнынӕн цавӕр гӕххӕттытӕ саразын хъӕуы, уый фӕдыл дӕр.
Ныййарӕджы капиталы тыххӕй сертификатимӕ баст фарстытӕ бадӕттӕн ис ахӕм телефонтӕй дӕр: 40-97-10, 51-80-92.
Кънаттаты Маринӕ